Ацы бонты горæты Мидхъуыддæгты управленийы æнахъомты хъуыддæгты фæдыл хайады сæргълæууæг Гатайты Лали, интернет-хызæджы æрсидт не ‘мбæстæгтæм, цæмæй се ‘ххуысы къух фæдаргъ кæной, нæ горæты Мамысанты сыхы æххуырст фатеры цæрæг Дудайты æххуысхъуаг бинонтæм. Ацы бинонтæ æнахъомты хъуыддæгты фæдыл хайады инспекторты хъусдарды бын рагæй сты. Сæ къух æмæ сæ сæ уавæртæ куыд домдтой, афтæ сын æххуыс кодтой. Ныр дæр та сæ бахъуыд æххуысы сæр. Кæд-иу раздæр сæхи тыхтæй сæ бон уыд æххуыс бакæнын, уæд ныр та сидынц æхсæнадмæ, цæмæй уазал цæстæй ма акæсой Дудайты бинонты уа­вæр­мæ.

Уанеты Регинæ хъомыл кæны йæ цардæмбалимæ дыууæ æнахъом сывæллоны, уыдонæй сæ иуыл цæуы иу аз æмæ æрдæг, иннæйыл – иу мæй. Бинонты хистæр кæд кусгæ кæны, уæддæр йæ куыстмызды фылдæр хай ацæуы æххуырст фатеры аргъ фидынæн.

Хæрзаудæн акцимæ иууыл фыццаг йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кодта бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан, Уæрæсейы Федерацийы горæтты иуæй-иу цæрджытæ, парти «Ныхас» æмæ ведомствоты минæвæрттæ.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад йæ министр Джыгкайты Томас æмæ нæ республикæйы сывæллæтты поликлиникæйы сæргълæууæг, педиатр Хæныкъаты Ларисæ Мидхъуыддæгты министрады  æнахъомты фæдыл хайады инспектортимæ иумæ  баиу сты хæрзаудæн акцимæ æмæ  бабæрæг кодтой Дудайты бинонты. Баластой сын хæлцадон продукттæ, гæрзтæ æхсæнтæ.

Хæныкъаты Ларисæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй сывæллоны  уавæр басгæрсты фæстæ у æмбæлон , йæ кармæ гæсгæ рæзы хорз.

Джыгкайты Томас ныфс бавæрдта сывæллæтты ныййарджытæм, кæдфæнды дæр цæттæ кæй у йе ‘хуыссы къух сæм фæдаргъ кæнынмæ.

Гатайты Лали бузныджы ныхæстæ загъ­та, се’хуысы къух  æххуысхъуаг бинонтæм чи фæдардта, уыдонæн.

«Мах радон хатт бабæрæг кодтам æххуысхъуаг  Дудайты бинонты. Уыдонæн ис дыууæ æнахъом сывæллоны – чызг æмæ лæппу. Бинонты хистæр кусы, фæлæ æххуырст фатеры кæй цæрынц, уымæ гæсгæ сæмбæлынц зындзинæдтыл. Мах, куыд æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспектортæ, афтæ хъуамæ бæрæг кæнæм æххуысхъуаг бинонты æмæ нæ бон куыд вæййы, уымæй сæ фарсмæ балæууæм. Ацы хатт дæр та тынг бирæйæ балæууыдысты нæ фарсмæ, уый та ууыл дзурæг у, адæм кæрæдзи зындзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй кæй нæ кæсынц», – загъта Гатайты Лали.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.