Абайты Вассойы хæдзар-музейы  уыдис ахуыргонды  цардвæндаджы тыххæй лекци. Бакастис æй ХИПУ-йы профессор   Битарты Зойæ. Горæты ахуыргæнæн уагдæтты ахуыргæнджытæ, библиотекæты, архивты кусджытæ,  æхсæнады минæвæрттæ Битаронмæ хъуыстой стыр цымыдисæй.

Райдианы лектор æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта Вассойы биографиимæ, зæгъгæ, райгуырд 1900 азы 15-æм декабры Къобы хъæуы. Банысан кодта растæндæр  15- æм декабры кæй райгуырд, уый. Уымæн æмæ  йын йæ гуырæн бон бирæтæ хæццæ кæнынц.

Вассо хъæуы райдиан ахуырад райсыны фæстæ ахуырмæ бацыд Тифлисы гимназимæ. Каст æй куы фæцис, уæд та ахуыр кодта Ленинграды Паддзахадон университеты æхсæнадон зонæдты факультеты этнологион-лингвистикон хайады. Ахуыр кодта  ирайнаг философи. Каст фæцис аспирантурæ дæр. Уый фæстæ райдыдта йæ зонадон куыст.

«Æз куыстон ирæттæ æмæ Ирыстонæн»

Зойæ Вассойы хæдзар-музейы тыххæй афтæ радзырдта, зæгъгæ, «хæдзар-музей нал у, фæлæ у зонадон-культурон центр, уымæн æмæ хæдзар-музейы хъуамæ уыдаид Вассойы номыл исты дзаумæттæ.

«Вассойы амæлæты фæстæ хæдзар-музейы директор уыд Плиты Юзæ. Уый фæрцы хъахъхъæд æрцыдысты Вассойы дзаумæттæ, фæлæ Юзæ куы фæзиан, уæд ныппаплой сты. Цы чысыл муртæ ма дзы баззад, уыдон та аирвæзтысты музейы ныры директор Остъаты Мадинæйы фæрцы. 2008 азы хæсты рæстæджы басыгъд бæстыхай дæр», – банысан кодта Битарты Зойæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны интеллигенци нæ республикæйы разамонджытæн бузныг хъуамæ зæгъой, йæ номыл ацы бæстыхай кæй ис, уый тыххæй, уымæн æмæ Вассойæн æппындæр ницы ис Цæгат Ирыстоны. Ницы дæр ын Мæскуыйы ис.

Битарты Зойæ æрæмбырдуæвджытæн лæмбынæг радзырдта стыр ахуыргонд-иранист Абайты Вассойы царды тыххæй. Банысан кодта, Ирыстонмæ, уæлдайдæр та Хуссар Ирыстонмæ Вассойы æгæрон уарзондзинад.

«Вассо-иу афтæ дзырдта: «Æз куыстон ирæттæ æмæ Ирыстонæн», – бахахх кодта Зойæ æмæ лæмбынæг радзырдта Вассоимæ йæ фыццаг фембæлды тыххæй.

«Куы базонгæ дæн йемæ, уæд мæ йæ фарсмæ æрбадын кодта æмæ мын дзырдта ирон æвзагамоныны уавæры, алы здæхты кадртæ цæттæ кæныны тыххæй, радзырдта æндæр æвзæгты тыххæй дæр. Уый фæстæ йæм бахатыдтæн, цæмæй мæ йæ лекцитæм бауагътаид. Байхъуыстон æм  Авестайы тыххæй 28 лекцимæ æмæ рагон персайнаг æвзаджы тыххæй та 22 лекцимæ», – загъта Битарты чызг æмæ банысан кодта, зæгъгæ, йын йæ лекцитæм хъуыстой аспиранттæй суанг титулджын ахуыргæндты онг. Цалынмæ-иу йæ лекци нæ райдыдта, уæдмæ уал-иу афарста, йе лекцитæм чи бацыд, уыдоны, сæ хъуыддæгты, сæхи куыд хатынц, уыдæттæй, æгæрыстæмæй-иу семæ аныхас кодта боныгъæды тыххæй дæр», – загъта Битарты Зойæ.

Уый  куыд радзырдта, афтæмæй-иу рæстæгæй рæстæгмæ афарста Вассойы, Хуссар Ирыстоны йæ цæрын фæнды æви нæ, уый тыххæй. «Куы мын сразы, уæд æй афарстон:

– Дзауы æви Чъребайы?

