Цхинвалы 1-æм астæуккаг скъолайæн лæвæрд æрцыд зынгæ ахуыргонд-иранист, филологон зонæдты доктор, профессор, Хуссар Ирыстоны зонæдты сгуыхт архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, РХИ-йы Кады ордены кавалер Гæбæраты Никъала Ясоны фырты ном. Ацы хабарыл æхсызгонæй сæмбæлдысты иууылдæр, уымæн æмæ ирон æвзаджы иртасынадмæ йæ хайбавæрдæн саргъгæнæн дæр нæй.

1-æм астæуккаг скъолайы къæ­сæ­рæй 2024 азы бакъахдзæф кодтой 50 фыццагкъласоны. Цытджын линейкæйы рæстæджы скъолайы директор Гобозты Русудан раарфæ кодта ныййарджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæн ног ахуыры азы райдианы тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, бæрæгбон райдайдзæн æх­сызгон хабарæй. «Ацы аз 15 азы æххæст кæны, не скъолайæн бындур æвæрд куы æрцыд, уыцы боныл. Нæ юбилейон боны цытæн нæ уагдонæн лæвæрд æрцыд зынгæ ахуыргонд Гæбæраты Никъала Ясоны фырты ном. 2024 азы профессоры райгуырдыл сæххæст 100 азы. Мах хъуамæ кадимæ хæссæм йæ ном. Уый фыццаг бынаты æвæрдта ирон æвзаджы рæзт æмæ йыл куыста æвæл­ла­йгæйæ», — загъта уый.

Гобозты Русудан ма куыд банысан код­та, афтæмæй скъолайæн профессоры ном радтыны фæдыл йæ фæндон фехъусын кодта педагогон советы. «Уыд алыгъуызон хъуыдытæ, уыдис дзы æн­дæр кандидатурæтæ дæр, фæлæ ахуыр­­­гæнджытæн сæ фылдæр рахæ­цы­дысты мæ фæндоны фарс. Бахатыдыстæм Цхинвалы администрацийы цур æмбæлон къамисмæ. Къамисы уæнгтæ æркастысты нæ фарстамæ æмæ нын горæты администрацийы коллеги сæх­хæст кодта нæ куырдиат. Баззадыстæм сæ райгондæй», — банысан кодта Го­бозты Русудан.

ХИПУ-йы профессор Битарты Зойæ æмæ уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы доцент Остъаты Джу­льеттæ скъолайы сæ лекциты рæс­тæ­джы дзырдтой Никъала Ясоны фырты цардвæндаджы, ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæм йæ хайбавæрды, патриотизм, мадæлон æвзаджы рæзты фар­статы йæ бæрзонд æмбæстагон пози­ци­ты тыххæй. Уый фæстæ, дам, мæм сæвзæрд хъæппæрис скъолайы йæ номæй схоныны тыххæй.

Ахуыргонд РХИ-йы паддзахадон те-ле­радиокомпани «Ир»-ы уагъта сæр­магонд алæвæрд «Не ’взаг — нæ хæзна», зæгъгæ. Уый дзырдта, зæгъгæ, æнæ æв­заг дуне нæ цæры. Адæм, зæгъ, се ’взаг куы фесафой, уæд наци нал уыдзæн. Адæ­мы, дам, æвзаг иу кæны.

Ацы аз январы мæйы ахуыргонды ра­й­гуырдыл 100 азы сæххæсты цытæн мысæн изæры йæ фырт Гæбæраты Андрей банысан кодта, зæгъгæ, «Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат»-ыл Никъала йæ коллегæтимæ фæкуыстой 40 азы бæрц æмæ абоны онг 4 томæй мыхуыры ра­цыд æрмæстдæр дыууæ. Иу хорз уыд æмæ уыцы дыууæ томы уæддæр рухс федтой йæ удæ­гасæй. Фæлæ æн­хъæл­мæ кæсæм иннæ дыууæ томы рацыдмæ дæр. Æмæ мæ­нæ хорз хабар — мыхуыры рацыд «Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат»-ы 3-æм том филологон зо­нæдты кандидат, профессор Гæбæраты Ни­къалайы иумæйаг редакцийæ. Дзыр­дуаты æртыккаг хай бацæттæ кодта Цхуырбаты Валентин. Фæлæ, хъыгагæн, цардæй ахицæн æмæ нæ федта йæ куысты фæстиуджытæ. Дзырдуаты ти-раж у 1000 экземпляры.

Профессоры æввахс хиуæттæ — йæ фырт Андрей æмæ йæ чындз Гаглойты Лианæ куыд загътой, афтæмæй 1-æм ас­тæуккаг скъолайæн балæвар кæн-дзыс­ты Гæбæраты Никъалайы хисæр­ма­гонд библиотекæйы чингуытæ, афтæ ма йæ диссертаци цы мыхуыргæнæн машинкæйыл ныммыхуыр кодта, уый дæр. «Куы нын сæ радтой, уæд райдайдзыстæм æрмæджытæ æмбырд кæнын æмæ сараздзыстæм къуым. Йæ ном нæ уагдонæн лæвæрд кæй æрцыд, уый нæ бирæ цæмæйдæрты хæсджын кæны. Къласон сахæтты скъоладзаутæ иртас­дзысты Никъала Ясоны фырты архайд, организаци кæндзыстæм алыгъуызон ма­дзæлттæ», — загъта уый.

Афтæ ма план кæнынц скъолайæн ахуыргонды ном кæй радтой, уый цытæн официалон мадзал ауадзын. Фидæны фæнд кæнынц скъолайы мемориалон фæйнæг сæвæрын æмæ ахуыргонды ном бюстæй сæнусон кæнын.

***

Гæбæраты Никъала зынгæ хайба­вæрд бахаста ирон æвзаджы æмæ куль­турæйы рæзтмæ. Уыд Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-ир­­та­сæн институты ирон æвзаджы ха­йады сæргълæууæг. Афтæ ма уыд Уæрæсейы зонæдты академийы Дзæ­уджыхъæуы зонадон центры хусссайраг ирæтты культурон антропологийы хайады сæйраг зонадон кусæг. Ным­мыхуыр код­та 100 публикаци æмæ дæс­гай моног­ра­фитæ, уыцы нымæцы ирон æв­загæй скъолайы программæты æмæ ахуыр­гæнæн чингуытæ. Бирæ азты дæргъы уый ирон æмæ уырыссаг филологи амыдта Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны уæлдæр ахуырадон уаг­дæтты.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.