Цæмæн ныл батыхстысты Гуырдзыстоны разамынад
17 сентябры Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Кобахидзе, брифингы уæвгæйæ, комментарий сарæзта политикон парти «Грузинская мечта»-йы бындурæвæрæг Бидзина Иванишвилийы ныхæстæн.
«Ныры онг Гуырдзыстоны разамынады позици æппынæдзух уыд ахæм, ома Хуссар Ирыстоны хæстон архайдтыты рæстæджы агрессор æмæ инициатор уыд Уæрæсе. Цæмæдæр гæсгæ йыл нæ састыстæм, Гуырдзыстоны раздæры президент Михаил Саакашвили кæй райдыдта уыцы тугкалæн хæст. Уый та уымæн, æмæ нæ хъуыддæгтæ уыдысты Гаага æмæ Страсбургы тæрхондæтты æмæ нæ нæ уагътой ацы темæйыл рæстдзинад зæгъын. Фæлæ абоны бон уыцы тæрхоны процесстæ кæронмæ бахæццæ сты æмæ та нæм Саакашвилийы политикон парти ногæй сиды хæстмæ. Махæн æндæр гæнæн нал ис – хъуамæ не ‘хсæнадæн комкоммæ зæгъæм, 2008 азы Саакашвилийы режим кæй расидт хæст. Европæйы Советæн дæр ис растдæр ахæм позици, факттæн бамбæхсæн нæй. Уымæй уæлдай ма Гуырдзыстоны разамынады уыцы хæстмæ разæнгард кодтой фæсарæнтæй», – банысан кодта Кобахидзе.
Æрæджы Иванишвили йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ Гуырдзыстонмæ разындзæн уыцы хъару, цæмæй 2008 азы Саакашвилийы парти «Единое национальное движение» цы хæст расидт Хуссар Ирыстоны ныхмæ, уый тыххæй хатыртæ ракура. «Нæ ирон хотæ æмæ æфсымæрты нын Саакашвили, фæсарæйнаг бæстæты бардзырд æххæст кæнгæйæ, судзгæ арты баппæрста. Мæн уырны, рæхджы бæрндзинадмæ кæй æркæндзысты аххосджынты, ирон-гуырдзиаг хæлардзинад чи ныппырх кодта, уыдон закъоны раз кæй сдзуапп кæндзысты», – бахахх кодта парти «Грузинская мечта»-йы бындурæвæрæг.
Иванишвилийы ныхæстæ Гуырдзыстоны бирæтæм хъыг фæкастысты, уæлдайдæр та – сæ хæстмондаг оппозицимæ. Кобахидзейы хъуыдымæ гæсгæ, Саакашвилийы парти æмæ иннæ оппозицион къордтæ ирæттимæ бафидауыны темæйыл сдзурын уымæн нæ уадзынц, æмæ 2008 азы æххæст кодтой фæсарæнтæй ист бардзырд. «Радикалон оппозицийæн бафидауыны кой трагедийы хуызæн у. Сæ нысан æхсæнад змæнтын æмæ хæцын у æмæ нæм сабырдзинад куы уа, уæд никæй уал хъæудзысты».
Гуырдзыстоны ныры разамынад тынг ӕнӕуынон сты ӕрмӕст оппозицийӕн нӕ, фӕлӕ ма Ныгуылӕн бӕстӕтӕн дӕр. Бирӕ азты дӕргъы Ныгуылӕны спецслужбӕтӕ Гуырдзыстонӕй арӕзтой «антиуӕрӕсе» ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ украинӕгтау хӕсты цӕхӕры баппӕрстаиккой Уӕрӕсейы ныхмӕ. Фӕлӕ сын Иванишвили йӕ командӕимӕ не сразы, уымӕн ӕмӕ уыцы арты цӕхӕры сӕхӕдӕг дӕр кӕронмӕ басыгъдаиккой.
