Æрæджы бынæттон телеуынынады æвдыстой горæттаг скъоладзауты иу къорды. Уыдон талатæ сагътой Хуыбылты Валерийы номыл стыр парчы. Иу чызджы дзы уацхæссæг куы афарста, ома, цы зæрдæйы уагимæ кусут, уæд ын скъоладзау сдзуапп кодта, зæгъгæ, кусынц тынг хорз зæрдæйы уагимæ, уымæн æмæ, дам, аразæм хорз хъуыддаг. Талатæ, дам, сырæздзысты æмæ чизоны æз дæр искуы сæ аууоны абадон. Афтæ ма сæрдыгон тæвд бонты хуры зынг тынтæй бæлæсты аууон сæхи бахиздзысты нæ горæты цæрджытæ æмæ уазджытæ.

Ацы нывмæ кæсгæйæ, мæнæн дæр мæ зæрдыл æрлæууыдысты дард 1956 азты цаутæ. Уæд ахуыр кодтон Дзауы астæуккаг скъолайы æмæ нæ иу бон акодтой мохъойы талатæ садзынмæ. Хистæр фæлтæры минæвæрттæ йæ хъуыды кæндзысты, Гуфтайы хидæй Чъырсудзæны хъæуы ‘хсæн уыд быгъдæг бынат. Æрмæстдæр дзы æнæбары къутæртæ æмæ бæлæстæ уыд Чъырсудзæны хъæумæ æввахс. Тæрккъæвдаты рæстæджы-иу къулбынæтты адгуыты бынмæ рацыдысты лæсæнтæ æмæ-иу фæндаг сæхгæдтой. Бахъуыдс-иу æй тракторæй ахафын. Гъе, æмæ уыцы къулбынæтты сагътам мохъойы талатæ. Ныр уым схъæд ис æмæ йæ бирæтæ зонгæ дæр нæ кæнынц, уыцы бæлæсты кæддæр садзгæ кæй ныккодтой, уый.

Хъæды фæзуат уæрæхдæр кæны, уымæн æмæ бæлæстæй згъæлы сæ тауинаг æмæ сæ дымгæ хæссы. Кæм æрхауынц, уым  фылдæр бæлæстæ сырæзы. Арæх æрæмысын ме ‘взонджы бонтæ: нæ фыдæбон дзæгъæлы нæ фæцис. Уыцы  мохъотæ уæлдæфмæ цы бирæ туаггуыр дæттынц, уымæй дарддæр ма сфидар кодтой мæр дæр æмæ дзы лæсæнтæ нал цæуы.

 

ДЖИОТЫ Павел,

Дзауы поселок

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.