Ныр 31 азы дæргъы Хуссар Ирыстоны адæм æрвылаз дæр нысан кæнынц Фидауынгæнæджы бон æмæ кад кæнынц, бæрзонд профессионализм чи равдыста, нæ республикæйы сабырдзинад æмæ æнцойад бахъахъхъæныны сæраппонд йæхимæ зын мисси чи райста, уыцы фидауынгæнæн тыхтæн.

Ивгъуыд æнусы 90-æм азты Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæстон архайдтытæ райдыдта, æрхъавыд ирон адæмы скуынæгмæ, туджы зæйтæ сыл рауагъта.

Цæмæй хæстон агресси æруромой æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы скуынæгæй фервæзын кæной, уый тыххæй 1992 азы 14 июлы фидауынгæнджытæ æрцыдысты Хуссар Ирыстоны зæххмæ. Уыцы бон никуы ферох уыдзæн никæцы хуссарирыстойнаг адæймагæй. Уæрæсе æрцыд, цæмæй æрурома хæстон агресси Хуссар Ирыстоны æмæ йын фервæзын кæна йæ адæмы. Хуссар Ирыстонмæ Æмхæццæ тыхты æрцыд нысан кодта хæсты æвирхъау цаутæн кæрон скæнын æмæ тугкалд æруромын. Æмæ æцæгæйдæр, уæрæсейаг фидауынгæнджыты æрцыдæй нæ зæххмæ æрыздæхт сабыр цард æмæ пырхæнтæй æндидзын райдыдта республикæ. Уыцы зæрдылдаринаг бон – 1992 азы 14 июль æнустæм баззад нысаниуæгджын историон бонæй.

Гуырдзиаг-ирон хæстон архæдтыты зонæйы сабырад бахъахъхъæныны операци æмæ уæрæсейаг фидауынкæнынады фæлтæрддзинад дунеон практикæйы уыд    цæвиттойнаг æмæ иууыл æнтыстджындæр.

Уыцы бон Хуссар Ирыстоны адæмæн стыр бæрæгбон уыд. Фидауынгæнæг тыхтыл адæм æмбæлдысты дидинджытимæ, ахæм ныфсимæ, зæгъгæ, кæдæй-уæдæй нæ республикæйы хъизæмæрттæ бавзарæг зæххмæ æрцыд сабырад. Æмæ, æцæгæй дæр, фидауынгæнджытæ Хуссар Ирыстоны зæххмæ æрхастой сабырдзинад.

Æртæфарсон фидауынгæнæн тыхтæ арæзт æрцыдысты Сочийы сразыдзинады фæлгæты.

Фидауынгæнæн операцийы уникалондзинад уый мидæг уыдис, æмæ уæрæсейаг фидауынгæнæг батальонимæ иумæ операцийы хайад истой, конфликты хайадисджытæ – гуырдзиаг æмæ ирон батальонтæ дæр, уымæй дæр иумæйаг командæкæнынады бын. Æртæ батальоны дæр фидауынгæнæн мисси æххæст кодтой 15 километры дæргъæн арæнгæрон территорийыл..

Фидауынгæнджыты æрцыдæй республикæ цадæггай æндидзын райдыдта. Уыцы ирвæзынгæнæг тыхтæ архайдтой Æмхæццæ контролон къамисы эгидæйы бын. Æмхæццæ контролон къамис та  арæзт æрцыд Догомысы кæнæ Сочийы сразыдзинадмæ гæсгæ. Йе скондмæ бацыдысты Уæрæсейы Федерацийы, Хуссар Ирыстоны, Цæгат Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæ. Æмхæццæ контролон къамисы функцитæ уыдысты фидауынкæнынад, гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы социалон-экономикон æндидзынад æмæ лигъдæтты проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын. Уымæй дæр алчидæр æмбæрста, социалон-экономикон æндидзынад æмæ лигъдæтты проблемæ аскъуыддзаг кæнын баст кæй уыдысты, фидауынкæнынад куыд æххæст цыдаид, ууыл.

Дæргъвæтин рæстæджы Фидауынгæнæн тыхтæ Хуссар Ирыстоны адæмæн уыдысты сабырады, стабилондзинады æмæ æдасдзинады гарант. Уыдон Хуссар Ирыстоны зæххыл 16 азы дæргъы аккагæй æххæст кодтой сæ бæрны уæвæг хæс.

Фæлæ 2004 азæй гуырдзиаг хицауиуæгад райдыдта алыгъуызон провокацитæ куыд Хуссар Ирыстоны ныхмæ, афтæ Фидауынгæнæн тыхты ныхмæ дæр. Гуырдзыстон архайдта уыцы уникалон операци фехалын. Æмæ кæд сæ къухы нæ бафтыд, уæддæр фæстаг æзты Фидауынгæнæн тыхтæ сæ разылæууæг хæслæвæрдтæ æххæст кодтой уæззау уавæрты.

2008 азы 7-æм августы онг, УФ минæвар Попов æмæ Фидауынгæнæг тыхты командагæнæг инæлар Марат Кулахметовы руаджы бадзырдæуыд, цæмæй дыккаг бон, ома, 8 августы, иумæ фембæлой Æмхæццæ контролон къамисы æмсæрдæрттæ уавæр æрсабыр кæныны сæраппонд. Фæлæ 7 августæй 8-æм августмæ æхсæвы Гуырдзыстон хæстон агресси райдыдта Хуссар Ирыстоны ныхмæ. Агрессор йæ фыццаг цæф уæрæсейаг фидауынгæнджытыл фæкодта. Уыдон сын æмбæлон ныхкъуырд лæвæрдтой, фæлæ æнæмсæр тохы зныджы бауромын сæ бон нæ бацис æмæ…

Хъыгагæн, уыцы æнæмсæр тохы бирæ бабын, фæлæ сæ нæмттæ хуссарирыстойнаг адæмæй рох никуы уыдзысты, кæддæриддæр уыдзысты ирон адæмы мысынады æмæ сын кад кæндзысты.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.