Уӕдӕ ныр та лӕмбынӕгдӕр ӕрдзурӕм Чермены сфӕлдыстадыл. Куыд бӕрӕг у, уымӕ гӕсгӕ  аивад царды ӕцӕгдзинады ног уавӕрты ӕрхион кӕныны тыххӕй 20-ӕм ӕнусы ӕртынӕм азты ӕрмӕст разӕнгард нӕ кодта документалон (боныгон) уацауты хуызтӕ аразынмӕ, фӕлӕ ма фӕхъӕздыг кодта жанры арӕзт ӕмӕ хъайтарон-социалон уацмысы композицийы хуызты фӕтыхджындӕр кӕныны фӕрӕзтӕ. Беджызаты Чермены сфӕлдыстады ацы процесс иууыл ирддӕрӕй разынд йӕ документалон уацау «Ссыгъди цард»-ы. Фыссӕджы сфӕлдыстады тыххӕй цы литературон-критикон куыстытӕ ис, уыдоны иууыл цъусдӕр дзырд цӕуы йӕ документалон ӕмӕ публицистикон сюжеты арӕзтады фарстатыл. Куыд йӕ развӕдгӕнджытӕ – Гӕдиаты Цомахъ, Барахъты Гино, Гӕтъуаты Дзахо ӕмӕ ӕндӕртӕ, афтӕ Беджызаты Чермены дӕр йӕхимӕ ӕлвӕста адӕмы хъысмӕт ӕмӕ ӕппӕт националон идея бамбарын, равдисын социалон-историкон быцӕудзинады гуырахст, ӕниу анализ кӕмӕн кӕнӕм, уыцы таурӕгъон структурӕ цух у экстенсивон характерӕй, кӕцы бӕрӕгӕй зынд йӕ фыццагон хъайтарон прозæйӕ.

Беджызаты Чермены прозаикон уацмыс «Ссыгъди цард»-ыл дзургӕйӕ, нӕй ахизӕн ахӕм фарстайы сӕрты, зӕгъгӕ, йе скондмӕ гӕсгӕ цавӕр жанрмӕ хауы ацы уацау. Фыццаг хатт ацы проблемӕйыл ӕрдзырдта йӕ литературон бынтӕ ӕмбырдгӕнӕг, фыссӕг Гафез (Гаглойты Федыр).

Нӕ литературӕйы иууыл стырдӕр историк Джусойты Нафи Чермены уацау схуыдта  «бӕрзонд аивадон уацмыс».

Уӕдӕ, критикты ӕмӕ литературӕ иртасджыты хъуыдытӕ анализгӕнгӕйӕ, мах ӕрцыдыстӕм ахӕм хатдзӕгмӕ, зӕгъгӕ, сӕ иу дӕр «нӕ» нӕ зӕгъы, нӕ разы кӕй ис «бӕрзонд аивадон уацмыс». Ӕмӕ сӕ кӕд комкоммӕ ничи банысан кодта уацмысы жанр, уӕддӕр мах нӕ кӕнӕм гуырысхо ууыл, ӕмӕ нӕ разы кӕй ис уацау. Фӕлӕ уацау документалон у, публицистикон кӕннод та цавӕрдӕр ӕндӕр – уый та у бынтондӕр ӕндӕр фарста.

Документалон уацауы (нӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ) «Ссыгъди цард»-ы архайд нӕ ахызтис бӕрӕг тыгъдад ӕмӕ рӕстӕджы сӕрты, ам ӕвдыст ӕрцыдис хӕрз цыбыр рӕстӕг Хуссар Ирыстоны революцион змӕлды историйы цаутӕй, бӕрцӕй дыууӕ мӕйы ӕмӕ ӕрдӕг (4 апрелӕй 17 июнмӕ 1920 аз).

Уацауы сӕргонды бын автор фӕнысан кодта: «1920 азы фыст боныгӕй ист скъуыддзаг».

Куыд бӕрӕг у ацы нысангондӕй, афтӕ уацмыс фыст ӕрцыдис ивгъуыд ӕнусы дыууынӕм азты райдианы, фӕлӕ мыхуыры та рацыд дӕс азы фӕстӕ –  ӕртынӕм азты райдианы.

