Ирон богал Уалыты Черменæн Албанийы столицæйы радтой фатеры дæгъæлтæ æмæ æхцайы фæрæзтæ 5 милуан сомы бæрц. Радта йын сæ Албанийы хицауады сæрдар Эди Рама.
Уалыты Чермен Албанийы спортивон кад хъахъхъæнгæйæ ссис 2024 азы Олимпион хъæзтыты бронзæйон призер. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Чермен кæй ссис ацы бæстæйы историйы фыццаг Олимпион призер.

Хорзæхджын æрцыдысты ордентæй

Уæрæсейы Президент Владимир Путин йæ къух æрфыста барамындыл дзюдойæ дунейы чемпион Тасойты Иналы «Райгуырæн бæстæйы раз лæггæдты тыххæй» II къæпхæны ордены майданæй схорзæхджын кæныны тыххæй. Паддзахады сæргълæууæг ма йæ барамындæй Хæлардзинады орденæй та схорзæхджын кодта Токиойы Олимпион хъæзтыты бронзæйон призер Таймæзты Мадинæйы. Хорзæхтæ сын лæвæрд æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы дзюдойы рæзты популярондзинадмæ стыр хайбавæрд бахæссыны æмæ активон æхсæнадон архайды тыххæй.
Тайсойты Иналыл цæуы 26 азы, хæцы +100 кг уæзы категорийы. У Европæйы дыууæ хатты чемпион. Дохайы дунейы чемпионаты финалы Тасойы фырт уæлæмхас рæстæджы контратæкæйæ сфæлдæхта йæ зындгонд ныхмæлæууæг французаг Тедди Ринеры. Фæлæ йæ тæрхонгæнджытæ нæ банымадтой фæстиуæгджын архайдыл. Тох рамбылдта Ринер. Фæлæ иу мæйы фæстæ басастысты рефери кæй фæрæдыд æмæ йын радтой сыгъзæрин майдан. Афтæмæй фыццаг хатт историйы сыгъзæрин майдан лæвæрд æрцыд дыууæ адæймагæн. Таймæзты Мадинæйыл та цæуы 25 азы.
Тасойты Инал йæхи цæттæ кодта Парижы Олимпион хъæзтытæм, уыд сезоны дунейон рейтингы фыццаг номыр, фæлæ йæ дунеон Олимпион комитет нæ бауагъта Олимпиадæмæ.

Футбол

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» сæйраг скондæй рахизын кодта командæйы капитан Цæллæгаты Ибрагимы. Уый тыххæй хъусын кæны журналист Сергей Ильев. Зæгъгæ, алайнæгты тренерон штаб ныфс не ‘вæры 33-аздзыд футболистæй. Дзæуджыхъæуккæгтæ цæттæ сты футболисты ауадзынмæ, йæ балхæныны тыххæй сæм исчи куы бахата, уæд.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.