Кæцы чызджы не ‘лвасы йæхимæ рæсугъддзинад, кæцы сылгоймаг нæ уарзы аив дзаума æмæ рæсугъд гæнæнтæ, зæгъгæ, куы бафæрсæм, уæд се ‘хсæн иунæг ахæм адæймаг дæр нæ разындзæн.
Цалдæр мин азы размæ авг куы фæзындис æмæ йын адæм стыр аргъ кæнын куы райдыдтой, уæд цадæггай фæзындысты уымæй арæзт цæхæркалгæ мигæнæнтæ, семæ алыгъуызон формæ фæрдгуытæ дæр. Уымæ гæсгæ рагзаманты сылгоймæгты зæрдæмæ тынг фæцыдысты авгæй фæлындзæнтæ æмæ сæ пайда кодтой.

Фæстаг цалдæр азы нæ республикæйы сарæх сты, бисерæй бийыны хъуыддагыл хæст чи сты, ахæм къухджын сылгоймæгтæ, скъоладзау фæсивæды ‘хсæн дæр тынг апарахат, уымæн æмæ нæм бакодтой сæрмагонд кружоктæ. Се сфæлдыстадæн фенæн вæййы равдыстыты, бирæтæ та сæ заказмæ гæсгæ фæкæнынц уæй. Ахæм хæрзиуæгон хъуыддагыл лæуд у, йæ армæй бæркад кæмæн цæуы, ирон сылгоймаджы кад бæрзонд чи хæссы, уыцы, курдиатджын æрмдæсны Джыгкайты Заринæ дæр. Мах ын фыццаг йæ куыстытимæ базонгæ стæм ивгъуыд аз 20-æм сентябрь – Республикæйы Хæдбардзинады бæрæгбоны цытæн армукъайы. Адæм æм цыдысты æмæ-иу æй фарстой, зæгъгæ, ацы диссæгтæ дæхи къухтæй аразыс æмæ та-иу фефсæрмы. Куыд мах, афтæ нæ республикæйы цæрджытæ дæр уæд фыццаг хатт федтой бисерæй быд сумкæтæ æмæ æндæр хъазæнтæ. Уыцы бон бирæ чызджытæ баисты, Заринæйы къухтæй быд сумкæты хицæуттæ, фылдæр ын сæ уæд æлхæдтой нæ республикæйы уæвæг Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæ. Уый ныридæгæн социалон хызæгты руаджы базыдтой аивады ацы хуызмæ чи цымыдис кæны æмæ йе сфæлдыстад кæй хъæуы, уыцы бирæнымæц аргъгæнджытæ æмæ æлхæнджытæ. Курдиатджын чызг йæ арæхстджын къухтæй цы сумкæтæ æмæ æндæр мигæнæнтæ бийы, уыдон фæхæццæ сты канд Уæрæсемæ нæ, фæлæ ма дард фæсарæнтæм дæр. Фæсарæнты цы ирæттæ цæрынц, уыдон Хуссар Ирыстоны куы вæййынц, уæд сæ бафæнды, кæм цæрынц, уырдæм зæрдылдарынæн исты аласын. Бирæты сæ фæндаг æрбакæны Заринæйы бинонты – Цхуырбаты хæдзармæ, кæнæ нæ горæты цалдæр дуканимæ æмæ уым сувенирæн равзарынц рæсугъд сумкæтæ æмæ фæлмæн хъазæнтæ. Æрæджы та йæ цæхæртæкалгæ сумкæтæй фæхæццæ Францмæ. Сумкæйы хицау тынг райгонд у йæ райсбавæргæ дзаумайæ.

Заринæ бисерæй бийыныл фæхæст бынтон æнæнхъæлæджы – дыууæ азы размæ. Уы-мæн уыд джинсæй курткæ æмæ йæ бафæндыд, цæмæй йæ срæсугъд кодтаид фæрдгуытæй. Заринæйы цæст схæцыд  алыгъуызон цæхæркалгæ бисерыл. Уæйгæнæг ын загъта, зæгъгæ, ацы бисерæй ныртæккæ сумкæтæ дæр бийынц. «Раст зæгъгæйæ, никуы федтон æмæ бисерæй сумкæтæ бийынц æмæ дзы махмæ дæр уæййаг ис, æмæ тынг бацымыдис кодтон, зæгъын, сæ куыд аразынц. Хæдзармæ куы рбаздæхтæн, уæд бахызтæн интернетмæ æмæ æцæгæйдæр, ссардтон ахæм темæйыл видеотæ. Бакастæн сæм æмæ тынг фæцыдысты мæ зæрдæмæ. Федтон æй цавæр æрмæгæй сæ аразынц, куыд сæ бийынц æмæ афтæ райдыдтон мæ фыццаг къахдзæфтæ аразын. Мæ фыццаг сумкæтæ-иу рауадысты фæлмæн, бисер уæззау у æмæ сæ куы рывæрдтаис, уæд сæ формæ не ‘рцахстой, æмæ та мæ-иу уæд бахъуыд интернеты сæр. Раст зæгъгæйæ мын уыдон дæр уæй кодтой, цыдысты адæмы зæрдæмæ. Фæлæ уæддæр райдыдтон агурын ахæм видеоæрмæг, кæцыйы руаджы баххæст кодтаин мæ зонындзинæдтæ æмæ та ууыл дæр фæхæст дæн», – мидбылхудгæ æрымысыд Заринæ.