Уӕдӕ, цӕй аххос у ныффыссын ӕмӕ мыхуыры рауадзыны рӕстӕджы стыр ӕхсӕнуат? Мыййаг фыссӕг ӕнӕвдӕлон уыд? Нӕйы! Уӕдӕ цӕй тыххӕй? Бӕлвыр-дӕй гӕнӕн ис зӕгъын ӕмӕ фыссӕг кӕй хаста аивадон дзырды раз стыр бӕрндзинад. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ рахъуыды-бахъуыдыйы фӕстӕ ӕрцыд ахӕм хатдзӕгмӕ, зӕгъгӕ, алцыдӕр хъӕуы ныууадзын йӕ райдиан  хуызы мидӕг. Ӕмӕ дарддӕры сӕдӕ азы куыд равдыстой, уымӕ гӕсгӕ йӕ хъуыды уыдис раст: алцыдӕр ныууадзын йӕ фыццаг хуызы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, гӕнӕн уыдис ӕмӕ «ныссыгъдӕг» кодтаид, тагъд-тагъд цы рӕнхъытӕ ныффыста, средакци сӕ кодтаид, «ӕрфарстаид» сюжеты бындур, фӕлӕ уӕд йӕ сӕйраг мидис йӕ фыццагон хуыз фесӕфтаид. Уацмыс фесӕфтаид йӕ ахсджиагдзинады ӕууӕлттӕ: рӕстӕджы комулӕфт, ӕцӕгдзинады ног ӕнкъарынад. 1931 азы мыхуыры рацыд уацауы дыккаг хай «Басыгъд цард». Кӕд сӕ нӕмттӕ хицӕнтӕ сты фыццаг хаимӕ, уӕддӕр сты иу уацмысы хицӕн хӕйттӕ.

Фыццаг хайы ӕвдыст цӕуы революцион змӕлд Хуссар Ирыстоны, адӕмы тох сӕ сӕрибардзинадыл ӕмӕ нацийы сӕндидзыны дуг. Чермен лӕмбынӕг ӕрфыста ӕппӕтадӕмон змӕлды равзӕрды процесс. Тынг ирдӕй равдыста Санахъоты Матейы фӕлгонц ӕмӕ Онӕй Душетмӕ советон хицауад расидт куыд ӕрцыд.

Дыккаг хайы – «Басыгъд цард»-ы та нын ӕвдисы меньшевикты ӕфсады ӕрбабырст Хуссар Ирмӕ, уыдон фыдмитӕ, Хуссар Иры басыгъд, ирон адӕмы сыстад ӕмӕ лыгъд Цӕгат Ирыстонмӕ.

Тынг раст уыди Джусойты Нафи, кӕй схуыдта ацы уацау «Ирыстоны Советон хицауады сӕраппонд хъӕбатыр тохы аивадон цырт» ӕмӕ фидарӕй загъта, зӕгъгӕ, «ирон литературӕйы нӕй тыхджындӕр документалон бӕлвырддӕр, уырнинаг аивадон уацмыс мидхӕсты тыххӕй».

Уӕдӕ, Ирыстоны антагонистон къластӕ куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ ирон зӕхкусӕг адӕм тох кодтой се ‘фхӕрджыты ныхмӕ. Уыцы тох уӕлдай тынгдӕр йӕ тӕмӕны бацыд 1917-1920 азты. Беджызаты Чермен дӕр йӕхӕдӕг Советон хицауады сӕрыл тохы активон хайад иста ӕмӕ тынг хорз зыдта, уыцы дуджы кӕй скъуыддзаг кодта Ирыстоны хъысмӕт – кӕнӕ сӕрибар, кӕнӕ мӕлӕт. Беджызаты Чермен йӕхи цӕстӕй цы федта, фысгӕ дӕр уый кодта. Уый иттӕг аив равдыста куыд ссыгъд цард ӕмӕ ирон адӕм сӕ тугӕй куыд балхӕдтой, фыдӕлтӕй фӕстӕмӕ цы сӕрибардзинадмӕ бӕллыдысты, уый. Гуырдзыстоны меньшевикты хицауад хорз ӕмбӕрста Хуссар Ирыстоны адӕмы революцион зондахаст ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ тыхтӕ сарӕзта Ирыстонмӕ, цӕмӕй скуынӕг кӕна революцион организацитӕ ӕмӕ революцион змӕлд. Хуссар Ирыстоны-иу меньшевикты ӕфсӕддон ӕфхӕрӕг экспедицитӕ арӕх фӕзындысты ӕмӕ-иу стыр фыдмитӕ кодтой ирон адӕмӕн. Ахӕм экспедици уыд 1920 азы райдианы дӕр ӕмӕ уый тыххӕй ирон адӕмӕй бирӕтӕ ахызтысты ӕфцӕгыл Цӕгат Ирыстонмӕ, цӕмӕй уым сӕхи бацӕттӕ кодтаиккой меньшевикты ныхмӕ.

