Райдиан нæ газеты 106-æм номыры

Беджызаты Чермен ӕфсӕнттӕ кӕй хоны, уыцы аххосӕгтӕ иууылдӕр раст сты. Нӕ партизантӕ, ӕвӕццӕгӕн, дарӕс, хӕрд ӕмӕ хӕцӕнгарзӕй ӕххӕст куы уыдаиккой, размӕ Тбилисы ‘рдӕм куы абырстаиккой, уӕддӕр уӕлахиз сӕ къухты зынтӕй бафтыдаид. Цӕмӕн? Уымӕн, ӕмӕ уыцы рӕстӕджы агъоммӕ Гуырдзыстоны меньшевикон хицауад фидыдадон бадзырд сарӕзта Уӕрӕсейы Советон хицауадимӕ ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Уӕрӕсейӕн, Сырх ӕфсадӕн, нӕ уыд амал Хуссар Ирыстонӕн баххуыскӕнынӕн, уымӕн ӕмӕ Гуырдзыстоны иннӕ районты уыцы рӕстӕджы нӕ уыд, Хуссар Ирыстонӕн ахъаз чи фӕуыдаид, ахӕм ӕд хотыхтӕ растад.

Ӕмӕ, уымӕ гӕсгӕ меньшевиктӕ сӕ тыхтӕ иууылдӕр сарӕзтой Хуссар Ирыстоны мӕгуыр адӕмы ныхмӕ ӕмӕ сӕ бынысӕфт ӕрбакодтой. Хъӕутӕ цъыбыртты сыгъд бакодтой, ныппырх кодтой адӕмы фӕллой, сӕ муртӕй ма чи баззад, уыдон та семӕ ахастой, сӕ фос сын атардтой. Уыцы ӕвирхъау цауты ӕмӕ трагикон хъуыддӕгты Беджызаты Чермен афтӕ лӕмбынӕгӕй ӕмæ ирдӕй ӕвдисы, ахӕм арӕхстджы-нӕй сӕ ныв кӕны, ӕмӕ лӕджы цӕстытыл ауайынц, зӕрдӕ нынниуы, ныккӕрзы, сӕры хъуын барц  сбады.

Чермен хорз фенын кодта меньшевикты аморалондзинад, намыс ӕмӕ цӕсгом цы сты, уый зонгӕ дӕр нӕ кодтой, цыфыддӕр ӕвзӕрдзинад саразынмӕ сӕ фӕстӕ ничи фӕлӕууыдаид, адӕймаджы зӕрдӕ сӕ никӕй риуы уыд, тӕригъӕд нӕ зыдтой, хъӕддаг сырдтӕй хъауджыдӕр нӕ уыдысты. «Уӕртӕ цъыфӕй схъил хӕрз чысыл къух. Ӕнгуылдзтӕ ӕлхъывдӕй ныцъцъӕх сты. Ницы фендзынӕ ӕндӕр, ног гуырд сабийӕ – лакъоны рӕбынӕй. Сыхаг ус ма йӕ бӕргӕ раскъӕфта судзгӕ хӕдзарӕй, фӕлӕ ӕнӕ мад нӕ бафӕрӕзта саби. Идӕдз мад та арцы цӕфимӕ уӕлгоммӕ ахауд кӕрты астӕу. Знаджы салдаттаг ӕй арцӕй ныссасир кодта ӕгасӕй, тыххӕй хӕцын ын кӕй нӕ бакуымдта…

Уӕртӕ рахау-бахаугӕнгӕ, йӕ синтӕ йӕ фӕдыл ласгӕ, фӕцӕуы хӕд доны былтыл нырма ӕрдӕг саби, иу-12 аздзыд чызг. Куы ныххуды, куы нынниуы ӕнахуыр хъӕлӕсӕй. Сӕры хъуынтӕ ныссуйтӕ сты, йе тӕрттӕ гом, йӕ къабайы раз фаст, скъуыдтӕ; сӕ бынӕй фӕзынынц алы къахдзӕфӕн тугӕй хъулон уӕрджытӕ. Цӕстытӕ дзӕгъӕлтӕ-дзӕгъӕлтӕ кӕнынц рӕсугъд, фӕлӕ ныззылынтӕгонд цӕсгомыл, фӕсонт ис. Зыгуымдоны йӕ ӕмбӕхстӕй ссардтой знаджы салдӕттагтӕ ӕмӕ йыл рад ракодтой… . Фӕцӕуы…  Кӕм сты йӕ бинонтӕ ацы тӕригъӕдтагӕн, куыд иунӕгӕй йӕ ныууагътой?»

