Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты Уæлдæр сæйраг командæгæнæг Бибылты Анатоли фембæлд Хъахъхъæнынады министрады къухдариуæгад æмæ офицерон скондимæ. Фембæлды нысан уыд Президенты уынаффæ, кæцыйы райста æрæджы хъахъхъæнынадон  ведомствойы сæргълæууæг Гассеты Ибрагимы, афтæ ма хъомыладон хайы фæдыл йæ хæдивæг  Гасситы Æхсары  сæ бынæттæй сисыны тыххæй.

Æфсæддонтæм æрсидгæйæ, Бибылты Анатоли фехъусын кодта, зæгъгæ, цы уынаффæ райста, уый æххæстбæрцæй дзуапп дæтты иумиагæфсæддон устав æмæ нормæтæн.

«Алы адæймагæн, уыцы нымæцы Президентæн, кæцыфæнды министрæн, командирæн æмæ салдатæн дæр ис бæрæг хæстæ æмæ бæрндзинад. Сæ хæс у службæ кæнын. Æфсадыл куы дзурæм, уæд нæ хъуыдыйы ис хæстон цæттæдзинад, цæмæй паддзахады ныхмæ цыфæнды провокаци дæр аиуварс кæной. Нæ разылæууæг хæстæй фыццаградон у хъахъхъæнынад», – банысан кодта Президент.

Бибылты Анатоли бахахх кодта, зæгъгæ, æфсад сты паддзахады политикæ сæххæст кæныны æмæ йын йæ интерестæ хъахъхъæныны инструмент. Фæлæ йæ бон нæу уыцы паддзахадон политикæ  нысан кæнын.

«Цæмæдæр гæсгæ, иуæй-иу адæймæгтæ, бæрæг бæрзонд бынæттæм куы схизынц, уæд афтæ фæнымайынц, цыма сын алцы гæнæнтæ дæр ис. Афтæ гæнæн нæй. Пагæттæ адæймаджы хæсджын кæнынц службæ кæнынæн. Цы адæймаг коммæ нæ кæсы, уый командæ кæнын никуы сахуыр кæндзæн. Уый аксиома у», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй Хъахъхъæнынады министры йæ бынатæй сисын куы сфæнд кодта, уæд къухдариуæг кодта, æфсады командир кæй хъæуы, уымæй.

«Дунейы æнæстабилон æмæ вазыгджын уавæр хынцгæйæ, Хъахъхъæнынады министрад ма хъуамæ баззадаит æнæ къухдариуæггæнæгæй, кæцы архайы йæ политикон хъуыддæгтæ аразыныл. Хъахъ-хъæнынады министрад æнæ къухдариуæгадæй баззад, æмæ мæнæн, куыд Уæлдæр сæйраг командагæнæг, мæ бон нæу афтæ ма бакæнын», – фехъусын кодта Президент.

Бибылты Анатоли йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, æфсады рæнхъон салдатæй министры онг дæлбар кæныны иерархи куынæ уа, уæд æфсадæн йæ бон нæу хæстон хæслæвæрдтæ æххæст кæнын, кæцыфæнды æфсады та дисциплинæйы сæйраг бындур у командирмæ карзæй хъусын.

«Нырма уал мын хъусын кæнынц, æфсад цæттæ кæй у цыфæнды хæслæвæрд æххæст кæнынмæ дæр, цасдæры фæстæ та, куы сын бахæс кодтон, уæд та мын бынтондæр æндæргъуызон доклад кæнынц», – загъта уый.

Офицерон скондимæ фембæлды рæстæджы  Президент фехъусын кодта, Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæст кæнын кæй сæвæрдта Гарзджын тыхты Генералон штабы хистæр – Хъахъ-хъæнынады сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Виктор Федоровыл.

Дзырд ма цыд Республикæ Хуссар Ирыстоны æфсæддонты куыстмызд фæфылдæр кæныныл дæр.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, æппæт бадзырдтæ дæр сæххæст сты, æфсæддон ведомствоты кусджытæ фæфылдæргонд мыздтæ райсдзысты ацы аз, 2022 азы, январæй сын æй банымайгæйæ.

Офицерон скондимæ фембæлды фæстæ Президент ауагъта оперативон æмбырд хъахъхъæнынады ведомствойы уæлдæр къухдариуæгадимæ. Президентæн фехъусын кодтой, зæгъгæ, цухдзинæдтæ иуварс-гонд æрцыдысты оперативонæй.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.