Адæмон бæрæгбон хайджын уыди, чи йæ нысан кодта, уыдоны кæрæдзимæ чи æввахс кодта, иу къорд ахæм сæрмагонд миниуджытæй.  Сæ иу уыди иумæйаг фынг. Уый æрхуынд адæммæ æвзæрын кодта  æмхуызон æнкъарæнтæ. Иумæ хæрын æрмæстдæр адæймаджы туджы ис, æмæ уыцы æгъдау фæзынди рагзаманты, къорддыл дихтæ кæнын куы райдыдтой, уæд. Ӕмæ уыцы дæргъвæтин рæстæджы дæргъы сфидар хæрын æмæ фынгыл бадыны фæтк. Уыдон алы адæмæн дæр сты йæ культурæимæ баст, æмæ, кæй зæгъынæй хъæуы, ирон адæмæн дæр ис йæхи фынджы æгъдæуттæ. Уыцы æгъдæуттæ æнусты дæргъы, фынджы фарсмæ бадгæйæ, иу фæлтæрæй иннæмæ лæвæрдтой æмæ дæттынц удварны хæзнатæ, фæрнджын æгъдæуттæ.

Хойраг йæхæдæг дæр, æмæ фынджы уæлхъус хи куыд дарын хъæуы, уыдон ахсджиаг уыдысты æрвылбонон царды. Хойрагæн  æмæ фынджы æгъдæуттæн сæ ахадындзинад ноджы ахсджиагдæр уыди къæлиндары хыгъд, чындзæхсæв æмæ зианы рæстæг. 

Цасфæнды ма дзурæм, уæддæр ирон адæмы царды фынджы фарсмæ бадт ахсы сæйраг бынат. Цины, гъе та  зианы хъуыддæгтæ иууылдæр баст сты фынгимæ. Афтæмæй зæгъæн ис, нæ фынджы уæлхъус нæхи куыд дарæм, кæрæдзийы куыд æмбарæм, уый у нæ цæсгом, нæ ирон намыс æвдисæг. Фынгæй иууылдæр æмыстад скæной уый гæнæн нæй. Кæд-иу сæ стын бахъуыд, уæддæр-иу дзы исчи бадгæ баззад – фынгæн кад кæныны охыл. Науæд, зæгъ, фынг алидздзæн. Ацы ныхас ныр дæр фæзæгъынц бадты рæстæджы.

Стæм хаттæй фæстæмæ-иу стыр куывды уыцы-иу рæстæг авæрдтой цалдæр фынджы. Хицæ-нæй бадтысты нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ, хистæртæ æмæ кæстæртæ. Сæйрагдæр уыди, æртæ хистæры кæм бадтысты, уыцы фынг. Фынджы æгъ-дæуттæ конд цыдысты фидар фæткмæ гæсгæ. Хистæры фынг канд бадты адæмæн нæ, фæлæ æгас куывдæн дæр уыди йæ цæс-гом, йæ астæустæг. Уыцы фæтк хъахъхъæд цæуы мах рæстæджы дæр. Баззад ахæм базырджын ныхас фынджы æгъдауы тыххæй: “Минас-иу ныллæг фынгтыл æрывæрдтой, фæлæ-иу адæмæн цы кад скодтой, цы гъдау-иу радтой, уый уыди Хъæриуы хохæй бæрзонддæр”.

Фыдæлтæй баззайгæ æгъдæуттæн ахæм стыр аргъ бирæ цæйдæрты тыххæй кодтой. Би-нонты цардимæ баст кæнæ æндæр истæйы фæдыл арæзт куывдтытæ цæттæ кодтой хæдзары бинонтæ сæхæдæг. Уымæ гæсгæ-иу адæм дыууæ дихы фесты. Сæ фылдæр уыдысты уазджытæ, иннæтæ – лæггадгæнджытæ. Ӕмæ ацы ран дæр ныхас цæуы дыууæ ахсджиаг ныхмæвæрд æмбарынадыл – “уазджытæ” æмæ “фысымтæ”. Уазæгæн æдзухдæр уæлдай кад кодтой.

