Фыццаг хатт уагъд æрцыд Уырыссаг дунейы бæстæты командон чемпионат шахматтæй

Хайад сæ райстой Абхаз, Донецкы æмæ Луганскы Адæмон республикæтæ, Липецкы область, Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани, Приднестроваг-Молдоваг республикæ æмæ Адæмты хæлардзинады уæрæсейаг университеты командæ.
«РХИ-йы шахматты федераци»-йы президент Саулохты Георги куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстонæн стыр æнтыст у ахæм бæрзонд æмвæзады ерыстæ Цхинвалы уагъд кæй цæуынц, уый.
«Уырыссаг дунейы бæстæты ‘хсæн чемпионат нырма никæцы бæстæйы уагъд æрцыд. Мах æй уадзæм фыццаг хатт. Уый нын у стыр æнтыст. Хуссар Ирыстонæй ерысты хайад исынц дыууæ командæйы. Сæйраг командæйы сконды сты фæлтæрдджындæр хъазджытæ, дыккаг командæйы та – перспек-тивон фæсивæд. Уыдон тыхджындæр хъазджытимæ ерыс кæнгæйæ райсдзысты стыр фæлтæрддзинад, уымæн æмæ ам хъазынц ФИДЕ-йы дунеон мастертæ. Хуссар Ирыстонмæ, æгæрыстæмæй советон рæстæджы дæр никуы æрцыдысты ФИДЕ-йы мастертæ», – сæрыстырæй загъта Саулохты Георги.
Хицауады сæрдары хæдивæг Джиоты Алан бузныг загъта ерысты организатортæн, шахматисттæн та йæ бафæндыд æнтыстытæ.
Æнтыстыты фæндиæгтæ загъта Хуссар Ирыстоны УФ-йы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов дæр. Афтæ ма уый баныфсæвæрдта, зæгъгæ, кæд ацы чемпионат фыццаг хатт уагъд цæуы, уæд нырæй фæстæмæ уагъд цæудзæн æрвылаз дæр.
Сæ арфæйы ныхæстæ ма шахматисттæн загътой РХИ-йы Россотрудничествойы сæргълæууæг Сергей Комиссаров æмæ ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим.
Турнир байгом кæныны цытджын церемонимæ фæуазæг сты парламентон комитеты сæргълæуджытæ Табуты Роберт æмæ Плиты Алыксандр, спорты фарстаты фæдыл президенты æххуысгæнæг Зассеты Алан æмæ Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Галуанты Алыксандр.
Райдианы йæ хайадисджытæн видеобастдзинадæй æнтыстыты фæндиæгтæ загъта УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады официалон минæвар Мария Захарова. Уый нырыккон дипломатийы абарста шахматты хъазтимæ. «Куыд дипломатийы, афтæ шахматты дæр хъæуы цыргъзонддзинад æвдисын, ныхмæлæууæгæн йæ алы къахдзæф дæр зонын æмæ раст фæстиуджытæ исын. Фæлæ ис иу нюанс – шахматты ис иу уæлахиздзау, æмæ глобалон политикæйы та афтæ нæу», – банысан кодта Мария Захарова.
Швейцариаг системæмæ гæсгæ ерысты иууыл хуыздæр сæхи равдыстой æмæ турниры уæлахиздзаутæ систы Липецкы областы командæйы уæнгтæ. Дыккаг бынат бацахста Адæмты хæлардзинады уæрæсейаг университеты командæ, æртыккаг та ссис Луганскы адæмон республикæйы командæ.
«Ерыстæ уагъд æрцыдысты бæрзонд æмвæзадыл. Уыдис дзы бирæ тыхджын шахматисттæ. Цхинвалмæ турнирмæ райзæрдæйæ æрцæудзыстæм фидæн аз дæр. Нæ зæрдæмæ тынг фæцыд Ирыстон», – банысан кодта Липецкы командæйы капитан Семен Казьмин.
Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ турнир уагъд кæй æрцыд Президент Гаглойты Аланы æххуысы фæрцы.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.