Цæмæн ныл батыхстысты Гуырдзыстоны разамынад

17 сентябры Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Ко­бахидзе, брифингы уæвгæйæ, ком­мен­тарий сарæзта политикон парти «Грузинская мечта»-йы бын­дурæвæрæг Бидзина Иванишвилийы ныхæстæн.

«Ныры онг Гуырдзыстоны разамынады позици æппынæдзух уыд ахæм, ома Хуссар Ирыстоны хæстон архайдтыты рæстæджы агрессор æмæ иници­атор уыд Уæрæсе. Цæмæдæр гæсгæ йыл нæ састыстæм, Гуырдзыстоны раздæры президент Михаил Саакашвили кæй райдыдта уыцы тугкалæн хæст. Уый та уымæн, æмæ нæ хъуыд­дæгтæ уыдысты Гаага æмæ Страсбур­гы тæрхондæтты æмæ нæ нæ уагъ­той ацы темæйыл рæстдзинад зæ­гъын. Фæлæ абоны бон уыцы тæрхоны про­цесстæ кæронмæ бахæццæ сты æмæ та нæм Саакашвилийы политикон парти ногæй сиды хæстмæ. Махæн æндæр гæнæн нал ис – хъуамæ не ‘хсæнадæн комкоммæ зæгъæм, 2008 азы Са­акашвилийы режим кæй ра­сидт хæст. Европæйы Советæн дæр ис растдæр ахæм позици, факттæн бамбæхсæн нæй. Уымæй уæлдай ма Гуырдзыстоны разамынады уыцы хæст­мæ разæнгард кодтой фæ­сарæнтæй», – банысан кодта Кобахидзе.
Æрæджы Иванишвили йæ раныхасы ба­нысан кодта, зæгъгæ Гуырдзыстонмæ ра­зындзæн уыцы хъару, цæмæй 2008 азы Са­акашвилийы парти «Единое национальное движение» цы хæст расидт Хуссар Ирыс­тоны ныхмæ, уый тыххæй хатыртæ ракура. «Нæ ирон хотæ æмæ æфсымæрты нын Саакашвили, фæсарæйнаг бæстæты бар­дзырд æххæст кæнгæйæ, судзгæ арты баппæрста. Мæн уырны, рæхджы бæрндзинадмæ кæй æркæндзысты аххосджынты, ирон-гуырдзиаг хæлардзинад чи ныппырх кодта, уыдон закъоны раз кæй сдзуапп кæндзысты», – бахахх кодта парти «Грузинская мечта»-йы бындурæвæрæг.
Иванишвилийы ныхæстæ Гуырдзыстоны бирæтæм хъыг фæкастысты, уæл­да­йдæр та – сæ хæстмондаг оппозицимæ. Кобахидзейы хъуыдымæ гæсгæ, Саакашвилийы парти æмæ иннæ оппозицион къорд­тæ ирæттимæ бафидауыны темæ­йыл сдзурын уымæн нæ уадзынц, æмæ 2008 азы æххæст кодтой фæсарæнтæй ист бардзырд. «Радикалон оппозицийæн ба­фидауыны кой трагедийы хуызæн у. Сæ нысан æхсæнад змæнтын æмæ хæцын у æмæ нæм сабырдзинад куы уа, уæд никæй уал хъæудзысты».
Гуырдзыстоны ныры разамынад тынг ӕнӕуынон сты ӕрмӕст оппозицийӕн нӕ, фӕлӕ ма Ныгуылӕн бӕстӕтӕн дӕр. Би­рӕ азты дӕргъы Ныгуылӕны спецслуж­бӕтӕ Гуырдзыстонӕй арӕзтой «антиуӕрӕсе» ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ укра­инӕгтау хӕсты цӕхӕры баппӕрстаиккой Уӕ­рӕсейы ныхмӕ. Фӕлӕ сын Иванишвили йӕ командӕимӕ не сразы, уымӕн ӕмӕ уыцы арты цӕхӕры сӕхӕдӕг дӕр кӕ­ронмӕ басыгъдаиккой.
