Ацы мысинæгтæ РХИ-йы сгуыхт журналист, æхсæнадон архайæг Хуриты Гиви ныффыста цалдæр азы размæ, фæлæ йæ удæгасæй сæ ныммыхуыр кæнын йæ къухты нал бафтыд, цардæй æнæнхъæлæджы цæрынхъуагæй кæй ахицæн, уымæ гæсгæ. Абон сæ РХИ-йы дзыллон информацийы фæрæзты бæрæгбоны цытæн хæссæм газеткæсджыты рæгъмæ.

ЦÆВÆГÆЙ ЧИ НÆ АРÆХСЫ,

УЫМÆН ТА… МИНАС

Уыцы хабар уыд раджы, ома, Советон Цæдисы рæстæджы. Уæд-иу алы сæрд дæр паддзахадон куыстуæттæ æмæ уагдæтты кусджытæ хос кæрдынæн æххуыс кодтой Дзауы районы фосдарды хæдзарадтæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы архайды фæстæ нæ лæууыдысты фысджытæ æмæ журналисттæ дæр.

Æмæ та иу бон куы уыд, уæд та цалдæр автобусыл цхинвайлаг куыстуæтты æмæ уагдæтты кусджытæ райсомæй балæууыдыстæм Уанелы хъæуы. Уым нæ размæ рацыд æмæ нын стыр æхсызгонæй æгасцуат загъта хъæусоветы сæрдар Содтиты Чермен. Горæттаг ног хабæрттæй афæрсыны фæстæ та нæ афтæ фæрсы: – Уый дæр афтæ, лæппутæ, фæлæ куыд бакæнæм? Цæмæй уал райдайæм – фынгæй æви кæрдынæй?

Мах уал, кæй зæгъын æй хъæуы, дыккаг вариант равзæрстам. Акусæм уал, дам, стæй, зæгъ, фынг дæр уым уыдзæн. Чермен дæр нæ фæндыл сразы, бакодта нæ, къулвахс чи ахаста, ахæм зад угæрдæны кæронмæ. Рæсугъд, хъулон гауызвæлыст тъæпæн йæ тæккæ кæрдыныл уыд. Мах æд цæвджытæ хърихъуппытау алæууыдыстæм кæрæдзийы фæстæ æмæ бакæс æмæ ды махмæ. Фæлæ иу фæйнæ æртæ метры куы акарстам, уæд чидæр йæ дзыхы дзаг афтæ хъæр кæны: «Фаг у, мауал кæрдут! Æндæр нал хъæуы!». Мах дæр нæ кæрдын фæуагътам. Кæсæм æмæ уыцы хъæргæнæг кæд разынд Чермен. Уыцы фарсæй нæм каст æмæ бæрæг кодта, цæвæгæй нæ чи куыд арæхсы, уымæ. Æмæ ныр уæртæ æрбазгъоры. Нæ цурмæ куы æрбахæццæ, уæд ма нын нæ хаст уистæм ноджыдæр æркаст, стæй йæ къухæй райдыдта амонын: «Ды дæ бынатæй ма фезмæл. Ды дæр, мæнæ ды дæр!..» – афтæ ацамыдта иу фынддæс цæвæгджынмæ – уыдон, дам, дарддæр кæрдæт, иннæтæ уал, дам, иуварс ахизæнт. Уыцы фынддæс цæвæгджыны скондмæ бахаудтой Нафи, Мæргъиты Хъазбег, Хъазиты Мелитон, мæхæдæг æмæ æндæртæ.

– Æмæ уæд мах та цы фæуæм?! – мæстыгъуызæй афарста Чермены, кæй карст сфаудта, уыдонæй сæ иу. – Сымах та уæ цæвджытæ æрцауындзут, дæлæ бæласы бын аууоны сбадут æмæ минас кæнут. Ацы тæккæ уын æндæр мæ бон ницы у. Чи цæмæ арæхсы, уый хъуамæ араза, – бахудт Чермен æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта – науæд хохаг лæг афæдзæй-афæдзмæ сывæллонау кæмæ фенхъæлмæ кæсы, уыдонæй иутæ йæ угæрдæнтæ вæййынц æмæ ныр сæ кæрдыны афон къубалдзагъдæн æвгъау сты.

