РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли байгом кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æвдæм сессийы фыццаг рабадты куыст.

Паддзахады сæргълæууæг бузныг загъта Парламенты Сæрдар Гасситы Петрæн æмæ депутаттæн, кæй йæ фæхуыдтой æмæ йыл кæй баууæн-дыдысты уымæй Парламенты сессийы фыццаг рабадт байгом кæна. Уый банысан кодта, зæгъгæ, РХИ-йы VI-æм сæвзæрст Парламент у райсгæ закъæттæ æмæ дæлзакъонон актты бæрцмæ гæсгæ иууыл эффективон-дæртæй сæ иу æмæ депутаттæн загъта бузныджы ныхæстæ, йæ цæст сын бауарзта дарддæры æнтысгæ куыст.

Президент банысан кодта, райгонд кæй у хицауиуæгады æххæсткæ-нынадон æмæ закъондæттынадон къабæзты иумæйаг куыстæй æмæ æмархайдæй.

Паддзахады сæргълæууæг æрсидт парламентаритæм, цæмæй фылдæр хъусдард здахой алы хицæн министры куыстмæ дæр, Хицауады алы уæнджы дæр фæрсой бакæнгæ куысты тыххæй.

«Кæд æмæ Хицауад не ‘ххæст кæны йæ хæстæ, уæд, зынаргъ депутаттæ, курæг уæ дæн, цæмæй уымæ уæ хъус æрдарат. Депутаттæн сæ бон цæуылнæ у æрбахоной министры, цæмæй уый дзуапп радта йæ архайдтыты, кæнæ кæй ницы аразы, уый тых-хæй фарстатæн? Сымахæн ис уыцы бар, сымах сæвзæрстой адæм. Контроль кæнут, хонут сæ, фæрсут сæ. Кæд æмæ уый тыххæй закондæттынадмæ хъæуы ивындзинæдтæ бахæссын уæд сæ бахæссут», – загъта уый.

Президент фехъусын кодта, Хицауады куысты ахсджиаг этап кæй ссис паддзахадон бюджетмæ цæуæг æфтиæгтæн разамынд кæнын.

«Бюджет фæфылдæр кæнын йæ рады нысан кæны, паддзахадæн фылдæр фадæттæ кæй фæзынд социалон проекттæм хъусдард аздахынæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы здæхты куыст нæма фæцис, фæлæ æфтиæгтæн разамынд кæнын абоны æмвæзадмæ куынæ скодтаиккам, уæд абон мах цардаиккам 700-800 милуан сомы паддзахадон бюджетимæ.

Цахæмфæнды проблемæ ма уа, уæддæр баст у финансон фæрæзтимæ æмæ уыдон куынæ уой, уæд та нæ уыдзысты паддзахадон программæтæ. Уыдон ивгъуыд азы нæ уыдысты, ацы аз сæ нæ бон план кæнын у. Æмæ сымах, цытджын депутаттæ, 2019 азæн паддзахадон бюджеты проектимæ райсдзыстут паддзахадон программæтæ дæр», – загъта Бибылты Анатоли.

Æххæсткæнынадон хицауиуæгады раз цы ахсджиаг фарстатæ лæууы, уыдонæй паддзахады сæргълæууæг рахицæн кодта 2008 азы пырхгонд цæрæнуæттæ сæндидзын кæнынимæ баст проблемæ. Уый фехъусын кодта, зæгъгæ, ацы аз цалцæг кæнæ ногæй арæзт æрцыдысты 50 хæдзары бæрц, сæ æмбæрзтытæ та раивдæуыд 130 бæрц хæдзарæн.

Президент ма банысан кодта, зæгъгæ, æххæсткæнынадон хицауиуæгады уæнгты раз æрбалæугæ азы цы ахсджиаг хæс лæууы, уый у пенситæ æмæ куыстмыздтæ фæфылдæр кæнын, цæмæй уыдон ма уой, цæрынæн æппынкъаддæр цас хъæуы, уымæй дæлдæр, афтæ ма сывæллоны райгуырды тыххæй бафыстытæ  50 проценты фæфылдæр кæнын.

«Ныфс мæ ис, Парламент æмæ Хицауады æнæлаз куысты руаджы махæн нæ къухты кæй бафтдзысты нæ нысæнттæ», – банысан кодта уый.