Чизоны бирӕтӕ ахъуыды кӕной, зӕгъ­гӕ, сын ӕндӕр гӕнӕн нал ис, ӕмӕ бар-ӕнӕбары Уӕрӕсейы ‘рдӕм ӕрзилдзысты. Фӕлӕ куыд фӕдзурынц – «бирӕгътӕ иууылдӕр – къуыбырхъустӕ». Гуырдзыстоны элитӕтӕ ӕмӕ ма хуымӕтӕг цӕр­джыты фылдӕр хай дӕр рагӕй фӕстӕмӕ Уӕрӕсейӕ сӕхи дард исынц. Ӕрмӕст­дӕр куы фӕтыхсынц, уӕд лӕгъ­зӕв­загӕй дзурын фæцагайынц, цӕмӕй та сын бах­хуыс кӕной. Историйы ахӕм факттӕ – фагæй фылдæр. Цалдӕр хатт сӕ Уӕрӕсе скуынӕгӕй фервӕзын кодта ӕмӕ сын иухатт дӕр уыцы лӕггад бӕсты нӕ фӕ­цыд. Ӕрымысӕм ма, 90-ӕм азты Советон Цӕдис пырх кӕнынмӕ куы хъавыд, уӕд уыцы активон процессты хайадисджытӕ чи уыдысты? Гуырдзиӕгтӕ. Ӕгӕрыстӕмӕй ма Прибалтикӕйы разӕй дӕр куы фесты – уыдон Уӕрӕсемӕ рагӕй фӕстӕмӕ зна­джы цӕстӕй кастысты æмæ кӕсынц.
Кобахидзе, Иванишвили ӕмӕ иннӕтӕ архайынц, цӕмӕй сыл адӕм фӕстӕмӕ се ‘ууӕнк бафтауой. Кӕннод оппозици куы рамбула, уӕд сӕ фӕндаг ӕнӕмӕнг Са­акашвилийы бынатмӕ у, кӕнӕ та лидзинаг фӕуыдзысты сӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ. Ахӕм уавӕрты цахӕмфӕнды методтӕ дӕр хорз сты ӕвзӕрстыты рамбулынӕн. Ны­ридӕгӕн карз тох цӕуы оппозици ӕмӕ ны­ры разамынады ‘хсӕн. Кӕрӕдзи дӕл­дзиныг кӕнынц, цъыф калынц, хахуыртӕ мы­сынц. Ӕмӕ дарддӕр се ‘хсӕнады уа­вӕр ӕндыгъддӕр кӕндзӕн.
Ныры разамынадӕн йӕ позицитӕ хуыз­дӕр сты. Адӕмы фылдӕр хай нырма се ‘вварс сты. Стӕй йӕ хуымӕтӕг цӕр­джы­тӕ дӕр зонынц, 2008 азы Саакашвили кӕй расидт хӕст ӕмӕ та сӕ ныр дӕр кӕй фӕн­ды тыхы фӕрцы сӕ территориалон фарс­татӕ аскъуыддзаг кӕнын. Гуырдзиӕгтӕй нырма нӕ айрох сты 2008 азы хӕстон архайдтыты фӕстиуджытӕ, нæ ферох кодтой, цы зындзинӕдтимӕ сӕмбӕлдысты, цахӕм зиӕнттӕ баййӕфтой. Ӕмӕ сӕ кӕцӕй фӕнды, искӕцы политикы хӕс­тон авантюрӕйы хайадисджытӕ су­æвын.
Оппозицийӕн та йӕ тых ис йӕ финансон фӕрӕзты. Фӕсарӕнтӕй сӕм ӕп­пынӕ­дзух цӕуы егъау финансон ресур­стӕ. Уымӕ гӕсгӕ сӕхирдӕм зилынц алыгъуызон политикон ӕмӕ фӕсивӕды къор­дты, ӕлхӕнынц хуымӕтӕг цӕрджыты ӕхцайӕ. Уыимӕ ма ӕхсӕнады уадзынц зи­анхӕссӕг пропагандӕ, ома, Уӕрӕсе Укра­инӕйӕ куы фервӕза, уӕд ӕнӕмӕнг ӕрӕв­налдзӕн Гуырдзыстонмӕ дӕр, цӕ­мӕй йӕ йӕхи бакӕна. Афтӕмӕй сын ӕнӕ­уынон кӕнынц уӕрӕсейӕгты, ра­зӕн­гард сӕ кӕнынц конфликтон уавӕр­мӕ, ныфсытӕ сын ӕвӕрынц, зӕгъгӕ, ныгуылӕн бӕстӕтӕ нӕ фарсмӕ ӕрба­лӕ­удзысты ӕмӕ нӕ сӕфын нӕ бауадз­дзысты. Гуырдзыстоны цӕрджытӕй ӕм­бар­гӕ чи у, уыдон нӕ сайды кӕнынц. Уы­донӕн Украинӕ у цӕвиттон, ныгуылӕн сӕ геополитикон амбициты тыххӕй кӕй куы­нӕг кӕны. Фӕлӕ дзы уӕддӕр дзӕвгар разындзӕн ахӕмтӕ, гӕды ныхӕс­тӕ кæй бауырндзысты ӕмӕ фыстау оппозицийы фӕдыл чи ацæудзысты, ахæмтæ.
