Æрæджы цалдæр боны æмгъуыдмæ Люксембургы ирон нывгæнджытæн байгом сæ куыстыты равдыст æмæ цымыдисон экспозициимæ зонгæ кодтой бынæттон адæм. Равдыст, сæйраджыдæр, байгом программæ «Ирон культурæйы бонтæ Ныгуылæны»-йы фæлгæтты æмæ ныр йæ куыст фæцис. Уый тыххæй нын фехъусын кодта Бенилюксы бæстæты нæ республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар, ассоциаци «Renaissance-Sandidzan»-ы къухдариуæггæнæг, не ‘мзæххон Пухаты Родион.

Уый бирæ азты дæргъы дард фæсарæйнаг бæстæты арæх сорганизаци кæны ирон культурæимæ баст мадзæлттæ. Цалдæр азы размæ та йæ архайды руаджы Брюсселы ацыдис  конкурс «Ирон бæгæны», зæгъгæ, ахæм номимæ æмæ уым дæр хайад райстой, куыд Ирыстоны, афтæ Голланди, Франц æмæ Бельгийы цæрæг ирæттæ.

Равдысты тыххæй Пухаты Родион банысан кодта ирон нывгæнджыты куыстытæ сæхимæ кæй æркæсын кодтой фæсарæйнаг аивадуарзджыты æмæ равдыстæй зæрдæрай­-гæйæ кæй здæхтысты.

«Люксембургы уал ныридæгæн фæцис Ирон культурæйы бонты фыццаг этап, фæз­зæджы та фæнд кæнæм нæ программæ уæрæхдæр мадзæлттæй баххæст кæнын. Ацы равдысты хайад райстой, Евроцæдисы бæстæты чи цæрынц, уыцы ирон нывгæнджытæ. Уыдонæй цалдæр сты: Сæлбиты Ларисæ – Бельгийæ, Гуыбеты Аминæ – Латвийæ, Тогузаты Игорь æмæ Хъæцмæзты Каринæ – Францы бæстæйæ», – загъта Пухаты Ро­дион.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.