Знон Хуссар Ирыстоны Президент йæхимæ райста Воронежы областы делегацийы минæвæртты. Уазджытæ Хуссар Ирыстонмæ æрвыст æрцыдысты Воронежы областы губернатор Алексей Гордеевы хъæппæрисæй. Уый сæ æрæрвыста æмæ сын бахæс кодта, цæмæй бакусой, Воронежы область æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн цы хорз æфсымæрон ахастытæ ис, уыдон фæарфдæр кæныныл.

Фембæлды раныхас кодта РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид. Уый уазджытæн зæрдæбынæй раарфæ кодта се ‘рцыды тыххæй. Уый фæстæ æрдзырдта, Хуссар Ирыстон цалдæр азы размæ цы уæззау уавæры бахауд, адæм сæ цард цахæм æмвæзадыл кодтой æмæ уыцы мæгуырау дугтæ æмæ рæстæгæй куыд рахызтыстæм, уый тыххæй. Уыимæ Президент банысан кодта, зæгъгæ, абон бæрæг нæу æнæ Уæрæсейы уæды æмæ абоны æххуысæй, цахæм уавæры уаиккам, уый. Уæрæсе алы хъуыддаджы дæр æнусты дæргъы лæууыд нæ фарсмæ. Советон Цæдис куы фехæлд,  адæмты цард куы схæццæ, уæд фылдæр уæз кæуыл æрцыдис, уыдонæй, зæгъгæ, стæм мах дæр.

Æмæ, æцæгæйдæр, зындзинæдтæ бирæ адæмтæн уыд, фæлæ Хуссар Ирыстоны адæмы хуызæн уæззау уавæрты ничи бахаудта.

– Ныр Уæрæсейы æххуысæй цæрæм хæдбар паддзахады, – дзырдта Президент. Уыимæ банысан кодта хæсты фæстæ аразын цы бантыст æмæ ма аразинæгтæ цы ис, уыдон дæр.

Президент фембæлды сæйраг хъусдард аздæхта хъæууонхæдзарадон фарстатæм. Уый банысан кодта, зæгъгæ, кæд Хуссар Ирыстон хауы аграрон республикæмæ, уæддæр ацы къабазы раппæлæн ницæмæй ис. Ис дзы, зæгъгæ, бирæ рарасткæнинаг фарстатæ æмæ нын ацы хъуыддаджы баххуыс кæнын кæй фæнды, уыдон хъуамæ се ‘ргом аздахой хъæууонхæдзарадон фарстатæ æрбæстон кæнынмæ.

– Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонæн цы зиæнттæ ракодта, уыдон миллиардтæ сты. Мах хуызæн чысыл республикæйæн æнæ искæйы æххуысæй ахæм уа-вæрæй æнцон рахизæн нæу. Æрвылаз дæр Уæрæсейæ цы финансон æххуыс исæм, уыдон хардз цæуынц сæ нысаниуæгмæ гæсгæ. Ацы фарстыл дызæрдыг мачиуал хъуамæ кæна. Уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны кусынц Уæрæсейы Нымайæн палатæйы минæвæрттæ, – банысан кодта Президент.

Президенты ныхæстæм гæсгæ, цухдзинæдтæ ис адæмы куыстæй ифтонг кæныны хъуыддаджы, фæлæ ныфс æвæры, уавæр кæй хуыздæр кæны æмæ дарддæр дæр кæй хуыздæр кæндзæнис, уый тыххæй.

Фембæлды ма сæ хъуыдытæ æмæ фæндиæгтæ загътой Воронежы областы Хицауады сæрдары хæдивæг Елена Фадеева, областы департаменты экономикон размæцыды къухдариуæггæнæг Анатолий Букреев, Воронежы горæтон Думæйы горæты зылды сæргълæууæджы æххæстбарджын минæвар Плиты Маринæ æмæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын ми-нæвар Къарджиаты Эльбрус.

Уый фæстæ уазджытæ æмæ Президент кæрæдзийæн бакодтой лæвæрттæ.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.