Фæстаг дыууæ къуыри цы тæрккъæвдатæ уарыд, уыдон дзæвгар зиан ракодтой нæ хъæууон хæдзарадæн, хъæууон цæрджытæн. Фехæлдысты фæндæгтæ, ивылд дæттæ аластой цалдæр хиды. Цалдæр хъæуы та тыхдымгæты фæстиуæгæн æнæ рухсæй баззадысты. Цъыфы зæй æрцыд Транскавказы автомагистралы дæр.

Знауыры районы Хъорнис, Цъорбис æмæ Сихиаты хъæуты донивылд фæндæгтæ фехæлдта æмæ аласта æртæ хиды. Ацы хъæуты фæстаг къуыри дыккаг хатт уыд их æмæ донластытæ.

Раздæр къуыри та тæрккъæвда разиан кодта Дзауы районæн. Бирæ хъæутæм фæндæгтæ фехæлдысты, рацыдысты цъыфы зæйтæ. Цхинвал æмæ Ленингоры хъæутæй дæр иуæй иутæ æвыдæй нæ баззадысты. Районты коммуналон службæтæ администрациты хæслæвæрдмæ гæсгæ уавæр вазыгджындæр кæм у, уырдæм ацыдысты æмæ иуварс кæнынц тæрккъæвдаты фæстиуджытæ. Уыдон æрмæст фæндаг сыгъдæг кæныныл нæ кусынц, фæлæ ма хидты бынты дæр сыгъдæг кæнынц дурты цæдтæ бæлæсты къалиутæ æмæ æндæр ахæмтæй. Ацы куыстытæ коммуналон службæты ныхæстæм гæсгæ фæуыдзысты 2-3 бонмæ. Кæд æмæ та сæ ног тæрккъæвда не ‘рыййафа, уæд.

Тæрккъæвдатæ рафыдбылыз кодтой æрмæст хъæутæн нæ, фæлæ ма нæ горæты хицæн уынгты цæрджытæн дæр. Бирæ хисæрмагонд хæдзæртты, ныккæндтæ байдзаг сты донæй æмæ сæ сæнцъирыныл куыстой уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ. Банысан хъæуы уый æмæ ахæм цау фыццаг хатт нæу.

Æрдзон бæллæхты аххосæй ацы аз цæугæдæттæ сæ былтæй нæ ракалдысты, уымæн æмæ сæ рæстæгыл сфидар кодтой.

УАЗÆГТЫ Марфæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.