Фынг-иу равæрдтой скæсæ-нæй ныгуылæнмæ. Хистæр хъуамæ бадтаид хæдзары ныгуылæн хайы рæбынæй, йе ‘ргом хурæскæсæны ‘рдæм, куыд уыдаид, афтæ. Иннæтæ та æгъдаумæ гæсгæ чи куыд хистæр æмæ кадджындæр уыди, афтæ йæ дæлæмæ æрбадтысты. Хистæры рахис фарсæрдыгæй бадти дыккаг хистæр. Ӕгъдаумæ гæсгæ уым бадын кодтой уазджыты хистæры.

Не ‘гъдæуттæ куыд æххæст цыдысты раздæр, ууыл куы дзурæм уæд тынг бирæ сты, фæлæ ныр та куыд æххæст цæуынц? Фыццаджыдæр зæгъын хъæуы нозты тыххæй. Фынгыл дæ хъус куы дарай, уæд уынæм хистæртæ сæхи куыд хъахъхъæнынц хъæбæр нозтæй. Сæ фылдæр фæнуазынц бæгæны, сæн кæнæ та минералон дон. Уый, кæй зæгъынæй хъæуы, тынг хорз у. Фæлæ кæстæр фæсивæд бирæ хатт сæхиуыл нæ фæцауæрдынц. Уый, кæй зæгъынæй хъæуы, хорз нæу.

Иннæ ахæм кувджытæ, ахæм кувджытæ нæм ис æмæ куы райдайынц, уæд цыдæриддæр зæд æмæ дзуар зонынц, се ̀ппæты нæмтты дæр ранымайынц. Цыбырæй зæрдæйæ зæгъ дæ хъуыдытæ, æмæ дæ Хуыцау дæр æмæ куывдон адæм дæр разы уыдзысты. Хистæр лæмбынæг скуывта, уæд ма дыккаг æмæ æртыккаг хистæр та сæ удæй арт цæуыл цæгъдынц. Хистæрæй фылдæр цæмæн дзурынц. Уый аив нæу. Кæд хистæр фондз минуты фæкуывта, уæд дыккаг хистæр 1-2 минуты, æртыккаг та – ноджы къаддæр. Уæдæ сидтыты нымæцыл дзурын нæ хъæуы. Уыдон сты нæ адæмы хъæздыг сфæлдыстады, нæ адæмы культурæйы иу хай.

Стыр æвзæрдзинад у, искæй тæбæгъмæ кæнæ агуывзæмæ кæсын, цы хъуыддаг дæ ис, æз цæрæнбоны тыххæй кæнæ рухсаджы тыххæй арахъ, сæн, бæгæны æви дон нуазын, уымæ.

Бадт-иу æмбисмæ куы ахæццæ, сæйраг сидтытæ-иу куы фесты, уæд-иу ралæууыди фынджы иннæ ‘гъдæутты рад. Ирæттæм ис, иннæ адæмтæ кæй нæ кæнынц, ахæм æгъдау – кады нуазæн дæттын.

Нуазæн ирон адæммæ баззад кадæн. Ахæм нуазæн-иу радтой хистæрты хъæппæрисæй фынджы кæнæ хъæубæсты, комбæсты номæй, адæмы сæраппонд чи фесгухти, ахæм хъайтартæн.

 Фæлæ дзы ныртæккæ хаттæй хатт хынджылæг скæнæм. Ба-дынц чындзхæсджытæ æмæ сæм фондз хатты дыгай, æртыгай лæгтæ нуазæнтæ æрбахæссынц. Алы хатт дæр бирæ лæууын фæхъæуы фынджы фарсмæ бадæг адæмы.

Фыдæлтæй нын ахæм æгъдау баззад. Фынджы хистæртæ кæстæртæн нуазæн авæрынц. Фæлæ уыцы æгъдауæй дæр, æвæццæгæн, æдзух пайда кæнын  нæ хъæуы. Иу нуазæн иннæйы фæстæ – æмæ ныррасыг вæййынц.

Нæхæдæг куы нæ хъахъхъæнæм нæ фынджы æгъдæуттæ, куы нæ сæ æххæст кæнæм, нæ фыдæлтæ нын сæ куыд æрхæццæ кодтой афтæмæй,  уæд уый, кæй зæгъынæй хъæуы нæ удварны къахыр кæны. 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.