Курдиатджын æрмдæсны бисерæй бийыныл куы фæхæст æмæ фæд-фæдыл алыгъуызон рæсугъд дзаумæттæ куы сфæлдыста, уæд-иу сæ куы лæвар бакодта, куы та-иу дзы зæрдылдарынæн йæхицæн ныууагъта, иудзырдæй, коллекци сæ кодта æмæ сыл цин кодта йæ бинонтимæ.

Заринæйы сфæлдыстадыл бирæ чидæртæ бадис кодта, бирæты зæрдæмæ фæцыд, фæлæ йын фыццаг хатт аккаг аргъ чи скодта æмæ йæ ацы хъуыддагмæ ноджы чи баразæнгард кодта, уый уыдис йæ хо Мадинæ, кæцы цæры Беларусийы. Уый тынг хорз зоны йæ хо курдиатджын кæй у, йæ чысылæй ныв кæнынмæ дæр тынг кæй арæхст æмæ йæ уарзгæ дæр кæй кæны, уый. Æвæццæгæн Заринæ рахаста йæ мады фыды æфсымæр, зындгонд нывгæнæг Хъотайты Григолы туг æмæ стыр курдиат. Къаннæг чызг ма куы уыдис, уæд æппынæдзух кодта нывтæ æмæ йæ йæ ныййарджытæ ахуыр кæнынмæ барвыстой Цхинвалы нывгæнæн скъоламæ.

Сфæлдыстадон адæймаджы архайдæн æмбæлон аргъ куы цæуа, уæд ын уый разæнгарды хос у. Æгæрыстæмæй, хатт рæвдаугæ, хорз ныхас дæр фаг вæййы, цæмæй йæхиуыл феууæнда æмæ банкъара сфæлдыстадон куысты тых. Заринæ абон ахæм архайдыл лæуд кæй у, ууыл фæсмон нæ кæны æмæ йын хæссы пайда, фыццаджыдæр, моралон æгъдауæй. Йæ арæхстджын къухты руаджы уый базонгæ вæййы йæхиау бирæ хорз адæймæгтимæ æмæ семæ хæларæй цæры.

«Мæ хо-иу мын дзырдта, зæгъгæ, сыл æхца бирæ хардз кæныс æмæ дæ рахизын хъæуы æндæр æмвæзадмæ. Инстаграмы кæсын райдыдтон, диссаджы сумкæтæ куыд бийынц бисерæй, уыцы уроктæм. Мæ хъуыддагæн пайда чи фæцис, ахæм ногдзинæдтæ дзы райстон. Ныр мæ сумкæтæ уайынц иттæг хорз, раст бадынц сæ формæтæ дæр. Фæстагмæ ма мæ сумкæтыл сарæхстæн мидæгæй лæгъз хъуымац хуыйын дæр, цæмæй дзы цы æвæрд уа, уыдон бисеримæ кæрæдзийы ма хафой. Раст зæгъгæйæ, мидæггаг цъаримæ ноджы сæ хуыз бирæ фæхуыздæр», – зæгъы уый.

