29-æм июлы йæ цардæй ахицæн Уæрæсейы Федераци, Цæгат Ирыстон æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист, республикæйы Фæллойы фыццаг хъайтар, Хетæгкаты Къостайы номыл æмæ «Нарты фæткъуы»-йы премиты лауреат, дирижер, композитор, фæндырдзæгъдæг, педагог, Адæмон инструментты национ оркестры разамонæг, æцæг ирон лæг Гæздæнты Гаппойы фырт Булат.

Булаты амæлæты хабар æрвнæрæгау айхъуыст æгас Ирыстоныл æмæ йыл хъыг кæнынц стырæй чысылæй. Сæрмагондæй зындгонд музыканты бинонтæ æмæ æввахс хиуæттæн мæссæлæй кæны Хуссар Ирыстоны разамынад,  Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй. «Гæздæнты Булат ирон культурæ æмæ национ музыкæйы рæзтмæ цы стыр æвæрæн бахаста, уымæн аргъ скæнæн нæй. Йæ цард æмæ курдиат æгасæйдæр снывонд кодта ирон национ музыкалон фольклоры уникалон уацмыстæ саразын æмæ сæ бахъахъхъæныны сæраппонд æмæ афтæмæй кад кодта йæ уарзон Ирыстонæн. Йæ амæлæт æгас Ирыстонæн дæр у стыр зиан», – хъыгзæрдæйæ тæфæрфæс кæны нæ бæстæйы сæргълæууæг.

Ирон фæндыр уыд йæ царды мидис

Гæздæнты Булаты знон йе ‘нусон бæстæмæ Ирыстоны дзыллæйад, йæ аивадæн табугæнджытæ  фæстаг къухæмдзæгъдимæ афæндараст кодтой Ирон театры бæстыхайæ. Курдиатджын музыкант ныгæд æрцыд кадджын уавæры Кады Аллеяйы.

Гæздæнты Булат у уыцы адæймæгтæй, кæцытæ стыр бавæрæн бахастой ирон адæмы удварн æмæ культурæйы рæзтмæ. Булат 1966-æм азæй фæстæмæ разамынд код­та Цæгат Ирыстоны Адæмон инструментты национ паддзахадон оркестрæн. Абон ацы оркестр хæссы йæ ном.

Гæздæны фырт уыд адæмæн уарзон æмæ алкæмæн куыд хиуон, музыкæ та йæ зæрдæйы тæгтæй цыдис. Раст цыма-иу йе ‘нгуылдзты кæрæттæй цавæрдæр тых рацыд, уыйау-иу минмырон зæлтæй æрбангом кодта оркестр æмæ аивадуарзджыты. Афтæмæй адæмы зæрдæтæм хаста æхцондзинад, рæсугъддзинад. Уæдæ уый ирон аивадæн цы æгæрон лæггад бакодта, уый абарæн ницæимæ ис. Бирæ азты дæргъы цы сфæлдыстадыл куыста, уыдон сты æнæмæлгæ, æнустæм, цалынмæ ирон адæм цæрой æмæ Ирыстон уа, уæдмæ.

Нæхи Булик – ахæм ном ыл адæм фырбуцæн сæвæрдтой. Булатыл æртæ азы йедтæмæ нæма цыд, афтæ фыццаг хатт йæ чысыл къухтæм райста ирон фæндыр. Фондзаздзыдæй та йæ йæ хъæуккæгтæ семæ акодтой чындзхæссæг æмæ хъазты цагъта ирон мелодитæ. Уæдæй фæстæмæ Булатæн фæндыр ссис йæ царды фæндаг. Йæхæдæг-иу дзырдта, зæгъгæ, æндæр инструменттыл дæр цæгъдын зонын, фæлæ мын фæндырæй адджындæр æмæ æввахсдæр ницы уадынгарз ис. Æмæ, æцæгæйдæр, йæ арæхстджын къухтæй ирон фæндыр нæ хаудта, йæ къамты дæр фылдæр ис йæ уарзон музыкалон инструментимæ. Уый афтæмæй стыр дæнцæг æвдыста цалдæр фæлтæр фæсивæдæн. Ирон фæндырдзагъдыл чи ахуыр кæны, уыдонæн ныффыста цалдæр ахуыргæнæн чиныджы æмæ музыкалон пьесæты æмбырдгонд, ирон музыкалон фольклоры уацмыстæ рахаста нотæтæм. Уæдæ ирон фæндыры нырыккон хуыз дæр арæзт æрцыд Гæздæнты Булаты бакуыстгонд эскизтæм гæсгæ. Ахæм хуызы фæндыр апарахат æгас Цæгат Кавказыл. Радтой йын ном «Осетинская гармонь», зæгъгæ. Сæрмагондæй йæ дыууæ азы размæ ныффидар кодта интеллектуалон бынты Федералон службæ. Патенты хицауæй та снысан кодтой Булатæн йæхи.

