Дзырд «ахуыргæнæг» æвзæрын кæны фæлмæн æмæ хъарм æнкъарæнтæ! Цалдæр нысаниуæджы ис ацы дзырдæн: «хъомылгæнæг», «фарнхæссæг», «зондамонæг», «æгъдауыл аудæг». Уыцы миниуджытæй се ‘ппæтæй дæр хайджын у, абон уын цы уæздан сылгоймаджы кой кæнын, уый.  Ахуыргæнæджы дæсныйад  у йæ ныхыфыст.

Гаглойты Азæ Павелы чызджы ном хорз зындгонд у хуссарирыстойнаг адæмæн йæ диссаджы педагогон курдиатæй. Знон, 17-æм июлы Азæ йæ уарзон бинонтимæ, йæ хиуæттимæ банысан кодта йæ юбилейон райгуырæн бон.

Уымæн йæ къухты æнцонтæй æфтыд йæ ахуыргæнинæгтæм историйы предметмæ цымыдисдзинад сæвзæрын кæнын. Азæ хъомыл кодта интеллигентон бинонты ‘хсæн. Йæ фыд Павел уыд Советон Гуырдзыстоны сгуыхт ахуыргæнæг. 15-аздзыдæй Гаглойты Павел кусын райдыдта Знауыры районы Хъорнисы хъæуы скъолайы. Уый у Хуссар Ирыстоны педагогон институты фыццаг рауагъдонтæй сæ иу, Тыбылты Алыксандры уарзон студент. Йæ ахуыргæнинæгты ‘хсæн  ис бирæ аккаг æмæ зынгæ адæймæгтæ. Азæйы дада æмæ дадайы фыд дæр се ‘мхъæуккæгты ‘хсæн уыдысты зынгæ рухстауджытæ. Сауджын Гаглойты Алыксандр йæхи сæрмагонд хæдзар балæвар кодта скъолайæн. Æмæ йæ дада Давиды хо Дарья та рæзгæ фæлтæры хъомылады хъуыддаджы йе стыр лæггæдты тыххæй Хуссар Ирыстоны ссис Ленины ордены фыццаг кавалер. Ахæм ратæдзæнтимæ чызджы фæндаг раджы фæбæрæг.

Азæ ахуыр кодта Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъолайы. Куыд тынг хорз ахуырдзау, афтæ йæ ахуыргæнджытæн уыд уарзон хъомылгæнинаг. Æвзыгъд уыд музыкæмæ, уарзта балет. Цымыдис кодта алцæмæ дæр – аивадмæ, зонадмæ… Скъолайы фæстæ йæ ахуыр адард­дæр кодта Хуссар Ирыстоны педагогон институты. Чызджы æрдзон курдиат фæбæрæг 3-æм астæуккаг скъолайы педагогон практикæйы рæстæджы. Азæ йæ фыццаг урок куы ауагъта, уæд зынгæ ахуыргæнæг Абайты Эсмæ цингæнгæйæ бацыд  ахуыргæнджыты хатæнмæ æмæ раарфæ кодта Азæйы мад – 3-æм скъолайы ахуыргæнæг Лили Павелы чызгæн: «Уый æцæг урок уыд! Дæ чызгæн ахуыргæнæджы курдиат æрдзæй рахæсгæ у! Фæлтæрдджын ахуыргæнæгау  ауагъта  йæ урок!       Фондз!».

1970 азы студенттæм бахатыдысты, зæгъгæ, Ленингоры районы Сывæллæтты хæдзарæн хъæуы уырыссаг æвзагæй баххуыс кæнын. Уырдæм стыр разгардæй ацыдысты дыууæйæ – Азæ æмæ йе ‘ввахс æмбал Коцты Полинæ. Афтæ райдыдта студенткæ Азæйы педагогон куыст.  Бакуыста дзы фев­ралы мæйæ ахуыры азы кæронмæ. Ра­зæй йæм æнхъæлмæ кастысты паддзахадон фæлварæнтæ. Институт каст фæцис сырх дипломыл. Уыд  Маргарита Ованова, Юрий Ершов, Ромащенко, Прилипко, Саулохты Тамарæйы уарзон студенткæ. Алыхатт дæр дзы цæвиттон хастой. Институты кад-иу хъахъхъæдта шахматтæй республикон ерысты, йæхи фæлвæрдта поэзийы дæр.  Куыд хуыздæр студенткæ, афтæ йæ срекомендаци кодтой аспирантурæмæ. Философийæ кандидатон фæлварæн радтыны фæстæ йæм профессор Бендукидзе бахатыд, цæмæй дарддæр ацыдаид философийы хаххыл, фæлæ чызг уæддæр равзæрста педагогикæ.