Æмæ æцæгæйдæр, Заринæ цы сумкæтыл фыдæбон кæны, уыдон ничи рахицæн кæндзæн дунейы фирмæйон фабрикты уагъд продукцийæ. Зæгъгæ, конкурсты хайад исы, уæд æнæмæнгдæр уаид хуыздæрты æхсæн. Йæ алкæцы сумкæйыл дæр бынæй æфсæйнаг шильдикыл фыст ис Заринæ. Уый дæр ын йæ хойы амынд у, цæмæй йын уа йæхи сæрмагонд бренд. Мадинæ йын куыд радзырдта, афтæмæй Минскы ис зынаргъ дукани цæ-цæйнаг бренд «Зарина» номимæ æмæ йыл, зæгъгæ, ды дæр дæхи ном сывæр. Ирыстоны Заринæ ном арæх у, стæй рæсугъд номыл нымад цæуы æмæ сумкæтыл дæр тынг рафидыдта. Чифæнды дæр æй бамбардзæнис ирон сылгоймаджы арæзт кæй сты, уый. Ныридæгæн Заринæ йæхæдæг куыд нымайы, уымæ гæсгæ ауæй кодта сæдæйæ фылдæр сумкæйы. Арæх хицæн адæймæгтæй райсы сæрмагонд заказтæ æндæр æмæ æндæр æрмæджыты фæдыл. Уый йæ куыстыты спайда кæны бисеры ахæм хуызтæй æмæ адæймаджы цæстæнгас сæхимæ фелвасынц сæ аив нывæзтæй. Уыцы куыстыты автор бавæры, куыд бисеры зынаргъдæр æмæ рæсугъддæр хуызтæ, афтæ йæ зæрдæйы хъарм дæр. Йæ сумкæтæм кæсгæйæ, адæймагæн зын равзарæн вæййы уыдонæй иу. Се ‘ппæт дæр сты хæрзарæзт æмæ аив. Уыдон æхсæн ис, хрусталь æмæ бархатон бисерæй кæй сбийы, ахæмтæ. Сты æнахуыр рæсугъд æмæ дзы алкæй дæр æрхъæуы. Зæгъæм, театр, чындзæхсæв кæнæ хъæлдзæг изæр æрвитынмæ куы цæуа сылгоймаг, уæд ма æндæр хуыздæр цы хъуамæ айса йæ къухы! Дуканиты Заринæйы сумкæтæй балхæнæн ис 2 мин сомæй æмæ уымæй уæлæмæ аргъæй.

Заринæ йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ ацы сфæлдыстадон куыстæн бирæ рæстæг хъæуы. Зæгъæм, бæстонæй æрбадтис, уæд иу бонмæ сумкæ сбийдзæн.

Джыгкайты чызг ацы куыстæй дарддæр аккордеоныл цæгъды нæ республикæйы Адæмон инструментты паддзахадон оркестр «Айзæлд»-ы, (каст фæцис нæ горæты Æлборты Феликсы номыл музыкалон ахуыргæнæндон æмæ Тыбылты. А. номыл университеты аивады факультет) афтæ ма дæсны специалист у ныхтæ аразын æмæ сæ дизайны хъуыддаджы, тынг хорз рæхсы уæлæдарæс хуыйын æмæ бийынмæ, уыимæ иумæ лæггад кæны бинонтæн дæр. Заринæ у фондз сывæллоны мад, ис ын хъæбулы хъæбул дæр æмæ сæ йæ зæрдæ райы.

Заринæимæ ныхасгæнгæйæ ма базыдтам, уый кафелы куыстмæ дæр кæй рæхсы. Ныртæккæ йæ хæдзары кафель кæны сæ ваннæйы æмæ йын фæуынхъус у. Нæ мæ бауырныдтаид, мæхæдæг ын æвдисæн куы нæ уаин, уæд. «Кафелкæныны тыххæй зæгъдзынæн афтæ, æмæ мæхæдæг мæ хæдзар цалцæг кæныны хъуыддаджы мæ уд куыд бавæрон, афтæ мын кæцы кусæг бакусдзæн зæрдиагæй. Стæй ма ноджы исынц тынг зынаргъ. Æз та мæ ныфс бахастон ацы куыстмæ æмæ йæ зæрдиагæй кусын.

Мæ сывæллæттæ сæ уроктæ куы фæахуыр кæнынц, уæд сæ фарсмæ бадгæйæ, мæ бон нæу æмæ мæ къухтæй мацы архайон. Мæ къухтæ мæ цыма хæргæ фæкæнынц, уыйау райсын мæ кусинаг æмæ фæкусын, цæмæй мæ рæстæг æнæхъуаджы ма сафон», – зæгъы Джыгкайты чызг.

Заринæ аивад æмæ сфæлдыстадон куыстæн стыр аргъ кæй кæны, уымæ гæсгæ йæ сывæллæтты цайдагъ кæны музыкæйыл. Уыцы курдиат сæм рахатыд йæ хæлар, оркестр «Айзæлд»-ы аивадон къухдариуæггæнæг Уалыты Нинæ æмæ сын сæрмагондæй пианинойыл æнæаргъæй уадзы уроктæ. Заринæйы фæнды, цæмæй йæ сывæллæттæй сомбон рацæуа хорз музыканттæ, зæгъгæ, аивадон дуне у цымыдисон дуне, кæцы адæймагæн хæссы æхцондзинад æмæ амонд.

Заринæйæн нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй сæххæст уой йæ бæллицтæ æмæ бирæ азты дæргъы æнæнизæй Иры адæмæн йæ арæхстджын къухтæй фæлдиса уарзон дзаумæттæ.

Цхуырбаты Лариса

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.