Хуссар Ирыстоны партизанты бригадӕ ӕфцӕгӕй куы ӕрцыд Хуссар Иры адӕмӕн баххуыс кӕнынмӕ, уӕд уыцы хабар арвы нӕрдау айхъуыст меньшевикты ӕфсадыл. Се уонджы мигъ куы бацыд, уӕд ма булкъон Чхеидзе тел бӕргӕ радта Жорданиамӕ, «ирон бандӕтӕ» ӕфцӕгӕй кӕй рахызтысты, уый тыххӕй, фӕлӕ дзуапп нӕма райста, афтӕмӕй меньшевикты ӕфсад дӕрӕн ӕрцыд.

Ирон адӕм меньшевикты фӕтардтой сӕ райгуырӕн зӕххӕй ӕмӕ 8-ӕм июны 1920 азы расидтысты Советон хицауад Онӕй Душетмӕ, фӕлӕ уыцы уӕлахиздзинад сӕ бон бахъахъхъӕнын нӕ бацис. Цыппар боны фӕстӕ меньшевикты ӕфсад Хуссар Ирыстонмӕ ӕрбарвыстой се ‘фсад ӕмӕ дзы дур дурыл нал ныууагътой, цъыбыртты сыгъд ӕй бакодтой: «Сау бонтӕ…Туджы зӕйы бонтӕ… Сау мӕрӕй сау дӕр арв… хъӕуты сыгъдон фӕздӕгӕй…

Сырх сӕуӕхсидӕй сырхдӕр зӕхх… сабиты, сылгоймӕгты, зӕрӕдты  тугӕй.

Уый Гуырдзыстоны тугдзых демократи скодта нӕ мӕгуыр – гӕвзыкк адӕмыл йӕ фӕуӕлахизы стыр бӕрӕгбоны куывд. Уый судзынц хӕдзӕрттӕ, судзынц хъӕутӕ, сыгъд цӕуынц ӕфхӕрд адӕмы чъиухиды фӕллӕйтты муртӕ».

Адӕм стыхстысты знагӕй. Цы фӕуой, уый нал зонынц ӕмӕ Чермен йӕ хъӕлӕсы дзаг ӕххуысмӕ сиды партимӕ:

«Цы фӕдӕ, парти!

Кӕм дӕ, ӕртӕ азы дӕргъы дӕластӕры уынгӕг уазал цӕджы ‘хсӕн Октябры фӕндагыл йӕ риуы ӕмбӕрцӕй размӕ йӕхи чи тыдта? Ленины ахуырадӕй йӕхи чи хотыхджын кодта алы скъӕты, мусты, ӕмбӕхст бынӕтты уӕззау пъӕззы куыстыты фӕстӕ хидкалгӕ фӕлладӕй? Йӕ тӕнӕгӕй гӕрзытӕ чи уагъта хӕцӕнгӕрзты самалӕн X. Ирыстоны Октябры фӕуӕлахизы хъуыддагӕн; нӕ гӕвзыкк дзыллӕ йӕхи кӕй бӕрны бакодта ӕгасӕй, – кӕм дӕ, нӕ парти? Хъуысы ӕмыр уынӕрӕй дӕлӕ Чъыребайы, Цъунары, Ортъеуы уӕлвӕзтӕй къухтӕ-карст фӕсивӕды буарӕй: «Мӕнӕ!».

«О, ӕнӕкӕрон хъизӕмары тугӕй фӕлдӕхт фӕн-дӕгты бӕлццон, нӕ парти, кӕм ис дӕ революци, кӕм ис советон X. Ирыстон? Кӕм ис? Хъуысы хъӕуты сыгъдоны фӕздӕгӕй, хӕдзӕртты сыгъдон ахуыссӕггӕнӕг тугӕй, знаджы арцытыл физонӕг сабиты буарӕй, тыхӕйхӕст, къухтӕ сылгоймæгты мӕрдтӕй; «Мӕнӕ!» (58, 59).

Иугӕр меньшевиктӕ фӕуӕлахиз сты, уӕд партизанты бон дӕр сӕ ныхмӕ фӕлӕууын нæ баци ӕмӕ иннӕ адӕмимӕ фӕлыгъдысты Цӕгат Ирыстонмӕ.

