Йæ 45 азы юбилей банысан кодта уæгъдибар хъæбысхæстæй Олимпион хъæзтыты сыгъзæрин æмæ æвзист призер, дунейы дыууæ хатты чемпион, Азийы хъæзтыты æртæ хатты уæлахиздзау, Республикæ Узбекистаны сгуыхт спортсмен, «Элюрт хурмати», «Буюк хизматлари учун»-ы орденты, «Слава Осетии» æмæ РХИ-йы Кады  орденты кавалер Таймæзты Артур.

Уый у нысаниуæгджын фигурæ куыд Ирыстонæн, афтæ иумæйагæй дунейы спортæн дæр. Райгуырд 1979 азы 20-æм июлы Цæгат Ирыстоны Ногиры хъæуы. Хъæбысхæстæй архайын райдыдта йæ фыццаг тренер Апаты Хасаны къухдариуæгадæй. Уый фæстæ та йæ тренер уыд  Дедегкаты Хъазбег.

Артуры къухты йæ фыццаг æнтыст бафтыд 1998 азы Мæскуыйы уагъдцæуæг Æвзæнгты хъæзтыты уæлахиздзау куы ссис, уæд. Фæстæдæр, 2000 азы, Артур рамбылдта бронзæ майдан Уæрæсейы чемпионаты 97 кг уæзы категорийы. Бронзæ майдан ын фадат нæ радта Сиднейы Олимпиадæйы хайад райсынæн. Уæд аскъуыддзаг кодта йæ спортивон æмбæстагдзинад фæивыныл æмæ райдыдта Узбекистаны æмбырдгонд командæйы архайын, 130 кг онг суперуæззау категоримæ рахизгæйæ. 2000 азы, майы йæ бон ссис Азийы чемпионат рамбулын æмæ йын уый фадат радта Австралийы Олимпион хъæзтыты хайад райсынæн. Уым, Сиднейы Артур ахызт финалы онг, фæлæ фембылд йе ‘мзæххон Давид Мусульбесæн æмæ баззад æвзист майданимæ.

Куыдфæстагмæ райста фæлтæрддзинад æмæ 2004 азы ссис Грецийы уагъдцæуæг Олимпион хъæзтыты чемпион. Тыхджындæр разынд ирайнаг богал Алиреза Резаийæ. Цыппар азы фæстæ та Пекины Олимпиадæйы финалы фæуæлахиз уæрæсейаг богал Бахтияр Ахмедовыл. 2012 азы Лондоны Олимпиадæйы Таймæзты Артур тыхджындæр разынд гуырдзиаг хъæбысæйхæцæг Давид Модзманашвилийæ æмæ рамбылдта æртыккаг сыгъзæрин майдан Узбекистанæн.

Таймæзы фырт у уæгъдибар хъæбысхæстæй Олимпион хъæзтыты историйы иууыл титулондæр богал.

Фæлæ йын 2017 æмæ 2019 азты дунеон олимпион комитет фæстæмæ райста 2008 æмæ 2012 азты  рамбулгæ дыууæ сыгъзæрин майданы, допингы йæ фæаххосджын кæнгæйæ. Фæлæ спортсмен йæхи аххосджыныл нæ банымадта.

Афтæ ма Артур ссис дунейы æмæ Азийы дыууæ хатты чемпион, Азийы сæрдыгон хъæзтыты æртæ хатты уæлахиздзау.

Каст фæцис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, Хæххон паддзахадон аграрон университет æмæ П. Лесгафты номыл Физикон культурæ, спорт æмæ æнæниздзинады национ паддзахадон университет. У педагогон зонæдты кандидат.

Ныртæккæ Таймæзты Артур архайы закъон-сфæлдыстадон архайдæй Паддзахадон Думæйы. Лæмбынæг йæ хъус дары Ирыстоны спортивон цардмæ, æххуыс кæны сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджытæн.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.