Республикæ Хуссар Ирыстоны Таможнæйон комитет 7-æм ноябры банысан кодта йæ 30 азы бæрæгбон. Уый цытæн Мыхуыры хæдзармæ хуынд æрцыд Таможнæйы комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Мурат. Цалынмæ йæм фарстытæ нæ радтой журналисттæ, уæдмæ цыбыртæй æрдзырдта таможнæйы хæсты тыххæй: «Комитет æппæт тыхтæй дæр архайы, цæмæй республикæйы бюджетмæ хæсса фылдæр æфтиæгтæ æмæ арæныл хизгæйæ адæммæ цы фарстатæ сæвзæры, уыдон афоныл æмæ объективонæй скъуыддзаг кæна», — загъта РХИ-йы Таможнæйон комитеты сæргълæууæг.

Журналисттæ бирæ фарстатæ лæвæрдтой Цхуырбаты Муратмæ. Уыцы нымæцы æрвылбон дæр Дæллаг Зæрæмæджы рады цы бирæнымæц автотранспорт сæмбырд вæййы, уыдоны тыххæй. Уый фæдыл Цхуырбайы фырт загъта, зæгъгæ, уыцы радтæ товарон-транспортон машинæты аххос не сты. Арæнхъахъхъæнджытæ хъаст кæнынц, зæгъгæ, не ’ххæссæм контролон-сгарæн куыстытыл. Зæрæмæджы уадзæн пост сырæзт 20 азы размæ. Уыцы рæстæджы планмæ гæсгæ бондæргъы æххæссыдысты æрмæстдæр 200 машинæ басгарын. Ныртæккæ та суткæйы ацы арæныл ахизы 1000 машинæйы бæрц. 2023 азæй Уæрæсейы Федералон таможнæйон управлени хъавы ацы бынаты уæлæмхас цалдæр уадзæн посты саразын. Уымæн ныртæккæ цæттæ кæнынц проектон сметæйон документаци.

Нæ фарст, цæмæннæ хуымæтæгдæр цæуынц чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуыс кæныны Цхуырбаты Мурат загъта: «Уый тыххæй ис таможнæйон кодекс — Хисæрмагонд æмæ амалиуæгады нысаны товартæ ласыны декларацийы фæтк. Дыууæ Ирыстоны ’хсæн таможнæйон пост Дæллаг Зæрæмæджы цы инспекцион сгарæн комплексæй пайда цæуы, уый æмбæстæгты цардæн ницы зиан хæссы. Фæлæ уæддæр бирæтæ равдисынц се ’нæразыдзинад. Ацы комплекс адæмы ’хсæн зындгонд у, куыд „рентген“ барынæй, флорографийы процедурæтимæ. Сгарæн комплексæй ма хъуамæ тæрса амалиуæггæнæг, кæд æмæ Экономикон рæзты министрадæй æмæ Фитосанитарон службæйы цы процедурæтæ рацыд, уыдон сæ уагыл сты, уæд. Санитарон-эпидемиологон экспертизæйæн æмбæлон хатдзæгтæ куы уа, уæд таможнæйы дæр ницы цæлхдуртæ вæййы», — афтæ у йæ хъуыды Цхуырбаты Муратæн.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.