Суворовы номыл æфсæддон ахуыргæнæндоны уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Цхуырбаты Алан мастер-класстæ ауагъта Хуссар Ирыстоны горæты æмæ хъæуты скъолаты ахуыргæнджытæн, стæй Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты лектортæн.

Мадзалы райдианы Хуссар Ирыстоны Уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ассоциацийы сæрдар Тедеты Залинæ раарфæ кодта æрæмбырдуæыджытæн Уæрæсейы паддзахадон тырысайы боны цытæн.

«Абоны нысаниуæгджын бон  бæрæгбон у не ‘ппæтæн дæр, уымæн æмæ мах стæм уæрæсейаг æмбæстæгтæ, – загъта Тедеты Залинæ. Уæрæсейы тырыса у Уæрæсейы символ, æмæ йæ зонынц æппæт дунейы. Æмæ абон урс-морæгъуыз-сырх сгæллад у Уæрæсейы Федерацийы символ. Ацы æртæ хуызы сты сгуыхтдзинад, лæджыгъæд æмæ уæрæсейы фидæнмæ тырнындзинады нысан».

Тедеты чызг ма æрсидт мастер-классы хайадисджытæм, цæмæй æмырæй алæугæйæ ссарой  се ‘мкусæг, дзæнæттаг Цыбырты Маринæйы ном. Уый æнæрæстæджы ахицæн се ‘хсæнæй.

Дарддæр, Цхуырбаты Алан радзырдта ахуыргæнджытæн Иумæйаг паддзахадон фæлварæны рæстæджы ахуыргæнинæгты сочинени ныффыссыны амæлтты тыххæй.

«ИПФ-йы рæстæджы сочинени ныффыссын у уæлдай вазыгджындæр хæс, æмæ иуæй-иу эксперттæ дзурынц, зæгъгæ, уый у, скъолайы нæ, фæлæ уæлдæр ахуыргæнæндоны æмвæзад,  банысан кодта Цхуырбайы фырт. Уый традицион сочиненийæ хицæн кæны уымæй, æмæ дзы хъуамæ æппæтдæр уа раст, логикон æгъдауæй æххæст, раст амад».

Мастер-класс фæци практикон ахуыртæй.

Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны “Россотрудничество”-йы минæварады  къухдариуæггæнæг Михаил Степанов æмæ Республикæйы Ахуырады министрады минæвæрттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.