Омбудсмен æрдзырдта Хуссар Ирыстоны сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны къабазы сæйраг проблемæтыл

Хуссар Ирыстоны президенты цур Сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын Джиоты Аэлита, сабаты 14 сентябры, фембæлд 3-æм скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытимæ.
Сывæллæтты омбудсмен куыд фехъусын кодта, афтæмæй æмбырд арæзт æрцыд, цы уавæрты цæрынц сывæллæттæ, цы цух сты, науæд та мыййаг кæд сæ бартæ хæлд цæуынц, уыдæттæ базонынæн. Джиоты Аэлитæ æдзухæй бастдзинад дары ахуыргæнджытæ æмæ скъолаты директортимæ.
«Махæн бастдзинæдтæ ис скъолайы директортимæ æмæ къласгæстимæ. Сæ хъомыладон куыстмæ хауы, сывæллон скъоламæ куы нæ æрбацæуа, уæд æй хæдзары бабæрæг кæнын, бафæрсын ныййарджыты, цæмæ гæсгæ не ‘рбацыд. Кæннод тынг арæх вæййы афтæ, æмæ сывæллон хæдзарæй скъоламæ рацæуы æмæ скъолайы бæсты кæдæмдæр адзæгъæл вæййы. Ныййарджытæ йæ зонгæ дæр нæ фæкæнынц, райсомæй изæрмæ цы фæархайы, уый. Сывæллоны хъомылады, скъола æцæг стыр ролы хъазы, фæлæ йын уыдон, сæйраджыдæр, тыхсынц йæ ахуырыл, йæ зонындзинæдтыл. Хъомыл та йæ хъуамæ кæной йæ ныййарджытæ», – радзырдта омбудсмен.
“Иуæй-иу фыд бинонты ‘хсæн йæхи фæдары æгæр сæрбæрзондæй, куыд æмбæлы, афтæ йæ хъæбулимæ фæлмæн ныхас дæр нæ акæндзæн, саби цы чиныг кæсы, цы киноныв федта, уымæ нæ цымыдис кæны. Афтæмæй та фыд стыр хъомыладон тых у”, – зæгъы Джиоты Аэлитæ.
Арæх ныййарджытæ сæ сабитæн æгæр буц митæ фæкæнынц. Афтæ сæм фæкæсы, æмæ сæм цæмæй цот хуыздæр хъусой, фылдæр сæ уарзой, уый тыххæй сæм хъæуы æдзухдæр фæлмæнæй дзурын, сæ разы сæ ‘ппæлын, сæ галиу митæ сын æмбæхсын. Ахæм хъомылад æрхæсдзæн æрмæстдæр зиан, сывæллон та хивæнд, хиуарзон суыдзæн, æмæ дзы куыдфæстагмæ рауайы мад æмæ фыдæн уынаффæгæнæг. Ныййарджытæ ма бæргæ бафæлварынц сæ рæдыд сраст кæнын, фæлæ хатгай æгæр байрæджы вæййы.
Скъола æмæ бинонты ‘хсæн хъуамæ уа фидар бастдзинад, науæд рауайы афтæ, æмæ скъола иуæрдæм фæдзуры, бинонтæ та – иннæрдæм. Уæд сывæллæттæ сагъæсы бахауынц æмæ кæмæ хъусой, уый нал фæзонынц.
Сывæллон раст фæндагыл куы ‘рлæууа, уæд уый у фидæны амонд, йæ хъысмæтмæ йын куыдфæндыйы цæстæй кæсын та у – фидæны хъизæмар, фидæны цæссыгтæ æмæ зиан бинонтæн дæр æмæ æхсæнадæн дæр.
Кæронбæттæны Джиоты Аэлитæ сæрмагондæй бахахх кодта, цæттæ кæй у сывæллæтты бартæ æмæ сæрибардзинæдтæ бахъахъхъæныны фарстаты фæдыл цыфæндыхуызон консультативон æмæ методикон æххуыс бакæнынмæ.

ДРИАТЫ Лейла

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.