Афтӕ макӕмӕ фӕкӕсӕд, ӕмӕ Гуырдзыс­тоны ныры разамынад «къӕс­савӕл­дӕхт» фесты ӕмӕ ирӕттыл «та­йын ӕмӕ райын» райдыдтой. Уыдон сӕ политикон хъазты бацыдысты ӕмӕ ӕв­зӕрстыты куы рамбулой, уӕд та сӕ «плас­тин­кӕ» ӕнцонтӕй иннæрдæм фӕзилдзысты. Ныртӕккӕ сын пайда у оппозицийы алцӕ­мӕй дӕр аххосджын кӕнын, уӕл­дайдӕр та тугкалӕн хӕсты. Мӕлын никӕй фӕнды, афтӕ ма хӕстмӕ цӕуын дӕр, ӕмӕ ацы хъуыддагӕй пайда кӕны Коба­хидзе. Йӕ комментаритӕй бӕрӕг у, адӕ­мы кӕй тӕрсын кӕны оппозицийӕ. Ома, уыдон куы рамбулой, уӕд та ӕнӕмӕнг хӕст расиддзысты ӕмӕ та уӕ сӕртӕ уын­гӕджы фӕуыдзысты. Иттӕг хорз тактикӕ. Стӕй ма йӕ тӕккӕ афоныл, ӕвзӕрстыты хӕдразмӕ.
Кӕд ирӕтты хъысмӕтыл афтӕ тынг тыхсынц, уӕд ахӕм комментаритӕ ны­рыонг цӕмӕннӕ арӕзтой? Цы сӕ урӕд­та нырыонг сӕ адӕмӕн рӕстдзинад зӕ­гъынӕн? Уый та уымӕн, ӕмӕ ныр тӕр­сынц фембылдæй парламентон ӕвзӕрстыты. Фыдӕлтӕй фӕстӕмӕ Гуырдзыстоны разамынадӕй иунӕг ахӕм бӕрнон го­ймаг дӕр нӕ уыд, ирӕтты пайдайӕн иу къахдзӕф чи сӕрӕзта. Ӕппынӕдзух нӕм кастысты знаджы цӕстӕй, хъавыдысты нӕ цӕгъдынмӕ, фӕсурынмӕ. Нӕ адӕмы фылдӕр хай сæхи бакодтой, сарӕзтой нын ассимиляци. Бауырнӕд уæ, Иванишвили ӕмӕ йӕ командӕ дӕр хуыздӕр не сты. Ӕрмӕстдӕр сӕ хицӕн кӕнынц уымӕй, ӕмӕ сты зондджындӕр ӕмӕ нӕ пайда кæнынц радикалон методтӕй.
Иванишвилийы парти ӕвзӕрстыты куы фӕуӕлахиз уа, уӕд ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты АИШ-ы президентон ӕвзӕрстытӕм. АИШ-ӕн ӕнӕмӕнг уыдзӕн ног президент, ног разамынад ӕмӕ уыдонимӕ дарддӕр араздзысты бастдзинӕдтӕ. Иумийаг ӕвзаг кӕй ссардзысты, ууыл дызӕрдыг мачи кӕнӕд. АИШ-ы стратегион пълӕнтты Гуырдзыстоны территори бӕрӕг бынат ахсы ӕмӕ Иванишвилийӕн йӕ раздӕры рӕдыдтытӕ ныббардзысты, уайтагъд айрох кӕндзысты сӕ быцӕудзинӕдтӕ. Ацы тӕккӕ Фӕскавказы регионы ис ӕн­дыгъд уавӕр, хъомысджын паддзахадтӕ сӕ тыхтӕ радтой ацы территоритӕ кон­троль кӕнынмӕ. Уымӕ гӕсгӕ АИШ ца­хӕмфӕнды разамынадимӕ дӕр баныхас кӕндзӕн Гуырдзыстонимæ, ныфс сын ба­вӕрдзӕн алцӕмӕйдӕр.
Ацы хъуыддаг ӕмбарынц Уӕрӕсейы дӕр ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ Гуырдзыстоны ра­замынады ныхӕстӕм ницы реакци вӕййы. Путин куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй Уӕрӕсейы разамынад кӕсын райдыдта ӕрмӕстдӕр хъуыддӕгтӕм, са­разгӕ къахдзӕфтӕм. Ныхӕстыл ӕу­уӕндӕн кӕй нӕй, уӕлдайдӕр та ныгуы­лӕн бӕстӕты ӕмӕ сӕ дӕлбар уӕвӕг паддзахадты минӕвӕрттыл, уымӕн ӕв­дисӕн стӕм бирӕ азты дӕргъы. Гуырдзыс­тоны ныры разамынадӕн сӕйраг у ӕв­зӕрстыты фӕуӕлахиз ӕмӕ та стӕй исты­тӕ кӕндзысты.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.