Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадыл 16 азы сæххæсты бæрæгбоны цытæн Президент Гаглойты Алан фембæлд РХИ-йы фыццаг æмæ æртыккаг президенттæ Цыбырты Людвиг æмæ Тыбылты Леонидимæ.

Гаглойты Алан раарфæ кодта йæ размæ кусæг президенттæн, кæцытæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, саргъгæнæн кæмæн нæй, ахæм хайбавæрд бахастой Хуссар Ирыстоны хицауиуæгдзинады рæзты хъуыддагмæ.

«Абон республикæ нысан кæны  йæ сæйрагдæр бæрæгбонтæй сæ иу – Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымады бон. Хуссар Ирыстон уæззау æмæ зынвæндæгтыл кæмæ цыд, уыцы нысаниуæгджын бонæй рацыд 16 азы», –  загъта уый.

Йæ рады Республикæ Хуссар Ирыстоны фыццаг Президент Цыбырты Людвиг  банысан кодта, зæгъгæ, уыцы бон республикæйæн у иууыл ирддæр бæрæгбон.

«Ацы бон, кæцыйы размæ уыд 2008 азы августы хæст цæрæнбонтæм баззадис нæ мысынады, куыд иууыл амондджындæр бонтæй сæ иу, афтæ. Мах уымæ бирæ цыдыстæм, уæззау фæндæгтыл рацыдыстæм. Мæ сæрæй ныллæг кувын Владимир Владимиры фырт Путинæн æмæ Дмитрий Анатолийы фырт Медведевæн махæн ахæм хъысмæтскъуыддзаггæнæн уынаффæйы сæраппонд», – загъта уый.

Цыбырты Людвиг Гаглойты Аланæн ныфс бавæрдта йæ фарсхæцынадæй.

Йæ рады æртыккаг Президент Тыбылты Леонид Гаглойты Аланæн бузныг загъта, фембæлдмæ йæ ахæм нысаниуæгджын бонмæ кæй фæхуыдта, уый тыххæй.

«16 азы размæ Уæрæсейы Федераци сбæрæг кодта адæмы æмæ æнæхъæн Хуссар Ирыстоны хъысмæт. Ацы бон у нысаниуæгджын бон нæ историйы. Нæ республикæйæн мæ фæнды дидинæфтыд æмæ сабырдзинад, æмæ Людвиг Алексийы фырт куыд загъта, афтæ мах цæттæ стæм алыварсон æххуысмæ дæр», – загъта уый.

Президенты барамындæй Цыбырты  Людвиг  æмæ Тыбылты Леонид хорзæхджын æрцыдысты «В ознаменование 15-летия победы в Отечественной войне народа Южной Осетии»-йы юбилейон майдантæй.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.