Хуссарирыстойнаг спортсментæ æнтысджынæй сæхи равдыстой РЦИ-Аланийы хæстон аивæдты хъæзтыты æппæтстилон каратэйæ. Ерысты уæлахиздзаутæ систы Къæбулты Хъазбег (64 кг), Мæргъиты Дмитри (51 кг), Харебаты Давид (46 кг), Къораты Алан (57 кг), Бекъойты Шамиль (36 кг), Хаситы Давид (33 кг), Уалыты Сослан (45 кг), Тедеты Константин (31 кг), Александра Сычева (62 кг), æмæ Æлборты Елизаветæ (42 кг).

Æвзист призертæ та систы Пæррæстаты Михаил (42 кг), Къæбулты Арсен (51 кг), Томайты Андрей (50 кг), Уалыты Сослан (45 кг), Станислав Алахвердов (39 кг), Цхуырбаты Денис (48 кг), Гуыззыдтаты Дмитри (42 кг) æмæ Бекъойты Александр. Бронзæйон хорзæхтæ та рамбылдтой Кокойты Александр (51 кг), Хъæцмæзты Алексей (50 кг), Сиукъаты Эрик (48 кг) æмæ Тыджыты Александр.

Спортсменты ерыстæм бацæттæ кодтой Хъуылымбегты Мамед, Хаситы Зелим, Бестауты Азæмæт, Дзабиты Артем, Хетæгкаты Яков, Лолоты Артур æмæ Коцты Алан.

Командон ерысты Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд бацахста 2-аг бынат.

Ныр ерысты фыццаг бынæттæ чи бацахстой, уыдон  райстой æвзæнгты ‘хсæн æппæтуæрæсейон хъæзтыты хайад райсыны бар, кæцытæ уагъд æрцæудзысты Анапайы.

ФУТБОЛ

Дзыллон информацион фæрæз Sport24 куыд хъусын кæны, афтæмæй ирон футболист Зæгъойты Алан уынаффæ рахаста ацы сезоны кæрон йæ профессионалон карьерæ æруромыны тыххæй. Фæлæ фæстæдæр футболист йæхæдæг æндæр информацион фæрæз «Чемпионат»-æн куыд загъта, афтæмæй уыцы информаци раст нæу.

«Хъуыды дæр нæ кæнын ма карьерæ ныууадзыныл. Æмбаргæ дæр æй нæ кæнын ахæм информаци кæцæй апарахат, уый.  ÆЦСК-имæ мæ контракт нырма йæ тыхы уыдзæн иу аз», – фехъусын кодта футболист.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.