Уӕдӕ, Хуссар Ирыстоны адӕмӕй бынаты чи баззад, уыдонӕн меньшевиктӕ фӕкодтой стыр фыдмитӕ, марынӕй никӕуыл ауӕрстой, цагътой сывӕллӕтты, сылгоймӕгты, зӕрӕдты.

Беджызаты Чермены боныг «Ссыгъди цард» ӕмӕ «Басыгъд цард» у йӕ прозӕйы ӕрттивгӕ райдайӕн. Боныг у рӕстӕджы уылӕн, 20-æм азты комулӕфт, лирикон-историон документ. «Ссыгъди цард»-ӕн йӕ сӕргонды бын ис ахӕм хуымӕтӕджы бафыст: «1920 азты фыст боныгӕй ист скъуыддзаг». Уыцы бафыстмӕ гӕсгӕ Чермен йӕ боныг ныффыста дыууын дыууӕаздзыдӕй.

Ам ма зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ «Ссыгъди цард» документалон уацмыс куыд у, аивадон уацмыс дӕр афтӕ у ӕмӕ йӕ уыцы дыууӕ ӕмбарынады иудзинад эпопейӕйы бӕрзӕндмӕ кӕй систа. Йӕ автор нӕ разы ӕрбалӕууы, революцион тохы цаутӕ дырысӕй чи нымайы, ӕппӕт дӕр раздзоджы цӕстӕй чи уыны ӕмӕ сын бынат чи ссары, ахӕм документалисты хуызы. Бонӕджы хицӕн бонты цаутӕ иппӕрдӕй нӕ аззайынц, фӕлӕ кӕрӕдзийы баххӕст кӕнынц ӕмӕ сӕндидзын кӕнынц уацмысӕн йӕ идейӕ ӕмӕ йӕ концепцийы хахх. Афтӕмӕй, куыд фӕстагмӕ, райтынг вӕййы йӕ динамизм ӕмӕ бӕлвырдӕй разынынц персонажты сурӕттӕ. Автор мысгӕ ницы кӕны, ӕрмӕст аразы революцийы ӕрцӕуинаг прогнозтӕ ӕмӕ йӕ прогнозтӕ куы сцӕг вӕййынц, уӕд сӕ афыссы, йӕ фыссӕджы цӕстӕй сӕ куыд фены, афтӕ.

«Ссыгъди цард» ӕмӕ «Басыгьд цард»-ӕн йӕ ‘взаг ӕмӕ йӕ архайды боныгъӕд сты кардӕй лыгау, бӕлвырд ӕмӕ тызмӕг. Ам Чермен ӕвзары, йӕ иумӕйаг нывӕн, мидисджын, типикон нывӕн ӕй чи хъæуы, уыцы характерон, колоритон, индивидуалон детальтӕ, архайджытӕ, ныхӕстӕ. Иууыл хуыздӕр дзы рауайынц пейзажтӕ, бӕстӕйы нывтӕ.

«Ӕмбисӕхсӕвӕй аивгъуыдта, фӕлӕ мӕ хуыссӕг нӕ ахсы. Диссаджы мӕйдар ӕхсӕв. Мӕй нӕма скаст, фӕлӕ стъалытӕ ӕнӕмигъ арвӕй тыгуыр цӕхӕры кӕритӕ уадзынц. Судзынц – ӕрттивынц райдзаст зынджытӕй. Сабыр, хъус ӕй гӕзӕмӕ ахсы, фынӕймӕ хъавӕг дзидзидай сабийы хъуыр-хъуыр кӕны комы дон. Кӕмттӕй уддзӕф никуыцӕй цӕуы, цыма ӕрдз дӕр бафынӕй ӕнӕмӕт фынӕй адӕймагау. Хӕхтӕй чи кӕрдӕджджын, чи хъӕдӕй ӕмбӕрзт, – сау уӕйгуыты ӕндарау, цыма сау нымӕты бамбæхстой сӕхи. Фынӕй сты уыдон дӕр. Фынӕй у алцы мӕ алыварс. Ӕрмӕст хаттӕй-хатт тар назхъӕдӕй ӕрбайхъуысы – фыдфынтӕ уынӕг, фынӕйӕ, хъӕрзӕджы ниуд – уыджы уаст».

