Цхинвалы районы Сатихъары хъæуы сæнусон кæндзысты гуырдзиаг-ирон хæс­ты хъæбатырæй фæмардуæвæг Дыгъуызты Гарикы ном. Цыртæн бынат рахицæн кодтой Сатихъармæ ссæуæны. Йæ сæвæрыны фæнд æрцыд Хуссар Ирыстоны базарадон минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гогинов Таймуразмæ. Уымæн йæ нана Дыгъуызты Мери уыд ацы хъæуккаг. Хъæубæсты адæмæй арæх хъуыста Дыгъуызты Гарикы хъæбатырдзинады тыххæй. Сæрбæрзонд дзы уыдысты хъæуы фæсивæд. 1989-1990 азты цы хъайтардзинæдтæ æвдыста знаджы ныхмæ, уыдон ын æнæзонгæ нæ уыдысты.  Уымæ гæсгæ рагæй йæ зæрды уыд Гарикæн цырт сæвæрын.

Цыртæн бынат бацæттæ кодтой хъæуы фæсивæд сæхæдæг. Скульптор Хъуылымбегты Михал сарæзта эскиз æмæ йæ ныр æввахс рæстæджы хъæубæсты æххуысæй сæвæрдзысты. Дыгъуызты Гарик райгуырд Сатихъары хъæуы 1966 азы, скъола каст куы фæцис, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд Тамбовы хъæууонхæдзарадон техникуммæ. Ам ахуыр кæнгæйæ райдыдтой йæ зæххыл трагикон цаутæ æмæ рараст ис йæ райгуырæн хъæу, йæ адæмы бахъахъхъæнынмæ. Йæ фарсмæ æрбамбырд кодта йæхиау хъæбатыр, ныфсхаст лæппуты æмæ цыбыр рæстæгмæ хъæуы бацæуæнты постытæ æрæвæрдтой. Гуырдзиаг æнæформалтæ сæ ныфс нал хастой сатихъайрæгты хъыгдарынмæ, фæлæ йæ фæстæ зылдысты.

Гарик ныфс æрмæст йæ хъæубæстæн нæ уыд, фæлæ ма сыхаг ирон хъæутæ – Хелчуа, Дменис, Къохат, Сарабукъæн дæр.

Знаг уыдæттæ зыдта æмæ иу ахæмы йæ размæ бабадтысты. Уæддæр æм комкоммæ нæ бауæндыдысты æмæ йæ фæсонты ‘рдыгæй фехстой.

Гарикыл 26 азы йедтæмæ нæма цыд. Бинонтæ æркæнын дæр ын нæ бантыст. Кæугæ æмæ дзыназгæ ныууагъта йæ ныййарæг  мад, хо æмæ æфсымæры.

Æнцойад цы уæлмæрды ссардта, уырдæм арæх æмбырд кæнынц йе ‘мгæрттæ. Ныр хъæумæ ссæуæны йæ цырт кæй фæзындзæнис, уый  нымайынц стыр хæрзиуæгон хъуыддагыл.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.