Дыццæджы, 10-æм январы Цхинвалы «Шанхай»-ы микрорайоны Хъуылайы фырты уынджы ссыгъд хисæрмагонд хæдзар. Зынгсирвæзты рæстæджы хæдзары уыдысты 5 адæймаджы – хæдзары хицау Цхуырбаты Вадим, йæ хо, йæ цардæмбал Кокойты Аленæ æмæ  сæ дыууæ сывæллоны – Цхуырбаты Дианæ – 2009 азы гуырд æмæ Цхуырбаты Аннæ – 2010 азы гуырд.

РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады пресс-службæ куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ сæм æнамонд цауы тыххæй  фæдзырдтой 21:48 сахатыл.

Зынгсирвæзты фæстиуæгæн хъыгдард баййæфтой æртæ адæймаджы. Уыдоны баластой республикон бирæпрофилон медицинон центрмæ.

РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Плиты Агуындæйы ныхæстæм гæсгæ, 12 æмæ 13-аздзыд сывæллæттæ реанимацион хайадмæ бахаудтой уæззау уавæры. Бакодтой сын фыццаг медицинон æххуыс. Уый фæстæ мад æмæ дыууæ сывæллоны æрвыст æрцыдысты сыхаг республикæмæ.

Хæдзары пырхæнты бынæй систой  сыгъд адæймаджы мардбуар. Уагъд цæуы тæрхондонон-медицинон экспертизæ. Уац мыхуырмæ цæттæ куы цыд, уæд нæма ссардтой бинонты уæнгтæй ноджы иуы мардбуары.

Æнамонд цауы фæдыл уагъд цæуынц фæдагурæн мадзæлттæ.