Президент Гаглойты Алан фембæлд РХИ-йы Контролон-нымайæн палатæйы сæрдар Плиты Алымбегимæ.

Уынаффæ кодтой, Контролон-нымайæн палатæ ГУП «Ирбис» æмæ РГУП «Энергоресурс – Хуссар Ирыстон»-ы цы басгæрст ауагъта, уый фæдыл. Басгæрсты æрмæджытæ æрвыст æрцыдысты Генералон прокуратурæмæ.

Плиты Алымбег  Президентæн фехъусын кодта, зæгъгæ, фыццаг кварталы ауагътой фараст контролон мадзалы, уыдонæй аст кæронмæ фесты.

Уымæй дарддæр, паддзахадон бюджеты фæрæзтæ хардз кæныны закъондзинад ифтонг кæныны фæдыл ауагъдæуыд  финансон экспертизæ Контролон-нымайæн палатæйы  функцитæ æххæст кæныны фæлгæтты æмæ арæзт æрцыд хатдзæгтæ Хуссар Ирыстоны закъæттæн: «Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй», «Республикæ Хуссар Ирыстоны Социалон фонды тыххæй» РХИ-йы закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны  Хъалонты Кодексы 131 уацы 1-аг хаймæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй».

Контролон-нымайæн палатæйы сæргълæууæг ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъ­гæ, комплексон басгæрст уагъд цæуы «Югосетнефтепродукт»-ы паддзахадон æртаггæнæн станцы. Планы ма сын ис Ленингоры рынчындон æмæ Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад басгарын.

Президент банысан кодта сгарæн мадзæлттæ рауæрæх кæныны ахсджиагдзинад, сæрмагондæй та, дыууæ кæнæ фылдæр бынæтты чи кусы, уыдон сбæрæг кæныны фæдыл.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.