Æрæджы социалон хызæгтæй иуы мыхуыргонд æрцыд ахæм хъусинаг: «Ирыхъæуы консервон заводы кусджытæн æртыккаг мæй мызд нæ бафыстой».
Махæн журналисты професси бар дæтты, республикæйы хабæрттæ зонын, хæсджын нæ кæны уыдонмæ хъус дарынæй æмæ газеты фарсмæ объективон информаци хæссынæй. Уымæ гæсгæ нæ кусæгон къорд сфæнд кодта бынаты алцыдæр фенын, рæстдзинад сбæрæг кæнын.

Ныртæккæ заводы куыст ис райдианы къæпхæныл. Куыстуаты хъомысы æмæ продукци куыд уадздзæн, уыдæтты тыххæй нын бæстонæй радзырдта æмæ равдыста заводы директор Пæррæстаты Алан. Æрзылдыстæм заводы фæзуатыл æмæ аргъ скодтам ифтонггæрзтæн дæр. «Нæ республикæйы климат иттæг хорз у, зæх-хытæм зылд къорд азты нал цыд æмæ чысыл фæкъуырма сты. Мах архайæм быдыртæм хъацæнтæ афоныл бахæссыныл, донцух сæ нæ уадзæм æмæ фæззæджы фендзыстæм сæ хæрзиуджытæй нын нæ зæрдæтæ куыд барухс кæндзысты. Тыллæгæй эффктивонæй пайда цæудзæнис нæ заводы. Ныр та уал ахсджиаг цы уыд нæ куыстуатæн – инвентарæй, уыдон бынаты сты. Ис нæм фæсауæрц æвæрд банкæтæ, æхгæнæн сæртæ, этикеткæтæ. Мах архайдзыстæм, цæмæй нæ продукци суа Ирыстонæн йæ брендтæй сæ иу», – зæгъы заводы директор.

Тагъд скусдзæн консерваразæн завод, нырма уал уадздзæн кабачок (насы мыггаг) æмæ æхсынцъыйæ продукци сæдæгай тонтæй. Ныридæгæн завод ифтонг у хъæугæ кусæнгарзæй. Ног гæнæнты хъомыс егъау у. Цы дыууæ цехы дзы ис, уым сæ иуы уадздзысты консервтæ, иннæйы та фæткъуыйæ «пастила» къанфеттæ.

Фидæны ацы завод уыдзæн нæ республикæйы иууыл егъаудæр куыстуат. Афæдзмæ уадздзæн 180-200 мин тоннæйы продукци. Ныридæгæн заводы дæлбар сты «Ирыстоны быдыртæ»-йы дыргъбæлæстæ. Дыргътæм афоныл зылд æрцыд æмæ ратдзысты хъæздыг тыллæг. Бæлæсты ‘хсæнты ныссагътой пъамидортæ, болгайраг æмæ бынæттон цывзытæ. Тъбеты хъæуы сын цы быдыртæ ис, уым та кабачок æмæ настæ. Куыстуаты разамынады ныхæстæм гæсгæ дарддæр дæр районы агурдзысты бирæ азты дæргъы «улæфгæ» цы зæххытæ кодтой,  уыдон æмæ сæ скусын кæндзысты. Уым дæр ныссадздзысты алыгъуызон халсартæ æмæ сæ рауагъд продукцийы бæрцуат афтæмæй фылдæр кæндзæн.

Заводæн цæттæ у йæ административон корпус. Ам персоналæн кабинеттæй дарддæр уыдзæн лаборатори æмæ кусджытæ сихор кæм хæрой, ахæм стыр хæрæндон.

Лаборатори ифтонг уыдзæн нырыккон ифтонггæрзтæй. Ам фыццаджыдæр хъус дардзысты продуктты хæрзгъæддзинадмæ. Æппæт бæрæггæнæнтæ та нысан цæудзысты компьютерыл. Заводæн хицæнæй арæзт æрцыд ныккæнд дæр. Уым æфснайд цæудзæн цæттæ продукци.

Пæррæстаты Алан нын куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ нæ республикæмæ Уæрæсейы регионтæй æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийæ бирæ ласынц къансервтæ æмæ къафеттæ нæхимæ уагъд продукци уыдзæн бæрæг асламдæр æмæ фæлхасгæнæг æлхæндзæн бынæттон продукттæ. Куыстуаты æрбайгом стыр æххуыс уыдзæн хъæуты цæрæг адæмæн дæр. Заводы разамынад зæгъы, зæгъгæ, бадзырдтам районты администрациты сæргълæуджытимæ, цæмæй бынаты æрбайгом кæной исæн пункттæ, сæ тыллæг кæдæм хæссой, ахæмтæ. Æмтгæй заводы кусдзæн 250 адæймагмæ æввахс. Техникæ æмæ аппараттыл чи хъуамæ куса, уыдон ныртæккæ сты Цæгат Ирыстон-Аланийы сæрмагонд ахуырты. Нырыккон технологитæй пайда кæнын куыд растдæр у ууыл сæ ахуыр кæнынц, курсыты сын амонынц ног профессийы сусæгдзинæдтæ.

Уæлдæр куыд загътам, завод нырма не скуыста æмæ кусджытæ дæр нæма райста. Заводы территорийыл иугай адæймæгтæ   кодтой æфснайæн куыстытæ, иннæтæ та архайдта дыргътимæ. Заводы разамынады сусæгæй сæ мах аивæй афарстам, зæгъгæ, уæ куыстмызд райсут? Иууылдæр нын æмдзыхæй загътой æрвылмæй дæр кæй исынц сæ мызд. Быдыры халсартæ цы сылгоймæгтæ рывтой, уыдон дæр загътой æрвылкъуыри дæр нын   куыстмызд бафидынц.

P.S. Социалон хызæгты ахæм информаци чи ныффыста, ома, завод кусы, кусджытæн мызд нæ фидынц, зæгъгæ, уыдонæн хъуамæ бауайдзæф кæнон. Цæуылнæ аудæм кæрæдзийыл? Архайгæ чи кæны, уыдоны ныхмæ тох цæмæн кæнæм!? Галиу зондыл цæмæн ардаут адæмы?!

Нæ газеткæсджытæн та зæгъдзыстæм афтæ: Интернеты кæд бирæ хъæугæ информаци ис, уæддæр дзы иуæй-иу хызæгтæй парахат кæнынц негативон, ардауæн ныхас. Уымæ гæсгæ нæ зынаргъ газеткæсджытæ цалынмæ официалон информаци ма базонат, уæдмæ ахæм ницæйаг адæмæн хъуамæ ныхкъуырд кæнын фæразат. Уыцы информаци ныффыссæджы та бæргæ бафæрсин, ды дæхæдæг цы сарæзтай Ирыстонæн, зæгъгæ. Фæлæ кæй бафæрсæм? Тæппуд анонимты?

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.