Чизоны бирӕтӕ ахъуыды кӕной, зӕгъгӕ, сын ӕндӕр гӕнӕн нал ис, ӕмӕ бар-ӕнӕбары Уӕрӕсейы ‘рдӕм ӕрзилдзысты. Фӕлӕ куыд фӕдзурынц – «бирӕгътӕ иууылдӕр – къуыбырхъустӕ». Гуырдзыстоны элитӕтӕ ӕмӕ ма хуымӕтӕг цӕрджыты фылдӕр хай дӕр рагӕй фӕстӕмӕ Уӕрӕсейӕ сӕхи дард исынц. Ӕрмӕстдӕр куы фӕтыхсынц, уӕд лӕгъзӕвзагӕй дзурын фæцагайынц, цӕмӕй та сын баххуыс кӕной. Историйы ахӕм факттӕ – фагæй фылдæр. Цалдӕр хатт сӕ Уӕрӕсе скуынӕгӕй фервӕзын кодта ӕмӕ сын иухатт дӕр уыцы лӕггад бӕсты нӕ фӕцыд. Ӕрымысӕм ма, 90-ӕм азты Советон Цӕдис пырх кӕнынмӕ куы хъавыд, уӕд уыцы активон процессты хайадисджытӕ чи уыдысты? Гуырдзиӕгтӕ. Ӕгӕрыстӕмӕй ма Прибалтикӕйы разӕй дӕр куы фесты – уыдон Уӕрӕсемӕ рагӕй фӕстӕмӕ знаджы цӕстӕй кастысты æмæ кӕсынц.
Кобахидзе, Иванишвили ӕмӕ иннӕтӕ архайынц, цӕмӕй сыл адӕм фӕстӕмӕ се ‘ууӕнк бафтауой. Кӕннод оппозици куы рамбула, уӕд сӕ фӕндаг ӕнӕмӕнг Саакашвилийы бынатмӕ у, кӕнӕ та лидзинаг фӕуыдзысты сӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ. Ахӕм уавӕрты цахӕмфӕнды методтӕ дӕр хорз сты ӕвзӕрстыты рамбулынӕн. Ныридӕгӕн карз тох цӕуы оппозици ӕмӕ ныры разамынады ‘хсӕн. Кӕрӕдзи дӕлдзиныг кӕнынц, цъыф калынц, хахуыртӕ мысынц. Ӕмӕ дарддӕр се ‘хсӕнады уавӕр ӕндыгъддӕр кӕндзӕн.
Ныры разамынадӕн йӕ позицитӕ хуыздӕр сты. Адӕмы фылдӕр хай нырма се ‘вварс сты. Стӕй йӕ хуымӕтӕг цӕрджытӕ дӕр зонынц, 2008 азы Саакашвили кӕй расидт хӕст ӕмӕ та сӕ ныр дӕр кӕй фӕнды тыхы фӕрцы сӕ территориалон фарстатӕ аскъуыддзаг кӕнын. Гуырдзиӕгтӕй нырма нӕ айрох сты 2008 азы хӕстон архайдтыты фӕстиуджытӕ, нæ ферох кодтой, цы зындзинӕдтимӕ сӕмбӕлдысты, цахӕм зиӕнттӕ баййӕфтой. Ӕмӕ сӕ кӕцӕй фӕнды, искӕцы политикы хӕстон авантюрӕйы хайадисджытӕ суæвын.
Оппозицийӕн та йӕ тых ис йӕ финансон фӕрӕзты. Фӕсарӕнтӕй сӕм ӕппынӕдзух цӕуы егъау финансон ресурстӕ. Уымӕ гӕсгӕ сӕхирдӕм зилынц алыгъуызон политикон ӕмӕ фӕсивӕды къордты, ӕлхӕнынц хуымӕтӕг цӕрджыты ӕхцайӕ. Уыимӕ ма ӕхсӕнады уадзынц зианхӕссӕг пропагандӕ, ома, Уӕрӕсе Украинӕйӕ куы фервӕза, уӕд ӕнӕмӕнг ӕрӕвналдзӕн Гуырдзыстонмӕ дӕр, цӕмӕй йӕ йӕхи бакӕна. Афтӕмӕй сын ӕнӕуынон кӕнынц уӕрӕсейӕгты, разӕнгард сӕ кӕнынц конфликтон уавӕрмӕ, ныфсытӕ сын ӕвӕрынц, зӕгъгӕ, ныгуылӕн бӕстӕтӕ нӕ фарсмӕ ӕрбалӕудзысты ӕмӕ нӕ сӕфын нӕ бауадздзысты. Гуырдзыстоны цӕрджытӕй ӕмбаргӕ чи у, уыдон нӕ сайды кӕнынц. Уыдонӕн Украинӕ у цӕвиттон, ныгуылӕн сӕ геополитикон амбициты тыххӕй кӕй куынӕг кӕны. Фӕлӕ дзы уӕддӕр дзӕвгар разындзӕн ахӕмтӕ, гӕды ныхӕстӕ кæй бауырндзысты ӕмӕ фыстау оппозицийы фӕдыл чи ацæудзысты, ахæмтæ.