«Уӕлахиз! Уӕлахиз!

Фӕсӕмбисбон. Сӕрдыгон хур тавы ӕнӕауӕрдо-нӕй. Йӕ тых ма йын сӕтты чысыл уддзӕф ӕмӕ Леуахийы уазалдзӕф улӕфт, ӕндӕра бынтон сулӕфӕн нӕ уаид. Райдзаст сӕндӕтты, цӕхӕрадӕтты бӕлӕсты сыфтӕртӕ худынц, ӕрттивынц хурмӕ. Хӕрзирд у арв, ирд сты Чъребайы алыварс къуылдымтӕ».

Уӕлахизы ӕмӕ цины зӕлтӕ ахӕлиу сты Чъребайы алы къуымты дӕр.

Адӕмимӕ иумӕ худынц ӕмӕ цин кӕнынц «сӕндӕттӕ, цӕхӕрадӕттӕ», «хӕрзирд у арв, ирд сты Чъребайы алыварс къуылдымтӕ», фӕлӕ цӕуыл цин кӕнынц адӕм ӕмӕ ӕрдз, цавӕр уӕлахиз бафтыд сӕ къухты? Цӕуыл цин кӕнынц?

Ирон партизантӕ меньшевикты фӕтардтой сӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ ӕмӕ 8-ӕм июны 1920 азы расидтысты Советон хицауад Онӕй Душетмӕ, ӕмӕ уыцы уӕлахиздзинадыл цин кодтой канд адӕм нӕ, фӕлӕ ма ӕрдз дӕр. Фӕлӕ хъыгагӕн, уыцы уӕлахиздзинад сӕ бон бахъахъхъӕнын нӕ баци. Цыппар боны фӕстӕ гуырдзиаг меньшевикты ӕфсад ӕрбафсӕрстой Хуссар Ирмӕ ӕмӕ дзы дур дурыл нал ныууагътой, зæххимӕ сраст кодтой мӕгуыр адӕмы. Партизанты бон сӕ ныхмӕ фӕлӕууын нал баци ӕмӕ иннӕ адӕмимӕ фӕлыгъдысты Цӕгат Ирыстонмӕ.

«Сау мӕрӕй саудӕр арв… хъӕуты сыгъдон фӕздӕгӕй…Сырх сӕуӕхсидӕй сырхдӕр зӕхх… сабиты, сылгоймӕгты, зӕрӕдты тугӕй». «Хуссарӕй-хурскӕсӕны ‘рдыгӕй арвы къул саубын мигътӕй сыхгӕдта. Мигъ бырсы арвмӕ зӕххӕй сау тъыфылтӕ-тъыфылтӕй ӕмӕ улӕнтӕй. Уый хъӕуы фӕздӕг у – ирон гӕвзыкк хъӕуты сыгъдон фӕздӕг» (55).

«Сау мигъ сбадт арвыл Хуссары ‘рдыгӕй. Уый судзынц нӕ быдираг хъӕутӕ. Дысон бонмӕ тӕрккъӕвда уыд, Леуахи схъызыд ӕмӕ ӕнахуыр ивылдӕй лӕбуры дӕлӕмӕ. Дзӕгъӕлы, знаджы нӕ бауромдзӕн».

Ирон хъӕутӕ куы сыгъдысты, уӕд сӕм меньшевикты ӕфсады хистӕр Валико Джугъели та йӕхи тавта, хӕдзӕртты пиллон нымадта стыр рӕсугъддзинадыл, уымӕй хуыздӕр нӕ уыд Виктор Жгъентъи дӕр.

Адӕмы ӕвирхъау трагедийы иумӕйаг фоныл Чермены зӕрдӕ йӕхи абыгъдӕг кодта, раргом йе ‘ппӕт ӕппӕрцаг ӕмӕ ӕвӕрццаг патетикӕ. Бонӕджы сӕрысуангӕй чи цӕуы, уыцы фӕрсаг-иртасӕг интонацийӕ дыккаг хайы схызт йӕ апогеймӕ.

Хуссар Ирыстон судзы, адӕм мӕлынц, лигъдӕтты тӕригъӕдӕн истори ӕмбал нӕ зоны.

