Скъолаты ахуыры процесс хицӕн кӕндзӕн раздӕрмӕ абаргӕйӕ. Кӕд ӕмӕ кардиналонӕй ницы фӕивдзӕн, уӕддӕр дзы цы ногдзинӕдтӕ фӕзындзӕн, уыдон стыр ахъаз уыдзысты рӕзгӕ фӕлтӕры хъомыладӕн, се’нӕниздзинадӕн, фылдӕр зонындзинӕдтӕ райсынӕн.

Ног предметтӕ

Фыццаджыдӕр, бакодтой ног предметтӕ. Ног ахуыры азӕй скъоладзаутӕн уадздзысты фӕллойы уроктæ, кӕцы ӕнӕхъуаджы рохуаты баззад. Фӕлӕ рӕстӕг равдыста, ӕнӕмӕнгхъӕуӕг предмет кæй у. Ацы урокыл ахуырдзаутӕн амондзысты роботехникӕ, конструктортимӕ архайын, ӕнӕпилотон авиацион системӕтимӕ кусын, компьютерон графикӕ, хах-нывкӕнынад, кулинари, хуыйын ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

Иннӕ ног предмет та хуыйны «Ӕдасдзинады бындур ӕмӕ Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнын». Ам та ахуырдзаутӕн амондзысты фыццаг медицинон ӕххуыс бакӕнын, алыгъуызон ӕнамонд цаутӕ ӕрцӕуыны рӕстӕджы цы аразын хъӕуы, рацӕудзысты ӕфсӕддон цӕттӕдзинады райдиан курсытӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

Бынтон ног предмет бакодтой скъолаты – «Семьеведение», кӕцыйы амондзысты бинонты царды тыххӕй. Цӕудзысты йӕ 5-9 кълӕсты.

Ивындзинӕдтӕ ма бахастой физкультурӕйы прогарммӕмӕ дӕр. Ацы урокмӕ бафтаудзысты ног модултӕ – гольф, биатлон, ушу, адӕмон кӕфтытӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

Уымӕй уӕлдай ма скъолайы программӕйы планмӕ бахастой фылдӕр сахаттӕ урокты ӕддейæ ахуырмæ. Скъолайы разамынад скъуыддзаг кӕндзӕн, ахуырдзаутӕ цӕуыл ифтонг хъуамӕ цӕуой, уый.

Нырӕй фӕстӕмӕ ма ӕппӕт ахуырадон уагдӕтты бӕстыхӕйттыл хъуамӕ конд уа Уӕрӕсейы Федерацийы тырыса. Ӕввахс рӕстӕджы ма «Роскачество»-йы эксперттӕ хъуамӕ сфидар кӕной скъола-йы ног формӕйы стандарттӕ дӕр.

 

Ахуыргӕнджытӕн дӕр сӕ бартӕ фӕфылдӕр кодтой

Нырӕй фӕстӕмӕ ахуырадон уагдӕтты ӕрмӕстдӕр педагогтӕн бар уыдзӕн уагахасты фӕдыл фӕтк ӕрӕвӕрынӕн ӕмӕ сын сӕ домӕнтӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕной иууылдӕр. Ахуыргӕнджытӕн ма нырӕй фӕстӕмӕ бахъаст кӕныны бар дӕр уыдзӕн, искӕцы ахуырдзау йӕ коммӕ куы нӕ кӕса, куы йӕ дӕлдзиныг кӕна, йӕ урок уадзыны процессыл ын ӕвзӕрырдӕм куы ӕндава, физикон кӕнӕ йӕ психикон хуызы куы ӕфхӕра, уæд. Ныры онг ахӕм бартӕ уыд ӕрмӕстдӕр ахуырдзаутӕн.

 

Нал уадздзысты мобилон телефонтӕ уроктыл

Нырӕй фӕстӕмӕ скъоладзаутӕн мобилон телефонтӕй пайда кӕныны бар нал уыдзӕн ахуыры процессы рӕстӕджы. Ӕрмӕстдӕр дзы спайда кӕнӕн уыдзӕн экстренон уавӕрты, ома, ӕвирхъау цау ӕрцӕуыны рӕстӕджы.

Зӕгъгӕ дзы, ӕрмӕстдӕр, архайынц исты базоныны тыххӕй, уӕд дзы ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ йӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй сывӕллӕттӕ интернеты тыгъдады фылдӕр хӕттыты фӕагурынц зианхӕссӕг контенттӕ.

Пандемийы рӕстӕджы ныййарджытӕн стыр ӕххуыс уыдысты электрон боныгтӕ, мобилон телефоны фӕрцы зонгӕ уыдысты ахуырадон процессимӕ. Фӕлӕ урокы рӕстӕджы ахуырдзауы къухты мобилон телефон куы уа, уӕд уымӕн йӕ хъуыдытӕ къласы нӕ уыдзысты. Эксперттӕ куыд ӕмбарын кӕнынц, афтӕмӕй ахуыргӕнджытӕ хъуамӕ амоной скъоладзаутӕн мобилон телефонтӕй нысанмӕздӕхтӕй архайын. Ома скъолайы хӕс у, цӕмӕй нырыккон технологитимӕ зонгӕ кӕной ахуырдзауты.

Ахуыргӕндтӕ куыд раиртӕстой, афтӕмӕй 2017 азы сывӕллӕтты фылдӕр хай боны дӕргъы астӕуккаг нымадӕй смартфонӕй пайда кодтой дыууӕ сахатӕй къаддӕр. Ныры бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ та сывӕллӕтты фылдӕр хай боны дӕргъы смартфонӕй пайда кӕнынц 3 сахатӕй фылдӕр. Уымӕ гӕсгӕ ныййарджыты ӕнӕмӕнг хъӕуы ацы хъуыддагмӕ хъус ӕрдарын, уымӕн ӕмӕ комкоммӕ баст у сӕ сывӕллӕтты ӕнӕниздзинадимӕ. Ӕмӕ ма ахуыры дӕр фӕсте нал зайдзысты.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.