1970 азтæй суанг зынгæ рацарзæты трагикон цауты онг, ома 20 азæй фылдæр  бакуыста историйы ахуыргæнæгæй 11-æм астæуккаг скъолайы. Цахæм арф æмæ ирд фæд хъуамæ ныууадзай дæ  ахуырдзауты зæрдæты æмæ дæ бирæ азты фæстæ дæр ма рох кæной, æрвылаз  дын дæ гуырæн боны цытæн арфæ кæной. Уый бирæ цæуылдæрты дзурæг у.  Азæ йæ ахуыргæнинæгтæн уыд хæрзæгъдаудзинады цæвиттон, уынаффæгæнæг æмæ  æцæг зæрдæхæлар хъомылгæнæг! Йæ рæстæг никуы бавгъау кодта бахъуыды сахат    адæймаджы фарс æрбалæууынæн.

Мæнæ цы дзурынц йæ ахуыргæнинæгтæ сæ уарзон хъомылгæнæджы тыххæй: «Стыр амонд у сывæллæттæн фæндагамонæг стъалы чи суа, ахæм ахуыргæнæгыл сæмбæлын, кæцы дæ сахуыр кæндзæн хорздзинад аразыныл, баххуыс дын кæндзæн Адæймаг суæвынæн. Махмæ, Цхинвалы 11-æм астæуккаг скъолайы раздæры ахуыргæнинæгтæм æрхаудта ахæм амонд. Ахæм ахуыргæнæг махæн уыд æмæ абон дæр ис. Азæ Павелы чызг æххæст у бирæ хорз миниуджытæй: ахуыргæнæджы курдиат, уды хъармдзинад, æддаг рæсугъд бакаст, куырыхон, быхсындзинад, æвидигæ энергийæ. Ахуыр нæ кодта истори чи зоны, адæмæн чи кад кæны æмæ сæ чи уарзы, ахæм адæймæгтæ суæвыныл. Уый гæнæн нæ уыд æмæ йын йæ эмоционалон уроктæм лæмбынæгæй ма хъуыстаис. Иумæйаг æвзаг ардта ныййарджытимæ дæр æмæ зынхъомылгæнæн сывæллæттимæ дæр. Иууыл диссаг дæр та уый у, æмæ мах иууылдæр, дунейы алы къуымты уæвгæйæ, абоны онг дæр ныхас кæнæм Азæ Павелы чызгимæ. Афтæ нæм кæсы, цыма æрмæст знон ацыдыстæм йæ урокæй», – радзырдта нын Кæсæбиты Ланæ.

Гæбæраты Наидæ: «Райдиан скъолайы фæстæ нæм 5-æм къласмæ æрбацыд нæ къласгæс æмæ историйы ахуыргæнæг Гаглойты Азæ. Æвзонг, рæсугъд, хæрзконд. Урок куы фæцис, уæд ралыгъдыстæм къæлидормæ æмæ иннæтæн æппæлын райдыдтам нæ рæсугъд ахуыргæнæгæй. Уый фæстæ уыдысты ахуыры азтæ… Ахæм энтузиазмимæ нын йæ зонындзинæдтæ кæй амыдта, уый мæ сразæнгард кодта мæ фидæны професси равзарынмæ. Мæ уарзон ахуыргæнæджы тыххæй бацыдтæн историон-филологон факультетмæ. Мæхи амондджыныл нымайын, ахæм ахуыргæнæджы къухы кæй уыдтæн, уымæй. Мæ сæрæй дын ныллæг кувын, Ахуыргæнæг!. Арфæ дын кæнын дæ юбилейы цытæн. Уадз, цард дын лæвар кæнæд æрмæстдæр æвæрццаг эмоцитæ æмæ хорз тæлмæнтæ!».

Йæ ахуырдзауты ныййарджытæй иу, Тыбылты Нинæ загъта: «Мæ сывæллæттæн сæ сæйраг урок, урокты пад­дзах уыд истори. Уыдон цæттæ уыдысты æхсæвæй-бонæй Азæ сын цы темæтæ радта, уыдоныл кусынмæ. Уый у æцæг Адæмон ахуыргæнæг».

«Хорздзинад никуы рох кæны. Никуы мæ ферох уыдзæн ды мын италиаг туфлитæ кæй балæвар кодтай, уый. Дардтон сæ бирæ рæстæджы æмæ стыр уарзондзинадимæ. Бирæ гуырæн бонтæ фæараз», – дзуры Гæззаты Заремæ.

Тыбылты Залинæ: «Азæ Павелы чызджы йæ ахуырдзаутæ цæрæнбонтæм бахъуыды кодтой иууылдæр. Сыгъзæрин адæймаг. Фæндыд нæ, цæмæй уыдаиккам нæ ахуыргæнæджы хуызæн куыд зонындзинæдтæй, афтæ уæлæдарæсы кондæй дæр. Бирæ, тынг бирæ уарзондзинад, зонындзинæдтæ æмæ тыхтæ радта йæ ахуырдзаутæн».