– Уый зонгæйæ, æз дæр нæ зоныны æфсон скодтаин, – йæ мидбылты бахудт Мелитон. – Нæ, нæ, æз дæу дæр хорз зонын. Ды фыссынмæ дæр æмæ цæвæгæй кæрдынмæ дæр куыд арæхсыс, уый дæр мын хорз зындгонд у æмæ мæ нæ асайдзынæ, – загъта та Чермен, стæй райста йæ цæвæг æмæ зад угæрдæны афæд кодта нæ разæй.

– Уæддæр мах та цы фæуæм? Кæд уæ нæ хъуыдыстæм, уæд ма нæ ардæм кæдæм кодтат? – йе ‘нæразыдзинад та равдыста, «цæвæгæй кæрдынмæ чи нæ арæхст», уыдонæй иу.

– Куыд уæм кæсын, афтæмæй сымах цæвæгæй кæрдынмæ нæ, фæлæ минас кæнынмæ дæр куынæ арæхсут. Нæ уын загътон – дæлæ уал бæласы бын абадут, фæйнæ сыкъайæ ракувут, стæй та исты æрæмысдзыстæм, – йæ кæрдын фæуадзгæйæ загъта Чермен æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: «Æмæ кæд нал лæуут, уæд дзы сымах аккаг куыст дæр разындзæн. Чысыл бакæсут. Уæдмæ сагæйттæ æмæ халамæрзæнтæ дæр схæсдзысты æмæ уæд сымах та ссивын райдайут. Акæсут ма, зноны карст хос ссивинаг у, æндæр ма уын цы зæгъон.

Изæрмæ æввахс, «Чермены бæласы» бынæй хъуыст хосдзауты хъæлдзæг хъæлæба: цæвæджджынтæ æмæ ссивджытæ адджын къæбæр хордтой иумæ. Сæ уæллаг фарсмæ та карды быныл даст угæрдæны рельсытау цы бæзджын уистæ зынд, уыдонæй зæрдæ радис. Сæ фарсмæ та рæсугъд цъуппамад цъынатæ.

ИУ НЫВЫЛ ДУРЫН ДЫН МÆНМÆ

Уыдис хосгæрдæн. Мах, газет «Советон Ирыстон»-ы кусджытæ радон хатт æххуыс кодтам Дзауы районы иу хæххон колхозæн. Хорз фысым фæцис махæн – Козаты Исидор, Хъазиты Мелитон æмæ мæнæн (хосдзæутты-иу хъæуы хæдзæрттыл адих кодтой). Кæрдзын дæр нын колхозы хардзæй уыцы фысымтæ хæрын кодтой, хатт ма-иу нын фæскуыст фæйнæ сыкъа арахъхъ дæр адардтой. Кувæг дæр æмæ нын уырдыглæууæг дæр уыдис фысым йæхæдæг Быси. Фæйнæ 2-3 сыкъайы-иу куы анызтам, уæд ма-иу Быси йæ гыццыл дурынæн йæ бын бæргæ фæхæрдмæ кодта, фæлæ-иу дзы ницыуал ратагъд. Быси дæр та-иу батагъд кодта йæ цæттæ дзырдтæ зæгъыныл, цы цъус уын авæрдтам, уый уын бирæйы бæсты фæцæуæд, зæгъгæ, фæлæ ма-иу хатт æфсæрмæй йæ ныхæстæм  бафтыдта: – Бахатыр кæнут, лæппутæ, мæн аххос нæу. Нæ дурын æгæр гыццыл у æмæ дзы фылдæр нæ цæуы.

