Хуссар Ирыстоны туризмы рæзтæн ис æппæт фадæттæ дæр куыд сæрдыгон, афтæ зымæгон сезонты дæр.  Фæлæ уыдон скусын кæнынæн хъæуы фæрæзтæ. Уый аххосæй туризмимæ баст бирæ проекттæ арæх царды  уагъд не ‘рцæуынц. Экономикон рæзты министрад архайы уавæр бындуронæй фæивыныл. Уыцы нысанæн ивгъуыд къуыри Экономикон рæзты министрад ауагъта презентаци, йæ порталыл цы туристон проекттæ бацæттæ кодта, уыдоны фæдыл.  Ацы министрады сæргълæууæг  Хъотайты Сæрмæт æрдзырдта мидæггагон туризмы райрæзты фæдыл. Видеобастдзинады фæрцы экраныл бакæсæн уыд республикæйы фенддаг бынæттæм. Министрад ма æрдзырдта хицауады ‘рдыгæй комплексон-финансон  æххуысы гæнæнтыл, банысан кодта, туризмы райрæзтæн ахъаз кæй уыдзæн, цы портал æрбайгом кодтой, уый.

Экономикон рæзты министры хæдивæг Тъехты Альберты ныхæстæм гæсгæ  цы 28 локацийыл бакуыстой, уыдонæй сырæзт 30 хъæугæ информаци. Сарæзтой ма нымæцон платформæтæ дæр. Ныр та сæ нысан у инвестортæ ссарыныл бакусын.

Ацы хайады бæрнон кусæг Кокойты Аннæ презентацимæ æрбацæуджытæн экраныл равдыста Урстуалты комы дæс фенддагдæр бынаты, афтæ ма  Знауыр æмæ Цхинвалы районты цымыдисаг бынæттæ дæр. Куыд загъта, афтæмæй кусдзысты цалдæр тур æрбайгом кæныныл.

Презентацийы хайад райста Хицауады сæрдар Джуссойты Константин. Уый ныфс бавæрдта, Хицауад цæттæ кæй у, туризмы фадыджы цы проекттæ арæзт цæуынц, уыдон фарсмæ балæууынмæ».

Презентацимæ хуынд æрцыдысты гидтæ æмæ, туризмы фадыджы кусын кæй фæнды, ахæм адæймæгтæ дæр. Уыдонæй цалдæрæй загътой сæ хъуыдытæ.

«Мæнмæ арæх бахатынц, цæмæй райсон мæхимæ туристтæ. Уый тыххæй æмæ дыууæ азы размæ Зонкъары хъæуы сарæзтон чысыл туристон базæ. Фæлæ туризмы рæзты фарст у тынг вазыгджын,  у хицауады æмвæзадыл скъуыддзаггæнинаг. Махмæ кæд дзæвгар адæмы бафæнды æрцæуын, баулæфын, уæддæр нырма цæттæ не стæм сæ райсынмæ.  Турист балцы размæ ахъуыды кæндзæн, сервис цахæм у, куыд ын балæггад кæндзысты, цы йын фенын кæндзысты. Уый фиды æхца, йæ домæнтæ дæр бирæ сты. Туристы фæндагыл цæугæйæ хъуамæ бафæнда исты историон объект бабæрæг кæнын. Уыдон бирæбæрцæй скъуыддзаг куы ‘рцæуой, уæд канд бынæттон цæрджытæ нæ тырндзысты нæ туристон фæндæгтыл ацæуынмæ, фæлæ нæм æндæр реги­онты цæрджытæ дæр се ‘ргом  раздахдзысты. Ирыстон зындгонд у йæ хосгæнæн дæттæй, суæрттæй. Ирон хæбизджын æмæ физонæджы тыххæй дард регионтæй сæрмагондæй ничи æрцæудзæн, фæлæ йæ низтæй фервæзыны охыл æрцæудзæн»,- загъта Уазæгты Къоста.

Йæ хъуыдытæ нын загъта æндæр амалиуæггæнæг Санахъоты Азæмæт дæр. Уый дæр архайы туризмы сферæйы: «Хъæуы стыр проекттæ саразын, хъуамæ тырнæм размæ, уæлдæр æмвæзадмæ. Цæмæн хъæуы æнхъæлмæ кæсын, абон саразæн кæмæн ис, уый соммæ цæмæн æргъæвæм? Фыццаджыдæр уал, цæмæй турист æрцæуа нæ республикæмæ, уый тыххæй арæны сæртыл хизгæйæ, æнхъæлмæ ма хъуамæ кæса сахатгæйтты. Турист æрцæуы Ирыстонмæ, цæмæй фена æрдз, фенддаг бынæттæ. Уымæ гæсгæ бакусын хъæуы инфраструктурæйы рæзтыл. Раст у, хъуыддæгтæн иу бонмæ саразæн нæй, абон цы туристон портал æрбайгом, уый дæр æнцон аразæн нæ уыд, æрдæг аз æй арæзтой. Фæлæ уый фæстæ дæр бирæ аразын хъæуы. Æрмæст туристон портал æрбайгом кæнынæй хъуыддаг размæ нæ ацæудзæн. Æвдисдзыстæм сын нæ рæсугъд æрдз, нæ хæхтæ, нæ кæмттæ. Фæлæ фæндæгтæ бынæттæм рæстмæ куынæ уой, уæд нæ хъуыддаг размæ нæ ацæудзæн».

Джусойты Зинæ та ахæм хъуыды загъта туризмы тыххæй: «Туристтæ исын хорз у, фæлæ уыдон фæфæнды хæхтæм ацæуын. Цæмæй æдас уой, мацы фыдбылыз сыл æрцæуа, уый тыххæй турист, нæ республикæмæ æрбацæугæйæ, йæхи хъуамæ сре­гистраци кæна Уæлвæткон уавæрты министрады. Уым ын бæрæг амындтытæ хъуамæ радтой æдасдзинады фæдыл».

Дарддæр Джусойты чызг æрдзырдта, хæхтæм туристон фæндæгтыл цæугæйæ, сæхи куыд хъуамæ дарой, цы аразын хъæуы, уыдæттыл.

«Раст зæгъгæйæ, абон ацы туристон порталы презентацимæ куы цыдтæн, уæд æнхъæл уыдтæн, ацы амындтытæ кæй фехъусдзынæн. Æз та дзы федтон æрмæстдæр видеорекламæ Ирыстоны рæсугъддæр бынæтты тыххæй», – загъта Джусойты чызг.

Ацы фарстæн Экономикæйы рæзты министрады туризмы хайады кусæг Кокойты Аннæ афтæ сдзуапп кодта, зæгъгæ, сайтыл æппынæдзух æппардзысты информаци æмæ Хуссар Ирыстонмæ туризмы фадыджы æрцæуынмæ чи хъавы, уымæн лæвæрд цæудзæн  логистикæ.  Уымæй уæлдай ма,  дам, туризмы хайад цы маршрутыл бакуыста, уыдон сты æнцонвадат.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.