Гаглойты Азæ йæ цардæмбал зынгæ политикон архайæг Чехойты Анатолиимæ схъомыл кодтой æртæ тæхудиаджы хъæбулы – Наталья, Георги æмæ Залинæйы. Æртæ дæр фесты уæлдæр ахуыртæ æмæ аккаг бынат ссардтой  царды. Ссардтой сæ амæндтæ дæр. Кусынц сæ дæсныйæдтыл. Азæ æмæ Анатолийæн ис 9 хъæбулы хъæбулы. Уыдонæй иу у иннæмæй хуыздæр.  Йæ фырт Георгийы хистæр хъæбул  Давид у музыкæйæ бирæ конкурсты уæлахиздзау. 12-аздзыд Давидæн йæ бон у Шопен, Рахманинов, Скрябины уацмыстæ æххæст кæнын, кæд сæ музыкалон ахуыргæнæндоны ахуыр кæнынц, уæддæр.  Кæстæр лæппу дæр ныридæгæн ралæууы алыгъуызон мадзæлтты, концертты. Азæ бæллы йæ хъæбулы хъæбулты райгуырæн Цхинвалмæ æркæнынмæ, цæмæй сæ радтæг адæмæн радтой концерт æмæ сын сæ курдиатæй барухс кæной сæ зæрдæтæ.

Стыр ныфс у Азæ йæ хиуæттæн. Анатолиимæ цæрынц сæ лæппу æмæ сæ чындзимæ Мæскуыйы. Алыхатт дæр рæстæг ссары искæмæн исты хорзы бацæуыны тыххæй, уымæн æмæ  зæрдæхæлар сылгоймаг уымæй исы æхцондзинад. Кæддæриддæр цымыдис кæны йæ радтæг уарзон Хуссар Ирыстоны цаутæм. Йæ бон цас вæййы, афтæ баххуыс кæны йе ‘мзæххонтæн. Бирæтæн дзы Чехойты бинонтæ балæууынц рæдау фысымтæй дæр. Куыд фæз­æ­гъынц, хорздзинад никуы фесæфы, фæстæмæ æрбаздæхы æртывæрæй.

Азæ бирæ тыхтæ бахардз кодта Райгуырæн бæстæйы хорз фидæны сæраппонд. Журналист Лохты Дзамболат юбилярмæ йæ арфæйы фыссы: «Мæ зæрдыл лæууы 90-æм азты, Хуссар Ирыстонæн уæззау рæстæджыты Мæскуыйы нæ иумæйаг архайд.  Кокойты Тамарæ  (дзæнæттаг), Наниты Лев, Габуты Лианæ, Пухаты Ирæ æмæ Заирæ, Плиты Жаннæ æмæ Дали, Мæргъиты Инал, Хуыгаты Сæрмæт æмæ не ‘мзæххонтæй бирæтимæ куыд тырныдтам Хуссар Ирыстоны уæззау уавæры тыххæй фехъусын кæнынмæ. Æгæрыстæмæй, иу хатт Мæскуыйы Ленины проспект дæр æрæхгæдтам. Дæ цардæмбал Анатоли хицæнæй архайдта æмæ мах та – хицæнæй. Дæуæн, Азæ æмæ нæ чызджытæн бирæ бантыст саразын. Дыууæ цардæмбалæн бирæ бантыст сæ Ирыстонæн балæггад кæнын. Хъыгагæн, бирæтæ ацы цауы тыххæй нæ зонынц. Чи йæ зыдта, уыдонæй дæр ферох ис. Фæлæ мах архайдтам нæ зæрдæты фæсидтмæ гæсгæ, нæ радтæг æмæ уарзон Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн».

1977 азы 30-æм июлы Азæ æмæ Анатолийæн скодтой нæртон чындзæхсæв. Æвиппайды тæрккъæвда райдыдта æмæ Азæйæн йæ зæрдæ суынгæг, зæгъгæ, уый æвзæры нысан у. Фæлæ йæ фыдыхо,  зынгæ этнограф, профессор Гаглойты Зинаидæ (дзæнæттаг) æй æрсабыр кодта, зæгъгæ, адæм уый  амонды нысаныл нымайынц. Азæйæн йæ цæсгом ныррухс. Раст уыдис йæ фыдыхо. Дыууæ цардæмбалы ныр 47 азы дæргъы цæрынц æнгомæй æмæ кæрæдзи æмбаргæйæ. Бафæрæзтой сæ цардвæндагыл цы бирæ фæлварæнтыл сæмбæлдысты, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр! Алыхатт дæр æмæ алы хъуыддаджы дæр Азæ йе ‘мкъайæн йæхи равдыста æнувыд цардæмбалæй…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.