Нæ республикæйы Культурæйы министрад радон хатт бацæттæ кодтой цымыдисон программæ февралы мæйæн. Ацы мæйы кæддæриддæр уагъд фæцæуынц, æрвылазон кадджын бæрæгбон – Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн бацæттæгонд мадзæлттæ. Фæлæ ма уымæй уæлдай цæрджытæ зонгæ кæндзысты æмæ хайад исдзысты æндæр æмæ æндæр культурон мадзæлтты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрады пресс-секретарь Хуыгаты Аланæ нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй 3-æм февралы изæрæй 18:30 сахатыл ирон аивадуарзджытæн фадат уыдзæнис радон хатт сывæллæтты мюзикл «Æфсымæртæ»-мæ бакæсын паддзахадон драмон театры сценæйыл.

9-æм февралы изæры 19:00 сахатыл киноконцертон зал «Чермен»-ы та уыдзæнис хуссарирыстойнаг эстрадон къорд «Звездный Юг»-ы хæрзаудæн концерт «Внуки легендарных дедов», зæгъгæ, ахæм номимæ.

10-æм февралы изæры 18:30 сахатыл театрдзаутæн радон хатт Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры артисттæ сæ зæрдæтæ барухс кæндзысты комедион спектакль «Дон Жуан»-æй.

13-æм февралы 14:00 сахатыл нæ горæты Æвзæнгты библиотекæйы банысан кæндзысты зындгонд æмæ курдиатджын инженер Гаглойты Рутены 135 азы юбилей. Библиотекæйы бакæсдзысты лекци ахæм темæйыл: «Гаглойты Рутен – фыссæг æмæ инженер». Уымæ хуынд цæуынц цымыдисгæнæг цæрджытæ. 13-æм февралы ма изæрæй 18:30 сахатыл ирон аивадуарзджытæн фадат уыдзæнис радон хатт ансамбль «Симд»-ы концертмæ бакæсын, кæцы уагъд цæудзæнис театры.

21-æм февралы боны 13:00 сахатыл Республикон сывæллæтты библиотекæйы Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн уыдзæн бæрæгбонон изæр. Æнгæс мадзал уагъд æрцæудзæн Æвзæнгты библиотекæйы боны 14:00 сахатыл.

22-æм февралы изæры 18:00 сахатыл паддзахадон драмон театры сценæйыл сфæлхатт кæндзысты премьерон спектакль «Фæстаг æвдисæн».

23-æм февралы Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн Афганистаны хæсты ветерантимæ фембæлд уыдзæнис Национ музейы боны 11:00 сахатыл.

26-æм февралы паддзахадон драмон театры 18:30 сахатыл уыдзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист, дзæнæттаг Галуанты Людæйы мысæн концерт «Пусть побеждает нас любовь»

                            Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.