Гениалон поэт, прозаик, публицист, тæлмацгæнæг, нывгæнæг, ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайыл ацы аз 15-æм октябры 165 азы кæй æххæст кæны, уый тыххæй æгас Ирыстоны, хуссары дæр æмæ цæгаты дæр арынц йе стыр ном.
Гениалон поэты юбилейы цытæн литературон-аивадон æмæ зонадон-популярон журнал «Фидиуæг»-ы редакци Ирыстоны Фысджыты æхсæнадимæ иумæ расидт поэтикон конкурс. Конкурсы уагæвæрд развæлгъау мыхуыргонд æрцыдис газеттæ «Хурзæрин», «Рæстдзинад», «Южная Осетия»-йы æмæ журнал «Фидиуæг»-ы къорды социалон хызæджы. Уый тыххæй нын фехъусын кодта журналы сæйраг редактор Годжыцаты Нелли. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ахсджиаг у, цæмæй Ирыстоны дзыллæ стырæй-чысылæй кад кæной Хетæгкаты Къостайы номæн, табу йын кæной йе ‘нæмæлгæ сфæлдыстадæн.
«Нæ поэтикон конкурсы расидты сæйраг нысан у литературон сфæлдыстады къабазы ног курдиатджын адæм рабæрæг кæнын, дарддæр семæ бакусын æмæ сæ схъомыл кæнын, цæмæй ирон аив дзырды къæбиц бæркадджындæр кæна. Ацы конкурс ауадзыны инициативæ сæрæй рацыд Цæгат Ирыстон-Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг, Цæгат Ирыстон æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист, Республикæ Таджикистаны культурæйы сгуыхт кусæг Цæриаты Валерийæ.
Æрæджы жюрийы уæнгтимæ куы ныхас кодтам, уæд афтæ бадзырдтам, цæмæй нæ конкурсы ерыс кæныны хъуыддаг ма уа. Кæй зæгъын æй хъæуы, равзардзыстæм хуыздæр чи фыссы, хуыздæр чи рæхсы, ахæмты. Конкурсы алкæцы хайадисæгæн нæм цыдæр зæрдæлхæнæн хъуамæ уа, цæмæй æхсызгонæй йæ зæрдыл лæууа. Конкурсмæ кæй æрбавдисой, уыцы поэтикон уацмыстæ хъуамæ фыст уой Хетæгкаты Къостайы цард, йе сфæлдыстад æмæ ирон адæмы царды йæ курдиаты ахадындзинады тыххæй. Уымæй дарддæр ма ацы конкурсы хайад райсын сæ бон у ирон æвзагыл фыст æмдзæвгæты автортæн, (сæ кармæ нæ кæсдзыстæм). Конкурсы уыдзысты фыццаг, дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ, цыппæрæм бынат та у, чиныгкæсæг, поэзиуарзæг кæй равзара, уый. Нæ фæндон у, цæмæй конкурсы хайадисджытæ уой, æрæджы чи райдыдта фыссын, ахæм автортæ», – загъта Годжыцаты Нелли.
Журналы редактор ма куыд банысан кодта, афтæмæй ацы поэтикон конкурсы хайад исынц Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй æмæ сæм ныридæгæн цы уацмыстæ æрбахастой, уыдонæй йæ зæрдæ райы. Жюрийы сконды дæр сты, дыууæ Ирыстоны поэзийы жанры æнтысгæйæ чи кусы, ирон æвзаг æмæ литературæ чи зоны, ахæм адæймæгтæ.
«Нæ конкурс райдыдта фыццæгæм июлæй, æрмæджытæ тымбылгонд фестæм æмæ нæм ныртæккæ ис дыууын авторы куыстытæ ирон æвзагыл. Ацы автортæ се ппæт дæр сты нæуджытæ. Фæлæ ма нæм уагæвæрдмæ гæсгæ æрбарвыстой уырыссагау фыст æмдзæвгæтæ дæр. Уыдон конкурсы хайад нæ исынц, фæлæ мыхуыргонд æрцæудзысты журнал «Русское слово в Южной Осетии»-йы. Мах сæ ныридæгæн фæхæццæ кодтам ацы мыхуыры органы редакцимæ.
Фыццаг, дыккаг æмæ æртыккаг бынат, гæнæн ис, æмæ дыгæйттæ уой, уымæн æмæ дзы ис æмхуызон дзæбæх æмдзæвгæтæ. Конкурсы чидæриддæр хайад райса, зæгъæм, лæмæгъ фыссы, нырма иттæг нæ рæхсы, фæлæ уæддæр батырныдта æмæ хайад райста, уыдонæн дæр уыдзæнис бузныджы гæххæттытæ, грамотæтæ, поэзимæ сæ уарзондзинады тыххæй арфæтæ. Ахæм уавæр нæ фæнды саразын, цæмæй йæхи уæлдайагæй мачи банкъара.
Зæрдиагæй нæ фæнды, цæмæй нæм æрбацæуа бирæ адæм, ирон аив дзырд æмæ Хетæгкаты Къостайæн чи табу кæны, кæй зæрдæмæ хъары ацы хъуыддаг, æппæт уыдон. Табуафси, хонæм алкæй дæр», – банысан кодта журналы редактор.
Годжыцаты чызг ма нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй хорзæхджын кæныны церемони ауадзын фæнд кæнынц 10-æм октябры Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры. Уым адæм базонгæ уыдзысты конкурсы уæлахиздзаутимæ, чизоны, фидæны стыр поэттимæ.
Цытджын мадзалы программæмæ ма ис музыкалон номыртæ. Уыдон æххæст кæндзысты нæ республикæйы сфæлдыстадон къордтæ æмæ зарæггæнджытæ.
ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