Чермен бирӕ фӕхъуыды кодта ирон адӕмы уыцы уӕззау трагедийыл, састы бынаты кӕй баззадысты, уый аххосӕгтыл, ӕмӕ сын ӕмбӕлон анализ саразыныл дӕр. Фыццаджы дӕр уый, ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуӕй цы партизанты бригадӕ ӕрцыд Санахъоты Матейы разамынады, уыдон хӕцӕнгарзӕй уыдысты тынг цух, стонг, ӕххормаг, бӕгънӕг ӕмӕ бӕгъӕввад.

Дыккаджы та уый, ӕмӕ партизантӕ тынг цух уыдысты дисциплинӕйӕ дӕр. Куыддӕр Чъребайы ссӕрибар кодтой, афтӕ бирӕтӕ фӕфардӕг сты сӕ хӕдзӕрттӕм. Бирӕты дзы штаб ауагъта ӕртӕ боны ӕмгъуыдмӕ.

Ацы хъуыддӕгтыл лӕмбынӕг дзуры Беджызаты Чер-мен йӕ бонӕг «Ссыгъди цард»-ы ӕмӕ йӕ нымайы мӕгуырауыл: «Рӕдийынц не ‘фсӕддон хистӕртӕ дӕр; штабы зондӕй уадзынц ӕфсӕддонты иугай ӕмӕ къордгай сӕ хӕдзӕрттӕм баулӕфынмӕ ӕмӕ хойраг ӕрхӕссынмӕ.

Афтӕмӕй дзӕвгар ацыд фӕсивӕдӕй ӕмӕ фронт бӕгънӕг кӕны. Ахӕм ӕбуалгъ рӕдыд сабийыл дӕр ма ‘рцӕуӕд, фӕлӕ ма цы гӕнӕн ис?

Уӕлахизы цинӕй срасыджы рӕстӕг нын нӕй, уый цӕмӕннӕ зонынц?

Ӕви знагӕй ӕппын ницыуал ӕнхъӕл сты?.. Ныртӕк-кӕйӕ ӕрвонгдӕр хъуамӕ макуы уой нӕ зонд, нӕ куыст, нӕ митӕ, нӕ архайд».

Ӕмӕ дарддӕр дзуры Чермен: «Хӕсты цӕхӕрӕй ауадз де ‘фсӕдты ‘рдӕг сӕ хӕдзӕрттӕм баулӕфынмӕ, ахӕм сӕрхъӕн рӕдыд ӕфсады хистӕр нӕ, фӕлӕ сабийыл дӕр не ‘рцӕудзӕн».

Хуссар Ирыстоны зӕхкусӕг адӕмы 1920 азы июны растад састы бынаты цӕмӕн баззад, уый тыххӕй нӕ историктӕ загътой ӕмӕ зӕгъдзысты сӕ ныхас, фӕлӕ Чермен ацы фарстайы тыххӕй ӕргомӕй зӕгъы йӕ ныхас: «Цӕмӕн фӕбынӕй стӕм нӕ революцион хӕсты, цӕмӕн ныл фӕуӕлахиз знаг? Уымӕн ӕмӕ уыдыстӕм ӕдзӕттӕ организацион ӕгъдауӕй, хотыхӕй цух. Уымӕн ӕмӕ Хуссар Ирыстоны фӕллойгӕнджыты се ‘ппӕт ӕмзонд, ӕмзӕрдӕйӕ сыстын кӕнын нӕ бон нӕ баци. Уымӕн ӕмӕ аззадыстӕм иунӕгӕй ӕмӕ нын лӕгдыхӕй ӕмӕ хотыхӕй материалон ӕххуысгӕнӕг нӕ фӕци, нӕ зӕрдӕ бавӕрдтой (материалон ӕгъдауӕй), уымӕн ӕмӕ знаг уыди организацигонддӕр, бантыст ын мӕнг митӕй иуӕй-иу гуырдзиаг кусджыты ‘хсӕн равдисын хъӕууонты контрреволюционертӕй, фӕсайдтой сӕ, ӕмӕ сӕ сфыдзӕрдӕ кодтой хъӕууонтӕм, уӕлдайдӕр та махмӕ. Уымӕн, ӕмӕ… бирӕ ӕфсӕнттӕ ис, ӕппӕт нымайыны сӕр хъӕугӕ дӕр нӕ кӕны».

БЕКЪОЙТЫ Майæ

Уыдзæ ма

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.