Афтӕ макӕмӕ фӕкӕсӕд, ӕмӕ Гуырдзыстоны ныры разамынад «къӕссавӕлдӕхт» фесты ӕмӕ ирӕттыл «тайын ӕмӕ райын» райдыдтой. Уыдон сӕ политикон хъазты бацыдысты ӕмӕ ӕвзӕрстыты куы рамбулой, уӕд та сӕ «пластинкӕ» ӕнцонтӕй иннæрдæм фӕзилдзысты. Ныртӕккӕ сын пайда у оппозицийы алцӕмӕй дӕр аххосджын кӕнын, уӕлдайдӕр та тугкалӕн хӕсты. Мӕлын никӕй фӕнды, афтӕ ма хӕстмӕ цӕуын дӕр, ӕмӕ ацы хъуыддагӕй пайда кӕны Кобахидзе. Йӕ комментаритӕй бӕрӕг у, адӕмы кӕй тӕрсын кӕны оппозицийӕ. Ома, уыдон куы рамбулой, уӕд та ӕнӕмӕнг хӕст расиддзысты ӕмӕ та уӕ сӕртӕ уынгӕджы фӕуыдзысты. Иттӕг хорз тактикӕ. Стӕй ма йӕ тӕккӕ афоныл, ӕвзӕрстыты хӕдразмӕ.
Кӕд ирӕтты хъысмӕтыл афтӕ тынг тыхсынц, уӕд ахӕм комментаритӕ нырыонг цӕмӕннӕ арӕзтой? Цы сӕ урӕдта нырыонг сӕ адӕмӕн рӕстдзинад зӕгъынӕн? Уый та уымӕн, ӕмӕ ныр тӕрсынц фембылдæй парламентон ӕвзӕрстыты. Фыдӕлтӕй фӕстӕмӕ Гуырдзыстоны разамынадӕй иунӕг ахӕм бӕрнон гоймаг дӕр нӕ уыд, ирӕтты пайдайӕн иу къахдзӕф чи сӕрӕзта. Ӕппынӕдзух нӕм кастысты знаджы цӕстӕй, хъавыдысты нӕ цӕгъдынмӕ, фӕсурынмӕ. Нӕ адӕмы фылдӕр хай сæхи бакодтой, сарӕзтой нын ассимиляци. Бауырнӕд уæ, Иванишвили ӕмӕ йӕ командӕ дӕр хуыздӕр не сты. Ӕрмӕстдӕр сӕ хицӕн кӕнынц уымӕй, ӕмӕ сты зондджындӕр ӕмӕ нӕ пайда кæнынц радикалон методтӕй.
Иванишвилийы парти ӕвзӕрстыты куы фӕуӕлахиз уа, уӕд ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты АИШ-ы президентон ӕвзӕрстытӕм. АИШ-ӕн ӕнӕмӕнг уыдзӕн ног президент, ног разамынад ӕмӕ уыдонимӕ дарддӕр араздзысты бастдзинӕдтӕ. Иумийаг ӕвзаг кӕй ссардзысты, ууыл дызӕрдыг мачи кӕнӕд. АИШ-ы стратегион пълӕнтты Гуырдзыстоны территори бӕрӕг бынат ахсы ӕмӕ Иванишвилийӕн йӕ раздӕры рӕдыдтытӕ ныббардзысты, уайтагъд айрох кӕндзысты сӕ быцӕудзинӕдтӕ. Ацы тӕккӕ Фӕскавказы регионы ис ӕндыгъд уавӕр, хъомысджын паддзахадтӕ сӕ тыхтӕ радтой ацы территоритӕ контроль кӕнынмӕ. Уымӕ гӕсгӕ АИШ цахӕмфӕнды разамынадимӕ дӕр баныхас кӕндзӕн Гуырдзыстонимæ, ныфс сын бавӕрдзӕн алцӕмӕйдӕр.
Ацы хъуыддаг ӕмбарынц Уӕрӕсейы дӕр ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ Гуырдзыстоны разамынады ныхӕстӕм ницы реакци вӕййы. Путин куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй Уӕрӕсейы разамынад кӕсын райдыдта ӕрмӕстдӕр хъуыддӕгтӕм, саразгӕ къахдзӕфтӕм. Ныхӕстыл ӕууӕндӕн кӕй нӕй, уӕлдайдӕр та ныгуылӕн бӕстӕты ӕмӕ сӕ дӕлбар уӕвӕг паддзахадты минӕвӕрттыл, уымӕн ӕвдисӕн стӕм бирӕ азты дӕргъы. Гуырдзыстоны ныры разамынадӕн сӕйраг у ӕвзӕрстыты фӕуӕлахиз ӕмӕ та стӕй истытӕ кӕндзысты.
ДЖИОТЫ Алыксандр