– Кæй зæгъын æй хъæуы Чъребайы, цæмæй-иу мæм мæ хæлæрттæ æрбауайой.

«Мæхæдæг мæ ныфс нæ бахастон, фæлæ Цыбырты Людвиг æмæ Хъотайты Гриша бахатыдысты уæды обкомы фыццаг секретарь Санахъоты Феликсмæ. Санахъойы фырт Джапаридзейы (ныры Абайты Вассойы) уынгыл финаг хæдзар  саразын кодта æмæ дзы 1984 азы Вассо бацард. Вассойæн хæдзар тынг йæ зæрдæмæ цыд. Дзæнæттаг къуым æй хуыдта. Цин кодта, хисæрмагонд исад ын кæй фæзындис, уый тыххæй.

1987 азы сæрды мæм Вассо уыд  уазæгуаты. Уый мын рахæссын кодта магнитофон æмæ дзы наффыста уæсиат (завещание). Уым дзырдæуыд: «Всю свою библиотеку я хочу подарить Южной Осетии. Это будет скромный знак моей благодарности Южной Осетии, общественности Южной Осетии, за все, что она для меня сделала». Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, библиотекæ хъуамæ уа æхсæнадон, цæмæй чингуытæй пайда кæной, цымыдисон кæмæн сты, уыдон. Хъыгагæн, йæ библиотекæйæ тынг бирæ чингуытæ фесæфт, фæлæ Цæгат Ирыстонмæ уыйас адæймагдзинад хъуамæ разына, цæмæй библиотекæйæ Хуссар Ирыстонæн дæр фæхай кæна. уырны мæ, фæхай нын дзы кæндзысты», – бафиппайдта Зойæ æмæ лæмбынæг радзырдта, Вассойы куыстытæ чингуытæй кæй æххуысæй рауагъта, уыдæтты тыххæй дæр.

Уый бузныджы ныхæстæ загъта Бибылты Анатолийы æмæ Цыбырты Людвиджы адрестыл, Анатолийæн –  чингуыты рауагъдæн 3 милуан сомы кæй рахицæн кодта, уый тыххæй, Людвигæн та – цырт ын кæй сарæзта, уый тыххæй.  Равдыста ма, Вассо гимназы ахуыргæнгæйæ цы чингуытæ бакаст, уыдоны номхыгъд.

«Нæ республикæйы хæдбардзинады тыххæй нын Вассо нæ тох æмбæрста æмæ-иу хъазгæйæ афтæ дзырдта: «Куыд кæсын, афтæмæй политикæ дæр тынг цымыдисон зонад у, æз та цæрæнбонты префикстæ æмæ суффикстимæ архайдтон», – банысан кодта Битарон.

Зойæ лæмбынæг радзырдта Абайты Вассойы этимологион дзырдуаты тыххæй дæр, банысан кодта  дзырдуаты фæсарæйнаг ахуыргæндтæ  кæй схуыдтой феноменалон куыст. Вассойы та – лингвистикæйы уникалон фигурæ, оригиналон хъуыдыгæнæг.

Уый йын æнæхъусдард нæ ныууагъта йæ бинонты дæр. Загъта, зæгъгæ, йæ фыд Уанкъа уыд дæллаг сыбайаг. Абайтæ сæхæдæг рацыдысты Захъхъагомæй.

«Вассо йæхæдæг йæ мыггаджы тыххæй афтæ зæгъы, зæгъгæ, мыггаджы равзæрсты ис туркаг дзырд  «аба», ома, «фыд». Се ‘рвадæлтæ сты Осиатæ, Икъатæ, Зоратæ æмæ Беслехъотæ», – банысан кодта Битарон.

Зойæ радзырдта ирон æвзаджы проблемæйы тыххæй дæр.

«Мах нæ фæсивæды иронау дзурын, иронау хъуыды кæнын куы нæ сахуыр кæнæм, уæд нæ хъуыддаг катайаг уыдзæн», – бахахх кодта Битарты Зойæ.

Уый куыд фехъусын кодта, афтæмæй зонадон-культурон центры дарддæр дæр уагъдæуыдзæн лекцитæ.

ОСИАТЫ Индирæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.