Гениалон поэт, прозаик, публицист, тæл­мацгæнæг, нывгæнæг, ирон æвзаг æмæ ли­тературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайыл ацы аз 15-æм октябры 165 азы кæй æххæст кæны, уый тых­хæй æгас Ирыстоны, хуссары дæр æмæ цæ­гаты дæр арынц йе стыр ном.
Гениалон поэты юбилейы цытæн лите­ра­турон-аивадон æмæ зонадон-по­пу­лярон журнал «Фидиуæг»-ы редакци Ирыстоны Фысджыты æхсæнадимæ иумæ ра­сидт поэтикон конкурс. Конкурсы уагæ­вæрд развæлгъау мыхуыргонд æрцыдис газеттæ «Хурзæрин», «Рæстдзинад», «Юж­ная Осетия»-йы æмæ журнал «Фиди­уæг»-ы къорды социалон хызæджы. Уый тыххæй нын фехъусын кодта журналы сæйраг редактор Годжыцаты Нелли. Уый куыд ба­нысан кодта, афтæмæй ахсджиаг у, цæмæй Ирыстоны дзыллæ стырæй-чысылæй кад кæной Хетæгкаты Къостайы номæн, табу йын кæной йе ‘нæмæлгæ сфæлдыстадæн.
«Нæ поэтикон конкурсы расидты сæйраг нысан у литературон сфæлдыстады къа­базы ног курдиатджын адæм рабæрæг кæнын, дарддæр семæ бакусын æмæ сæ схъомыл кæнын, цæмæй ирон аив дзырды къæбиц бæркадджындæр кæна. Ацы кон­курс ауадзыны инициативæ сæрæй рацыд Цæгат Ирыстон-Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг, Цæгат Ирыстон æмæ Хуссар Ирыс­тоны адæмон артист, Республикæ Та­джикистаны культурæйы сгуыхт кусæг Цæ­риаты Валерийæ.
Æрæджы жюрийы уæнгтимæ куы ныхас кодтам, уæд афтæ бадзырдтам, цæмæй нæ конкурсы ерыс кæныны хъуыддаг ма уа. Кæй зæгъын æй хъæуы, равзардзыстæм хуыздæр чи фыссы, хуыздæр чи рæхсы, ахæмты. Конкурсы алкæцы хайадисæгæн нæм цыдæр зæрдæлхæнæн хъуамæ уа, цæмæй æхсызгонæй йæ зæрдыл лæууа. Конкурсмæ кæй æрбавдисой, уыцы поэ­тикон уацмыстæ хъуамæ фыст уой Хетæг­каты Къостайы цард, йе сфæлдыстад æмæ ирон адæмы царды йæ курдиаты ахадындзинады тыххæй. Уымæй дарддæр ма ацы конкурсы хайад райсын сæ бон у ирон æвзагыл фыст æмдзæвгæты автортæн, (сæ кармæ нæ кæсдзыстæм). Конкурсы уы­дзысты фыццаг, дыккаг æмæ æртыккаг бы­нæттæ, цыппæрæм бынат та у, чиныг­кæсæг, поэзиуарзæг кæй равзара, уый. Нæ фæндон у, цæмæй конкурсы хайадисджы­тæ уой, æрæджы чи райдыдта фыссын, ахæм автортæ», – загъта Годжыцаты Нел­ли.
Журналы редактор ма куыд банысан код­та, афтæмæй ацы поэтикон конкурсы хайад исынц Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй æмæ сæм ныридæгæн цы уацмыстæ æрба­хастой, уыдонæй йæ зæрдæ райы. Жюрийы сконды дæр сты, дыууæ Ирыстоны поэзийы жан­ры æнтысгæйæ чи кусы, ирон æвзаг æмæ литературæ чи зоны, ахæм адæ­й­мæгтæ.
«Нæ конкурс райдыдта фыццæгæм ию­лæй, æрмæджытæ тымбылгонд фестæм æмæ нæм ныртæккæ ис дыууын авторы куыстытæ ирон æвзагыл. Ацы автортæ се п­пæт дæр сты нæуджытæ. Фæлæ ма нæм уагæвæрдмæ гæсгæ æрбарвыстой уы­рыс­сагау фыст æмдзæвгæтæ дæр. Уыдон кон­­курсы хайад нæ исынц, фæлæ мы­хуыр­гонд æрцæудзысты журнал «Русское слово в Южной Осетии»-йы. Мах сæ ныри­дæгæн фæхæццæ кодтам ацы мыхуыры органы редакцимæ.
Фыццаг, дыккаг æмæ æртыккаг бынат, гæнæн ис, æмæ дыгæйттæ уой, уымæн æмæ дзы ис æмхуызон дзæбæх æмдзæв­гæтæ. Конкурсы чидæриддæр хайад райса, зæгъæм, лæмæгъ фыссы, нырма иттæг нæ рæхсы, фæлæ уæддæр батырныдта æмæ ха­йад райста, уыдонæн дæр уыдзæнис буз­ныджы гæххæттытæ, грамотæтæ, поэзимæ сæ уарзондзинады тыххæй арфæтæ. Ахæм уавæр нæ фæнды саразын, цæмæй йæхи уæлдайагæй мачи банкъара.
Зæрдиагæй нæ фæнды, цæмæй нæм æрбацæуа бирæ адæм, ирон аив дзырд æмæ Хетæгкаты Къостайæн чи табу кæны, кæй зæрдæмæ хъары ацы хъуыддаг, æп­пæт уыдон. Табуафси, хонæм алкæй дæр», – банысан кодта журналы редактор.
Годжыцаты чызг ма нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй хорзæхджын кæныны церемони ауадзын фæнд кæнынц 10-æм октябры Хетæгкаты Къостайы номыл пад­дзахадон драмон театры. Уым адæм базон­гæ уыдзысты конкурсы уæлахиздзаутимæ, чи­зоны, фидæны стыр поэттимæ.
Цытджын мадзалы программæмæ ма ис музы­калон номыртæ. Уыдон æххæст кæн­дзысты нæ республикæйы сфæлдыстадон къордтæ æмæ зарæггæнджытæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.