Нæ радон номыртæй сæ иуы «Хуссар Ирыстоны æртæ сомы фæасламдæр уыдзæн æртаджы аргъ», зæгъгæ, ахæм сæримæ рацыд уац. Уыцы хабар махæн фехъусын кодта экономикон райрæзты министр Тадтаты Дзамболат – номхыгъдæй, министрады официалон документы фыст уыдис: «10-æм октябрæй «Югосет-продукт» æртаджы иу литр уæй кæндзæн фæндзай авд (57) со-мæй».

Махæн дæр уый æхсызгон хабар уыд. Ныммыхуыр æй кодтам нæ газеты. Газеткæсджытæ та махыл æууæндынц. Уымæ гæсгæ нæм нæ горæты цæрæг Тедеты Аслан лæбурæджы цыд æрбакодта редакцимæ: «Цы фыссут, уый цæмæннæ сбæлвырд кæнут? Æртаджы аргъ нæ фæкъаддæр, сымах куыд ныффыстат, афтæ. Шофыртæ быцæу кодтой æртагкæнæн станцы кусæгимæ, ома, хицауады уынаффæмæ гæсгæ бензин фæасламдæр æртæ сомы. Фæлæ нын уыдон загътой, зæгъгæ, аргъ кæй фæкъаддæр кодта, æрмæстдæр, Паддзахадон унитарон куыстуат «Югосетнефтепродукт»-ы æртаг уадзæн станц. Уым та бензин дæттынц, æрмæстдæр, талонтæм гæсгæ. Уыцы информаци цæмæн хъуыд мах, хуымæтæг адæмы! Кæд æмæ мах нæ машинæты бензин æндæр рæтты кæнæм, уæд», – тызмæгæй дзырдта не ‘мбæстаг.

Бацымыдис кодтам, нæлгоймаджы ныхæстæ цас раст сты, æмæ æрзылдыстæм æртагуадзæн станцтыл. Æцæгдæр, æртаджы аргъ нæ аивта. Хатыр курæм нæ зынаргъ газетксæджытæй, ахæм информаци радтынмæ кæй фæтагъд кодтам.

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.