2008 азы æвдæмæй æстæм августмæ, дунейы прогрессивон адæмтæ Олимпийаг хъæзтыты цауты ‘рдæм сæ хъусдард куы аздæхтой, уæд Гуырдзыстон мæнгардæй, хинæйдзаг æмæ æдзæсгомæй æрбабырста фынæйгæнæг сабыр горæтмæ. Уыцы бонты цаутæ нырдæр ма судзынц, сæ цард раздæры хуызæн цы адæмæн нал суыдзæн, уыдоны зæрдæты. Уыдон акъахдзæф кодтой арæны сæрты, цыбыр, фæлæ йæ æгъатырдзинадæй номхæссæн чи фæци, уыцы хæсты арæны сæрты, æмæ дзы фæс тæмæ нал ис фæндаг. Нал ис раздæхæн раздæры цардмæ…

Ацы хатт дæр та Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд цæудзысты 08.08.08 хæсты райдайæнимæ баст мысæн мадзæлттæ. Æмæ РХИ-йы Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Зассеты Жаннæ куыд радзырдта, афтæмæй, мах хæсджын кæмæй стæм, уыцы боныл Хуссар Ирыстоны адæм кæддæ-риддæр æмбæлынц цавæрдæр мидæггагон сыгъдæгдзинадимæ, уымæн æмæ уыдон ахæм хуызы дæттынц фæлварæн, абоны бон нын йæ уды аргъæй чи балхæдта, уыцы адæмы раз.

«Мах алыхатдæр паддзахадон мадзæлттæ райдайæм фæмардуæвæг лæппуты ном ссаргæйæ. Мах хæссæм веноктæ æмæ диинтæ зæрдылдаринаг бынæттæм, цæмæй сæ æрæвæрæм, сæ цард нын чи снывонд кодта, уыдон риутыл, нæ сæртæ æркъул кæн-гæйæ. Уыцы бынæттæ махæн зынгонд сты – уый у уæлбыл æфсæддон городок, уыцы ран фидауынгæнджытæ бацыдысты æнæмсæр тохы, уый у Денис Ветчиновы цырт, уый у Алексей Ивановы мæрдон бынат æмæ бирæ æндæртæ…», – загъта Зассеты Жаннæ.

Æвдæм августы изæры 6 сахатыл веноктæ æвæрд æрцæудзæн Денис Ветчинов æмæ фæмардуæвæг уæрæсейаг æфсæддонты цыртыл. Уыдоныл фыццæгты æмрæнхъ сæмбæлди знаджы уæззау цæф. Мадзалы хайад райсдзысты республикæйы къухдариуæггæнджытæ.

«Уый фæстæ мах ацæудзыстæм иууыл зæрдылдарæн дæр бынатмæ. Уый хъуамæ махæй алкæмæн дæр уа йæ уды сыгъдæггæнæн бынат, ацы бынаты хъуамæ раттæм нæхимæ фарст: ацы адæмы ном сæнусон кæныны сæраппонд æппæтдæр раст аразын, æви нæ? Уый у «Сыгъд удты музей», нырдæр ма, знаджы сырдон къухæй сыл уагъд чи æрцыд, уыцы нæмыджы артæй сыгъд чи нæма фæци.

Æмæ ацы ран мах традицимæ гæсгæ æвæрæм дидинджытæ, æххæст кæнæм бæлвырд мисси. Ацы зæххыл нæ цард нымайæм уæззау уаргъыл. Цæмæндæр афтæ рауади, æмæ ацы машинæтæ сты, абон неонацисттæ схонæн кæмæн ис, уыдонæн æнæдзургæйæ уайдзæф. Ай уыцы республикæ у, мах сыгъд хæдтулгæтæн цырт кæй тыххæй сæвæрттам», – загъта Зассеты чызг.

Изæры æхсæз сахат æмæ æртын минутыл уыдзæн акци «Ницы нæ у рох!». Уый цæудзæн «Сыгъд удты музейы» Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы. Ацы ран уыдзæн номарæн службæ. Æмæ та ацы хатт дæр сыгъд машинæ-ты цур лæудзысты сывæллæттæ, не ‘хсæн чинæуал ис, уыдонæн кад кæнгæйæ.

