Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайад райстой тынг бирæ сæрæнгуырд сылгоймæгтæ. Уыдонæй сæ иу у уырыссаг чызг Соколова Нина дæр.   

Уый райгуырд 1912 азы горæт Череповецкы. Йæ ныййарджытæ уыдысты бирæсывæллонджын бинонтæ, нæ сын уыд фаг кусæг тых æмæ Нинæмæ хæрз æрыгонæй æрхауд йæ ныййарджытæн æххуыс кæныны хæс. Сабибонтæй райдыдта уæззау куыстытæ, фæлæ зындзинæдтæн фæразон æмæ  æппæтмæ æвзыгъд чызг царды уæззау уæзтæй нæ фæтасыд. 1931 азы каст фæцис астæуккаг скъола æмæ бацыд Доны транспорты инженерты институтмæ. Фæстæдæр æрвыст æрцыд донбыны сæрмагонд нысаниуæджы куыстыты экспедицитæм. Цы хайады службæ кодта, уый кодта фæдæлдонуæвæг объектты хæрдмæ сисын, фæсарæйнаг æмæ фыдыбæстæйон науты ирвæзынгæнæн, наулæууæнты арæзтæдтæ æмæ донбын хæтæлтæ уадзыны куыстытæ. Нинæ сылгоймаг кæй уыд, уый тыххæй йын доны бын 10 метрæй бындæр обектты бакусыны бар нæ уыд. Цæмæй ахæм экспедициты хайад райстаид, уый тыххæй йæ дæлхайы командир Фотий Крыловы бахъуыд Михаил Калининæй сæрмагонд бардзырд райсын. Калинин сразы ис, радта йын ахæм бардзырд æмæ Нинæ ссис историйы фыццаг сылгоймаг-дæлдондзог.

1939 азы Баренцевойы денджызæй райдыдтой йæ службæйы фыццаг бонтæ. Бонæй-бонмæ алыгъуызон зын пректты экспедициты хайад исгæйæ Нинæйы фæлтæрддзинад фылдæр кодта, парахат кодта йæ равзаргæ дæсныйады йæ зонындзинæдтæ. Уæдмæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ Нинæ йæ фæлтæрддзинадæй спайда кодта Райгуырæн бæстæйы хæрзæбонæн. Йæ дæлхайад кодта æфсæддон архæйдтыты фæстиуæгæн чи ныппырх, уыцы донбыны объектты æндидзынгæнæн куыстытæ. Систой-иу доны бынæй хæцæнгæрзтæ, продукттæ, кодтой æндæр зын æмæ тæссаг куыстытæ. 1941 азы Невæйаг Дубровкæйы арæзт æрцыд аварион-ирвæзынгæнæн къорд, йæ сæйраг хæстæм хауд танктæ æмæ артиллери ласынæн доны бынты фæндаг айгæрдын. Уыцы рæстæджы фæдæлдон сты цалдæр науы продукттæ æмæ хæцæнгæрзтимæ. Нинæйы ирвæзынгæнæг къорд доны бынæй сластой 4 минæй фылдæр мæнæуы голладжы æмæ блокадæйы уæвæг ленинградæгтæ цалдæр боны æххормаджы фæстæ, райстой дзулы продукттæ. Ленинградæгтæ ма æййæфтой хæстон техникæйы кусын кæнынæн  æнæмæгхъæуæг æртаджы хъуагдзинад дæр.  Цалдæр боны æмгъуыдмæ Нинæйы отряд сарæзтой донбынты æртаджы хæтæлтæ æмæ сифтонг кодтой æртагæй блокадон Ленинград.

Уыцы аз дæлдондзогты отрядæн радтой, Ленинграды фронт æмæ Мæскуыйы ‘хсæн телефоны бастдзинад сифтонг кæныны хæслæвæрд. Телефоны хахх цыбыр рæстæджы æмгъудмæ хъуыд донбынты   ауадзын. Ам дæр та Нинæйы отряд равдыста фæл­тæрдзинад æмæ Ленинграды фронт æмæ Мæскуыйы ‘хсæн сифтонг кодтой бастдзинад.

Иуахæмы, Нинæ Мæскуымæ куыстуатон балцы цæугæйæ амбæлд Ленинграды фронты æндидзынгæнæн куыстыты сæргълæууæг Иван Зубковимæ æмæ йын загъта Ладогы доны бынты æртагуадзæн хæтæл ауадзыны тыххæй йæм цы ног пълæнттæ фæзындис, уый тыххæй. Зубковы зæрдæмæ фæцыдысты Нинæйы пълæнттæ, радта йын разыйы дзуапп, Хъахъхъæнынады комитеты къухдариуæгад бафыстой сæ къухтæ донбынты æртагуадзæн хæтæл 50 бонмæ ауадзыны проектыл. Легендарон æрыгон сылгоймаг Нина Соколова уыд уыцы  историон проекты автор æмæ йæ арæзтады сæйраг архайæг дæр.  Нинæйы отряд ацы проектыл бакодтой зынгæ куыст.  Æппæт зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, хæтæлуадзæн куыстытæ фесты æмгъуыдæй раздæр; 29 киллометры дæрддзæгæн хæтæлæй 21 километры цыдис доны бынты 35 метры арфæны, уагъд æрцыд 43 бонмæ. Фæстæдæр уыцы хахх рахуыдтой «царды артери».

Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы фæцис, уæдмæ Нинæйæн радтой Æфсæддон -денджызон тыхты инженер-дæлбулкъоны чин. Ладогы арæзтадон куыстыты рæстæджы фæцæф ис дыууæ хатты, 644 сахаты, ома 43 арæзтадон бонтæй 27 фæкуыста донбынты. Дыууæ хатты хорзæхджын æцыд Сырх стъалыйы ордентæй, дыууæ хатты та Фыдыбæстæйон хæсты 2-аг къæпхæны ордентæй æмæ «Кады нысан»-æй.  Райста инженер-булкъоны чин. Фыдыбæстæйон хæсты фæстæ куыста М.В. Фрунзейы номыл Уæлдæр æфсæддон-денджызон ахуыргæнæндоны (фæстæдæр – Санкт-Петербургы æфсæддон денджызон институт), каст гидравликæ æмæ гидродинамикæйы курс. Схъомыл кодта дыууæ хъæбулы – лæппу æмæ чызг.

2001 азы 90 аздзыдæй йæ цардæй ахицæн ис Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архайæг иунæг дæлдондзог сылгоймаг Соколова Нина. Нинайы ном хаст у Санкт – Петербургы Сыгъзæрин чиныгмæ. Йæ ном ын сæнусон кæныны цытæн йæ райгуырæн боны 100 азы юбилеймæ йæ цæрæн хæдзары къулыл бакодтой мемориалон фæйнæг.

 Æрмæгыл бакуыста

ХУЫГАТЫ Миленæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.