Лигъдӕтты нывтӕ, адӕмы тухитӕ ӕмӕ дудгӕбӕттӕ Чермен ирдӕй равдыста йӕ бонӕджы. Ам пейзаж дӕр ӕвдыст ӕрцыд рӕстӕгмӕ гӕсгӕ. Ӕрдз вӕййы куы сабыр, куы та ӕнӕрынцой, ахӕм фыд рӕстӕг скодта ӕмӕ «Леуахи дӕр богъ-богъ кӕны, адӕмау». Лыгъды нывтӕ ӕвдисгӕйӕ арӕх сӕ астӕу фӕлхатӕн ӕмбӕлы:

«Арв ӕмӕ зӕхх кӕрӕдзийыл сӕхи хойынц… Дарддӕр. Дарддӕр. Ӕнӕфенгӕ ивылд ракодта Леуахи. Сатӕг-сауӕй, ӕмвӕтӕнӕй гуылф-гуылф кӕны уӕрӕх комы фӕндаг, цыма доны азарӕй фӕтарст, йӕхи бӕрзонд систа ӕмӕ нарӕгӕй, лӕбырдтӕй хилы, калмау рагъы фахсыл, кӕм ма фӕзыны, кӕм – йӕ ныв дӕр нал. Бынӕй ивылд дон ласы хъӕдтӕ, ӕд уидаг бӕлӕстӕ, уӕрдӕтты цъӕлтӕ, алы лыстӕг хӕдзарон дзаумæттæ» (61).

«Арв ӕмӕ зӕхх кӕрӕдзийыл сӕхи хойынц. Бынӕй тӕрк ивылд Леуахи богъ-богъ кӕны. Ӕму йын кӕнынц стуртӕ, лыстӕг фос, лидзӕг адӕм. Ивылд дон уайы, бырсы дӕлӕмӕ, быдырмӕ… ».

Йӕ историон-документалон бонӕджы Чермен 1920 азы реалон цаутӕ ӕмӕ факттӕ ӕвдисгӕйӕ, историк-аналитикау сӕ арӕхсгай дзургӕйӕ, меньшевикты ӕфсады ӕвирхъау фыдмитӕ нӕ размӕ хӕсгӕйӕ ӕвдисы йӕ зӕрдӕйы дудаг маст ӕмӕ судзаг уарзтӕй сахургӕйӕ ныв кӕны рӕстӕг, ӕрдз ӕмӕ адӕмы фӕлгонц.

«Дон дыууӕрдыгӕй чысылгай хӕры сакъадахы. Фос богъ-богъгӕнгæ  тыгуырӕй тыгуырдӕр кӕнынц лӕппуйы алфӕмблай. Дон ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕны. Йӕ сау фынк, знӕт бирӕгъау, лӕбуры  хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр. Сакъадах чысылӕй-чысылдӕр кӕны, тайы, ӕхсидгӕ доны царвы къӕрттау» (62).

Боныгӕн схонӕн ис иу монолог ӕмӕ йӕ иууыл тыхджындӕр лирикон патетикон уылӕн цӕвы лыгъды нывтӕ фысгӕйæ. Бонӕджы уылӕн хӕссы алцыдӕр: хӕсты афыстытӕ, уавӕр, реалистон хӕххон пейзаж, лирикон  зӕрдӕйыуагӕй хъармгонд, историон ассоциацитӕ – экскурстӕ.

Чермен тынг ирдӕй равдыста йӕ бонӕджы Хуссар Ирыстон кӕй фесӕфт уый, фӕлӕ йӕ уырнгӕ дӕр кӕны,  йӕ фидӕн хорз кæй уыдзӕн:

«Басастыстӕм, фӕлӕ нӕ бакуымдтам сӕттын. Басастыстӕм, фӕлӕ нæ  басасты ис нӕ уӕлахиздзинад. Фӕбынӕй нӕ большевикон революци, фӕлӕ уӕлахиз у Октябры революци. Фӕбынӕй сты Xуссар  Ирыстоны ӕфхӕрд мӕгуыр дзыллӕтӕ, фӕлӕ уӕлахиз у Уӕрӕсейы кусӕг класс. Басыгъд Хуссар Ирыстон, басыгъд цард, фӕлӕ уыдзӕн ног Хуссар  Ирыстон, райгуырдзӕн сыгъд царды сыгъдонӕй ног цард!..Уый уыдзӕн. Уӕлахиз у йӕ фӕбынӕйӕ нӕ парти, уӕлахиз у йӕ ныддӕрӕхсӕнӕй X. Ирыстоны мӕгуырты дзыллӕ».

БЕКЪОЙТЫ Майя,

ХИЗИ-йы зонадон кусæг

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.