Гæздæнты Булат райгуырд 1936-æм азы Цæгат Ирыстоны Ольгинскæйы. 1952-æм азы каст фæцис скъола. Уый фæстæ бацыд Дзæуджыхъæуы музыкалон ахуыргæнæндонмæ. Уым уыцы иу рæстæг ахуыр кодта æртæ музыкалон хайады. 1957-æм азы та бацыд Мæскуыйы Гнесинты номыл паддзахадон музыкалон-педагогон институтмæ. Куыста Цæгат Ирыстоны радиокомитет æмæ Ирон театры.

Гæздæнты фыртæн йе ‘нтыстдзинæдтæ æмæ хæрзиуджытæ æгæрон сты. Уыд ахæм адæймаг æмæ табу кодта ирондзинадæн, йæ уæздандзинад æмæ йе ‘гъдау разæй кæмæн цыдысты. Чидæриддæр æй зыдта æмæ йемæ куыстой, уыдон æй иууылдæр бахъуыды кæндзысты куыд хæларзæрдæ, æргомдзурæг æмæ цæстуарзон адæймагæй. Йæ куысты зивæг нæ зыдта, адæмæн лæггад кæнынæй никуы фæллад.

Курдиатджын музыкантæн национ музыкæ уыд йæ зæрдæйы æппæты арфдæр æвæрд хæзна. Æнæ ирон цагъдæй йын цард ад дæр нæ кодта. Йæ фæлтæрддзинад æмæ профессионализм никуы бавгъау кодта æрыгон музыканты бирæ фæлтæртæн. Кæддæр йæ интервьюйы афтæ тæхуды кодта, зæгъгæ, Ирыстоны куы фæзынид курдиатджын сывæллæтты скъола-интернат, цæмæй дзы цæттæ кæной, национ культурæйæн йæ уд йæхимæ кæмæй æрцæудзæн, ахæм специалисттæ. Уымæн йæ зæрдæ рыст ахæм хъуыддагыл, зæгъгæ, Ирыстоны цæргæйæ, кæстæртæ цæуылнæ хъуамæ зоной ирон композиторты, цавæр музыкæ фыстой, уый. «Аивадæн ис аргъуанимæ абарæн. Æрдз тыхджын у æмæ та нæ оркестры къæсæрæй æрбахизынц æвзонг курдиатджын лæппутæ æмæ чызджытæ. Æрцахсынц сæ бынæттæ фæлтæрдджын музыкантты ‘хсæн, райсынц сæ къухтæм адæмон инструменттæ æмæ та райхъуысынц «Ханты цагъд», «Хонгæ», «Симды фæз», «Алагираг» æмæ æндæртæ», – дзырдта Булат.

Иу дзырдæй, арфхъуыдыгæнæг музыкант зæрдиагæй куыста ирон адæмы культурæ бахъахъхъæнын æмæ йæ райрæзтыл æмæ йын абон, стæй æнустæм дæр кад кæндзысты Ирыстоны.

Цæгат Ирыстоны разамынад 2022-æм азы снысан кодта Гæздæнты Булаты номыл паддзахадон преми. Дæттынц æй дыууæ азы иу хатт хуыздæр националон музыкалон уацмыс ныффыссыны тыххæй.

Гæздæны фырт цы стыр æмæ кадджын фæд ныууагъта адæмы зæрдæты, уымæн рохгæнæн нæй. Уымæн йе стыр фарн баззайдзæн цæргæйæ æмæ йе сфæлдыстады та æнустæм цæгъддзæнис ирон фæндыр!

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.