Социалон къабазыл дарддæр дзургæйæ, Бибылты Анатоли загъта, ацы аз сæ куыстмыздтæ кæй фæфылдæр уыдзысты медицинæйы къабазы кусджытæн. Банысан кодта, план кæй цæуы дохтыртæн сæдæ проценты сæ мыздмæ бафтауын, медицинон кусджыты æндæр категоритæн та къаддæр бæрцæй æмæ уыдонæй бирæтæ равдыстой се ‘нæразыдзинад.

«Фæнды мæ банысан кæнын, ацы уынаффæ ист кæй æрцыд куыстмыздтæ цæгаткавказаг республикæты æмвæзадмæ скæныны тыххæй Уæрæсейы Федерациимæ къухтыбафтгæ сразыдзинæдты фæлгæтты. Уыдон сты куыстмыздтæ фылдæр кæныны этаптæ, кæцытыл хъæуы рацæуын, цæмæй фæткмæ æркæнæм куыстмызд фидыны системæ.

Къухтыбафтгæ сразыдзинæдтæм ногæй æркæсын æмæ сæ фæивын раст нæ уыдзæн. Афтæ ма æмбарын хъæуы, медицинæйы къабазы кусджытæй ацы аз сæ мызд къаддæр бæрцæй кæмæн фæфылдæр, уыдонæн фидæн азы сæ мыздмæ дохтыртæй фылдæр кæй бафтдзæн», – загъта Президент.

Йæ раныхасы кæрон Бибылты Анатоли ракодта  2019 азы парламентон æвзæрстыты кой. Банысан кодта, æвзæрстыты агъоммæ политикон тохы процесстæ ныридæгæн зынын кæй райдыдтой æмæ æппæт хайадисджытæм дæр æрсидт ацы фарстмæ цивилизационæй, политикон æгъдауæй цæттæйæ бацæуынмæ.

«Бирæтæ пайда кæндзысты цавæрдæр политикон моменттæй, Хицауады рæдыдтытæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, рæдыдтыты критикæ хъæуы, дзурын сыл хъæуы, уымæ мах цæттæ стæм. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, политикон тохæн ма хъуамæ уа радикалон характер, арæх куыд фæуынæм, афтæ, хъуамæ бындуриуæг кæна документтыл, реалон хъуыддæгтæ æмæ цаутыл.

Сидын, Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутаттæй сæхи чи размæ кæной, æппæт уыдонмæ, цæмæй уой æргом æмæ сæхи раз намысджын, адæмы раз та æнкъарой бæрндзинад», – загъта Президент.

***

Парламентариты размæ уал уынаффæ кæнынмæ хаст æрцыд «РХИ-йы Хицауады æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн гом акционерон æхсæнад «Газпром-Хуссар Ирыстон»-ы акцитæ æлхæнын-уæй кæныны уавæртæ  æмæ дарддæры архайды фæдыл Сразидзинады ратификацийы тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект.

Ацы закъоны проект уынаффæ кæнынмæ рахаста Парламенты вице-спикер Тедеты Руслан, кæцы банысан кодта Хуссар Ирыстонæн сразыдзинады ахсджиагдзинад. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сразыдзинады фыццаг проект бавдыст æрцыд Парламентмæ 2017 азы.

Парламентаритæ æмхъæлæсæй сратификаци кодтой ацы сразыдзинад.

Дарддæр закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды фæдыл парламентон комитеты сæрдар Тедеты Нонæ уынаффæ кæнынмæ рахаста «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы 10 азы банысан кæныны тыххæй» майдан сфидар кæныны тыххæй закъоны проект.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй уагæвæрдмæ гæсгæ, майданæй хорзæхджын цæуынц, «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» майданæй хорзæхджын чи æрцыдысты, 1989 азæй 2008 азмæ Республикæ бахъахъхъæныныл хайад чи истой, уыцы æфсæддон службæ-гæнджытæ, афтæ ма æмбæстæгтæ æмæ фæсарæнты цæрджытæ, кæцытæн сæ лæггæдтæ бирæ сты Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад бахъахъхъæнын æмæ йын йæ статус сфидар кæныны хъуыддаджы.

Парламенты Сæрдар Гасситы Петр банысан кодта, «Фыдыбæстæйон хæст» хъуамæ баива раздæры термин «гуырдзиаг-ирон конфликт»-ы, уымæн æмæ фыццаг термин æххæстæй не ‘вдисы, Республикæйæн гуырдзыйы агресси цы стыр зиæнттæ æрхаста, уый.

