Фыдохы митинг фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты мемориалы раз

 

16 азы размæ трагикон цаутæ Хуссар Ирыстоны адæмы зæрдæты ныууагътой арф хъæдгæмттæ.

Ирыстон мысы йæ хæдбардзинады фæдыл сæ сæртæ нывондæн чи æрхастой, уыдоны рухс нæмттæ.

2008 азы августы æрцæугæ трагикон цаутæ зæрдыл æрлæууын кæныны нысанæн нæ горæты «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты номыл» мемориалон комплексмæ 7 августы изæры 10 сахатыл æрбацыдысты республикæйы къухдариуæгад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Хуссар Ирыстоны раздæры Президенттӕ Цыбырты Людвиг ӕмӕ Тыбылты Леонид, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, æфсымæрон Цæгат Ирыстонæй делегаци, министрадтæ æмæ уагдæтты кусджытæ, æхсæнады минæвæрттæ.

Фыдохы митинджы агъоммæ Президент Гаглойты Алан мемориалон комплексы раз мысынӕн сӕвӕрдта венок. Хицауады бӕр­нон кусджытӕ, министрадтӕ, уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ чыртӕ-чыртӕй хастой дидинджытӕ цырты размӕ, сӕркъулӕй лӕугӕйӕ ардтой ацы бон 16 азы размӕ хӕстон агрессийы фӕмардуӕвӕг хъӕбатыр хъахъхъӕнджыты, уӕрӕсейаг салдатты ӕмӕ сабыр цӕрджыты рухс нӕмттӕ.

Мадзалы агъоммæ йæ хайадисджыты рæгъмæ хаст æрцыд «Спутник. Хуссар Ирыстон» цы документалон киноныв «Первые на линии огня: война августа 2008 года глазами миротворцев”, зæгъгæ, бацæттæ кодта, уый, цыран, сæйраджыдæр, дзырд цæуы Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхты æмæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджыты сгуыхтдзинадыл.

Мемориалон комплексы телевизоры экраныл ӕвдыст цыдысты 2008 азы 7 – 8 августы цаутӕ, сӕ царды аргъӕй нӕ бӕстӕйы сӕрибардзинад чи бахъахъхъӕдта, дӕргъвӕтин азты цы сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинадмӕ тырныдтой, фӕлӕ йӕ чи нал æрыййӕфтой, уыдоны къамтӕ.

Бæстæйы разамонæг Гаглойты Алан мысæн мадзалы (йæ раныхас мыхуыр æрцыд) йæ раныхасы бузныг загъта мысæн мадзалы хайадисджытæн. Хæстон архайдтыты рæстæджы нæ Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнгæйæ чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ арыны тыххæй бахатыд, цæмæй сын сæ ном æмырæй алæугæйæ ссарой.

Ацы уæззау бон, зæгъгæ, алы адæйма­джы хъуыдытæ дæр баст сты августы уæззау бонтимæ.

«Хæсджын стæм, цæмæй ацы бонты хъуыды кæнæм, нæ фидæны фæлтæртæн сæ æмбарын кæнæм. Нæ истори нæ ма хъуамæ рох кæна, цæмæй фæлхатт макуыуал æрцæуа», – дзырдта Президент.

Мысæн мадзæлтты хайадисæг, Цæгат Ирыстоны Парламенты Сæрдары хæдивæг Гутнаты Аслæнбег йæ раныхасы куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Ирыстоны адæм радон хатт æрбангом сты, цæмæй равдисой сæ зæрдæйы уæззау маст. Кæд, зæгъгæ, 16 азы рацыд уыцы цаутæй, уæддæр адæмы зæрдæйы хъæдгæмттæ нæ гас кæнынц. «Ирыстоны адæм кæдфæндыдæр хъуыды кæндзысты Ирыстоны æмæ Уæрæсейы аккаг фыртты хъæбатыр сгуыхтдзинад. Уыцы тæссаг æмæ тугуарæн хæсты тыххæй мысынад мах хъуамæ хъахъхъæнæм æмæ йæ дарддæр дæттæм фидæны фæлтæртæм, цæмæй зоной, ныртæккæйы сæрибардзинад цахæм аргъæй æлхæд æрцыд», – дзырдта уый.

Ирон адæм, зæгъгæ, фæндвидарæй сфæрæзтой уыцы тугуарæн хæстон бонтæ, знаджы нæмыджы æмæ сæ фæлитой фæлварæнтæ. Ныртæккæ Паддзахад Аланийы цæрджытæ, нæ адæм стыр ныфсимæ тырнынц сæ сомбонмæ æмæ сæ фæдонтæн аразынц сабыр фидæн. «Хъæуы размæ цæуын, нæ фидæн аразын æмæ уыцы тæссаг бонтæ нæ рох кæнын.

2008 азы 8 августы хæсты амæттæгтæ чи баисты, уыдон тыххæй Ирыстоны адæм хъынцъым кæнынц. Мах хъуыды кæндзыстæм уыдоны нæмттæ æмæ сæ фæлгæндзтæ», – банысан кодта уый.

2008 азы нæм æххуысмæ æрцæуæг 58-æм уæрæсейаг æфсады службæгæнæг Алексей Иванов хъæбатырæй фæмард нæ горæт хъахъхъæнгæйæ. Йæ фыд Сергей арæх исы хайад августы мысæн мадзæлтты.  Ацы аз дæр уый æрцыд Хуссар Ирыстонмæ, йæ хъæбул кæм фæмард, уырдæм.

Йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, фæсивæды хъомыл кæнын хъæуы патриотизмы æнкъарæнтыл.

Уый бузныджы ныхæстæ загъта паддзахады разамонæджы номыл, кæй йæ фæхонынц нæ республикæмæ, цæмæй ссарой августы хæсты цы лæппутæ фæмард, уыдоны рухс нæмттæ.

Стыр бузныджы ныхæстæ ма загъта сæ фæмардуæуæг лæппуты сын кæй нæ рох кæнынц, уый тыххæй. Мах, зæгъгæ, хъæуы цырддзаст уæвын, уымæн æмæ йæ куыд уынæм, уымæ гæсгæ знаг нæ фынæй кæны.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студентон советы сæрдар Къæбулты Алан радзырдта 2008 азы августы хæсты тыххæй. Университеты студенттæ, зæгъгæ, хъуыды кæндзысты уæды цаутæ, хъизæмæрттæ æмæ цы уды зиæнттæ æрцыд, уыдон. Хъуыды кæндзысты нæ адæмы хъæбатырдзинад æмæ æнгомдзинад нæ абоны сабыр æмæ рæсугъд сомбоны сæрвæлтау.

«Абон Донбассы сæрибардзинады сæр-вæлтау сæрмагонд æфсæддон операцийы хайад исынц университеты студенттæ æмæ йæ рауагъдонтæй бирæтæ, цæмæй саразой æппæтдæр, æмæ зæххыл уа сабырад. Абон мах æрæмбырд стæм æмæ мысæм августы цаутæ ахæм ныфсимæ, цæмæй нын уа рæсугъд сомбон, кæрæдзийæн æххуыс кæнæм æмæ размæ цæуæм», – банысан кодта уый.

Мысæн мадзалы кæрон бæстæйы разамынад, æхсæнады минæвæрттæ хæсты амæттæгты мысыны охыл ссыгътой цырæгътæ.

Мемориалон комплексы организаци æрцыд хæсты уæззау цаутæ æвдисæг фоторавдыст.

Къæбулты Марина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.