«Дарддæр, мах уырдыгæй раздæхдзыстæм «Гергийы фырты асины» цур мысæн изæрмæ. Мах æй афтæ æнæхъуаджы нæ хонæм. Абон дæр ма уыцы бæстыхайы сæрмæ чи зæлы, уыцы номхæссæн концерты фæстæ, Гергийы фырты разамынадæй Мариины театры ар-тистты концерты фæстæ адæмы æхсæн уыцы асинæн лæвæрд æрцыд «Гергийы фырты» асины ном. Уыцы асины цур уагъд цæудзæн мысæн изæр. Ацы хатт нæ изæрæн ратдзыстæм ахæм ном: «Уæ ном цæрдзæн, цалынмæ уæ мах мысæм, уæдмæ!», – загъта уый.

Алы æмбæстаг дæр, чидæриддæр йæхи хæсджыныл нымайы, уыцы адæмы раз, уый хъуамæ ацы бынаты уа, уыцы мысæн изæр. Хъуамæ скад кæна уыдон рухс нæмттæн. Республикæмæ æрцæудзысты уазджытæ  фæмардуæвæг уырыссаг æфсæддонты ныййарджытæ, афтæ ма Тюмены æмæ Республикæ Цæгат Ирыстоны-Аланийы æфсæддонты мадæлты комитетты минæвæрттæ.

Горæты бирæнымæц цæрджыты куырдиат хынцгæйæ, республикæйы къухдариуæгады уынафæмæ гæсгæ мадзæлттæ ацæудзысты дыууæ сахат раздæр, ома изæры авд сахатыл.

«Мæн тынг зæрдийæ фæнды, хъусын йæ бон кæмæн у, иумæйаг мастыл маст кæнын, уыдон цæмæй ардæм æрбацæуой. Фæлвæрдгонд у: иумæ маст уромын æнцондæр у. Мах æнхъæлмæ кæсдзыстæм уе ‘ппæтмæ дæр, æмæ сымах куыд æнæзивæгæй æрбацæуат, уымæй уыцы бæсты нæ лæппутæн уыдзæн æнцондæр», – банысан кодта Президенты уы-наффæгæнæг.

Æстæм августы бон райдайдзæн акци «Нæ мысинæгты уаз бынæттæ», зæгъгæ, уымæй. Горæт Цхинвалы ис, Ирыстоны хъахъхъæнджытæ хъæбатыр мæлæт кæм ссардтой, знаджы нæмгуытæ æмæ снарядтæ ирон лæппуты кæм æрæййæфтой, ахæм 14 бынаты.

«Ацы бынæттæ зындгонд сты адæмæн, фæлæ мах не ‘ппæты дæр фæнды, цæмæй арæзт æрцæуа обелиск, цæмæй-иу мах уырдæм æрбацæуæм, æмæ уый æрцæудзæн арæзт. Æмæ, чизоны, æдзæмæй лæугæйæ, мах фылдæр базонæм æмæ бамбарæм, цы уыди æмæ цы ‘рцыди. Æмæ цалынмæ ацы цырт-обелиск нæма ис, уæдмæ уал мах дидинтæ хæссæм нæ хъайтартæ кæм амардысты, уыцы бынæттæм.

Уыцы церемони райдайы нæ Президентæ. Уый азилы, нæ лæппутæ сæ цард кæм раттой, уыцы зæрдылдаринаг бынæттыл. Мæнмæ гæсгæ, адæм æмæ уазджыты æрбацыдмæ, æввахс хиуæттæ æмæ сыхæгтæ уыцы бынатмæ куы æрбамбырд уой, уæд уый дæр хорз уыдзæн сæ рухс нæмттæ сын ссарынæн», – загъта уый.

Æстæм августы боны 12 сахатыл РХИ-йы Национ музейы байгом уыдзæн тематикон экспозици. Экспозици баст у 2008 азы хæсты æмæ геноциды фарстытимæ.

Аст азы рацыд, Хуссар Ирыстоны зæхх куы сыгъд, ахуыр кæуыл уыдыстæм, нæ уыцы дуне куы хæлди, уымæй… Æнæхъæн адæмы хъысмæт скъуыддзаг куы цыд, уыцы бонты трагикон цаутæ рæстæг нæ айсæфдзæн. Уыцы дуджы уыд ахæм уысмтæ, æмæ-иу царды ныфс никæмуал уыд. Аст азы рацыд 08.08.08 трагикон цаутæй, æмæ нæ адæмы хъæдгæмттæ та нæма байгас сты. Нæ хæс у, ма сæ рох кæнæм, æмæ уыдон ном та цæрдзæн, цалынмæ сæ мах мысæм, уæдмæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны информацион портал     

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.