Нæ республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Ивестицион программæйы фæлгæтты арæзт æрцыдысты æмæ дарддæр дæр арæзт цæуынц æндæр æмæ æндæр нысаниуæджы объекттæ. Сæ арæзтадмæ стыр хъусдард здæхт цæуы куыд нæ республикæйы, афтæ Уæрæсейы разамынады фарсæрдыгæй дæр æмæ нæм куы ‘рцæуынц, уæд сыл азилынц æмæ сæ бабæрæг кæнынц. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ, бирæ нысаниуæгджын объекттæ рæстæгыл лæвæрд æрцыдысты эпсплуатацимæ. Ис дзы ахæм объекттæ дæр, кæцытæ хаст æрцæуынц ацæугæ азæй ног æрбалæугæ азмæ.

Ахæм объекттæй сæ иу у ЦАРЗ-ы районы Гуыбаты æфсымæрты уынджы сывæллæтты рæвдауæндон. Уыдон куыстытæм æрæвнæлдтой 2023 азы июны мæйы. Арæзтадон куыстытæ æххæст кæны арæнгонд бæрндзинады æхсæнад “Мегаполис-Т”.

Арæзтады прораб Габуты Игорь куыд загъта, афтæмæй уый арæзт цæуы 2023-2025 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты. Арæзтады ныртæккæ кусынц 20 адæймаджы æмæ техникæйы цалдæр иуæджы.

“Ницы зындзинæдтыл æмбæлæм. Объект финансгонд цæуы рæстæгыл, арæзтадон æрмæджытæй стæм ифтонг. Æппæт куыстытæ дæр цæуынц графикмæ гæсгæ. Сывæллæтты цæхæрадон арæзт хъуамæ æрцæуа 2025 азы, фæлæ мах фæнд кæнæм, цæмæй ацы азы кæрон æрцæуа эксплуатацимæ лæвæрд,” –  загъта Габуйы фырт.

Прораб ма куыд банысан кодта, афтæмæй арæзтадон æрмæджытæ фылдæр самал кæнынц Цæгат Ирыстоны. Фæлæ ма пайда кæнынц, бы-наты кæй уадзынц, ахæм æрмæджытæй дæр. Цæвиттон агъуыст бамбæрзтой завод «Эмальпровод»-ы кæй уадзынц, уыцы профнастилæй. Пластикон рудзгуытæ дæр æлхæд æрцыдысты бынаты. Афтæ ма спайда кæндзыстæм æндæр æмæ æндæр бынæттон арæзтадон æрмæджытæй дæр.

Нæ республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Ивестицион программæйы фæлгæтты арæзт æрцыдысты æмæ дарддæр дæр арæзт цæуынц æндæр æмæ æндæр нысаниуæджы объекттæ. Сæ арæзтадмæ стыр хъусдард здæхт цæуы куыд нæ республикæйы, афтæ Уæрæсейы разамынады фарсæрдыгæй дæр æмæ нæм куы ‘рцæуынц, уæд сыл азилынц æмæ сæ бабæрæг кæнынц. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ, бирæ нысаниуæгджын объекттæ рæстæгыл лæвæрд æрцыдысты эпсплуатацимæ. Ис дзы ахæм объекттæ дæр, кæцытæ хаст æрцæуынц ацæугæ азæй ног æрбалæугæ азмæ.

Ахæм объекттæй сæ иу у ЦАРЗ-ы районы Гуыбаты æфсымæрты уынджы сывæллæтты рæвдауæндон. Уыдон куыстытæм æрæвнæлдтой 2023 азы июны мæйы. Арæзтадон куыстытæ æххæст кæны арæнгонд бæрндзинады æхсæнад “Мегаполис-Т”.

Арæзтады прораб Габуты Игорь куыд загъта, афтæмæй уый арæзт цæуы 2023-2025 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты. Арæзтады ныртæккæ кусынц 20 адæймаджы æмæ техникæйы цалдæр иуæджы.

“Ницы зындзинæдтыл æмбæлæм. Объект финансгонд цæуы рæстæгыл, арæзтадон æрмæджытæй стæм ифтонг. Æппæт куыстытæ дæр цæуынц графикмæ гæсгæ. Сывæллæтты цæхæрадон арæзт хъуамæ æрцæуа 2025 азы, фæлæ мах фæнд кæнæм, цæмæй ацы азы кæрон æрцæуа эксплуатацимæ лæвæрд,” –  загъта Габуйы фырт.

Прораб ма куыд банысан кодта, афтæмæй арæзтадон æрмæджытæ фылдæр самал кæнынц Цæгат Ирыстоны. Фæлæ ма пайда кæнынц, бынаты кæй уадзынц, ахæм æрмæджытæй дæр. Цæвиттон агъуыст бамбæрзтой завод «Эмальпровод»-ы кæй уадзынц, уыцы профнастилæй. Пластикон рудзгуытæ дæр æлхæд æрцыдысты бынаты. Афтæ ма спайда кæндзыстæм æндæр æмæ æндæр бынæттон арæзтадон æрмæджытæй дæр.

Бестауты Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.