«Раздæр формулировкæ «Фыдыбæстæйон хæст» фæндыд бахæссын парти «Иугонд Аланийы» æмæ æндæр партиты уæнгты. Раст нæу æмæ, æгæрыстæмæй, дæлдзиныггæнæг дæр у геноциды конфликт хонын. Уый цавæр конфликт у, кæд æмæ сæдæ хъæуæй фылдæр сыгъд æрцыд, æмæ гибридон хæст та цыд дыууын азæй фылдæр?», – банысан кодта Гасситы Петр.

Ног хорзæх сфидар кæныныл парламенты уæнгтæ æмхъæлæсæй сразы сты.

Хъалонтæ æмæ бюджеты фæдыл РХИ-йы Парламенты Комитеты сæрдар Коцты Жаннæ уынаффæ кæнынмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъалонты кодексы 239-æм статьяйы дыккаг хайы 2-æм пункт йæ тых чи фесæфта, ахæмыл банымайыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проект.

Уынаффæ кæныны рæстæджы депутаттæ ницы барасткæнинæгтæ бахастой æмæ проект æмхъæлæсæй райстой.

Боны фæткы радон фарст уыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы 10 азы банысан кæныны тыххæй» майданæй схорзæхджын кæнын.

«Президентæн бар ис, йæхи йеддæмæ хорзæхджын кæна кæйфæнды дæр. Разы дæн, нæ депутаттæн алыгъуызон ахаст ис Президентмæ, фæлæ йæ бон зæгъын никæмæн у, æгæрыстæмæй йæ оппонентæн дæр, уый активон хайад нæ иста гуырдзыйы агрессийæн ныхкъуырд радтыны хъуыддаджы, зæгъгæ», – банысан кодта Парламенты спикер.

Адæмон партийы депутат Дьяконты Амиран йæ рады банысан кодта, фыццаг майдан «Хуссар Ирыстоны Фыдыбæстæйон хæсты адæмы уæлахизы 10 азы банысан кæныны тыххæй» хъуамæ райса Республикæйы Президент.

«90-æм азтæй райдайгæйæ, Анатоли Ильяйы фырт уыд Республикæйы æмæ никуыдæм ацыд. Уый ам цард, бирæ бынæтты куыста æмæ, сæйраджыдæр, йæ райгуырæн бæстæйы сæрыл тох кодта. Уымæ гæсгæ æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ уыцы майданæй хорзæхджын хъуамæ æрцæуа уый», – загъта Дьяконты Амиран.

Депутат Коцты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ, ног майданæй хъуамæ хорзæхджын æрцæуой УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитри Медведев дæр, уымæн æмæ уыдон стыр хайбавæрд бахастой республикæйы хæдбардзинад бахъахъхъæ-нын æмæ ирон адæмы уæлахизы хъуыддагмæ.

Депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты РХИ-йы Президенты схорзæхджын кæныныл.

Боны фæткы сæйраг пункттыл уынаффæ кæныны фæстæ парламентаритæ уынаффæ кодтой æндæр фарстатыл.

Депутат Чилæхсаты Владимир куыд загъта, афтæмæй Республикæйы районты цæрджытимæ хъаст кодтой, стыр зиан кæй баййæфтой хуыты африкæйаг емынæйы аххосæй.

«Вакцинæтæ, цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, фосæн нæ фаг кæнынц, уымæ гæсгæ уыдон мæлынц. Цæрджытæ курæг сты, цæмæй ацы фарст скъуыддзаг æрцæуа», – загъта Чилæхсайы фырт.

Депутат ма банысан кодта, зæгъгæ, хорз уаид, низæй кæмæн амардысты сæ хæдзарон фос, уыдонæн сæ аргъ фыст куы ‘рцæуид.

Депутат Тедеты Нонæйы ныхæстæм гæсгæ, Республикæйы хъæууонхæдзарадон сфыст куы цыд, уæд цæрджытæй бирæтæ, фосы тыххæй хъалон хъуамæ фидой, зæгъгæ, ууыл баууæндгæйæ сæ хæдзарадты бамбæхстой ставдкъах фосæн сæ иу хайы. Уымæ гæсгæ, эпидемийы райдианы æлхæд æрцыд, сфысты рæстæджы хыгъдмæ цы нымæц хаст æрцыд, уыйбæрц вакцинæтæ, æмæ уымæ гæсгæ не сфаг сты.

РХИ-йы Парламенты вице-спикер Тедеты Руслан бахаста ахæм фæндон, цæмæй Гуырдзыстонимæ Республикæйы паддзахадон арæнты делимитаци æмæ демаркацийы фарстаты фæдыл парламентон фæдагуырды къамисы скондмæ бахаст æрцæуа депутат Гæбæраты Алан.

Ацы фæндоныл депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.