Исидорæн ныр хорз æфсон фæцис Бысийы фелхыскъ кæнынæн æмæ афтæ зæгъы: – Быси, ацы хатт ма ардæм куы цæуон, уæд дын иу дзæбæх, амæй стырдæр дурын мæнмæ…

БЕСТАУЫ ДЗАБЫР

Санахъоты Георги (Жора) цардис Тамарашены. Кусгæ та кодта бастдзинады æлхынцъы инженерæй, фæлæ къаннæг радзырдтæ, пьесæтæ, очерктæ фыссынмæ дæр арæхст æмæ йын æнгом бастдзинад уыдис фысджытæ æмæ журналисттимæ. Йæ зæрдæмæ дзы хæстæгдæр кæй иста, уыдон-иу исты акусыны æфсон хæдзармæ дæр арæх фæхуыдта. Иу хатт та, мæ цæ-хæрадон ракъахынæн мын аххуыс кæнут, зæгъгæ, ахæм дзырдæй фæхуыдта Бестауты Гиуæрги, Къæбысты Зауыр, Дыгъуызты Гриша, Гуыбеты Юра æмæ мæн. Иу чысыл гæппæл ын æцæг къахинаг дæр разынд æмæ Бестауæн сæнæфсиры бынимæ архайгæйæ, йæ къах куыддæр фæзылд æмæ йæ дзабыр аскъуыд. Фысымы бахъуыд æндæр зæронд дзабыр ын раттын. Æмæ уый нæ уыдис диссаг, фæлæ Бестауы дзабыры аскъуыд Зауыр æмæ Юрамæ цы худæг фæкаст, диссаг уый уыдис: тæнхæлдтæ кодтой фырхудынæй. Уæд сын Бестау дæр йæ мидбылты худгæйæ бауайдзæф кодта: «Къæбæдатæ, худыны бæсты рæвдздæр куы кусиккат, науæд баизæр, афтæмæй та хуымæн йе ‘рдæг дæр къахт нæма фестæм».

Фæлæ Зауыриты цы урæдта – Бестауы «ног зæронд» дзабырыл къахгæ-къахын дæр худтысты…

Уæдмæ фысым – Жорайы цардæмбал Людæ фынг авæрдта. Æмæ куыддæр фынгыл æрбадтыстæм, афтæ Зауыр æмæ Юра æвиппайды хæрын райдыдтой, нæ хæдзæрттæм, дам, тынг тагъд кæнæм. Уыцы рæстæджы Бестау та бадт къæсæрмæ æввахс æмæ уал æнхъæлмæ каст, Жора йын йæ дзабыр кæд æрбахæсдзæн, уымæ. Æмæ лæппуты хæргæ куы ауыдта, уæд мæ фæрсы: «Мæнæуи, æмæ ды цæуылнæ хæрыс?». Зæгъын фысым уал йæхæ-дæг дæр æрбацæуа, стæй æнæуый-дæр æз никуыдæм тагъд кæнын. «Æмæ уæдæ мæнæ адонæн поезд ирвæзы æви иу аз къутуйы бын конд уыдысты». Фæлæ уыцы уайдзæфмæ лæппутæ ногæй худын райдыдтой Бестауы дзабырыл. «Кæсæт ма сæм исчи, кæсæт, адонимæ хылгæнæн дæр нæй, хылгæнæн», – йæ «маст» сæ райста Бестау æмæ сæ сæхи адыл ныууагъта. Уæдмæ Жора дæр æрбацыд, йæ иу къухы æрдæгуымæл хисæрфæн, иннæйы та – Бестауы сау-сауид скъуыд тъуфли, афтæмæй. Йæ къæбæлдзыг бецыкк даугæ фæзынд Гриша дæр…

НÆ ХÆРЫН

Букуылты Алыкси, иу хатт фынджы уæлхъус бадгæйæ, йæ разы уæвæг сырх-сырхид еугæфмæ куынæ æмæ куынæ æвнæлдта, уæд æм йæ ныхмæ бадæг нæлгоймæгтæй сæ иу афтæ æрбадзырдта:

– Алыкси, æвæццæгæн, ды еугæф нæ хæрыс?

– Нæ, нæ хæрын, – дзуапп ын радта Алыкси.

– Цæмæннæ?, – дисгæнгæ та йæ афарста нæлгоймаг.

– Уымæн, æмæ мын нæ вæййы, – дзуапп ын радта Алыкси, фæлæ уæдмæ ферæджы – уæды онг фынджы, рæсугъд дидинæгау чи фидауын кодта, уыцы сырх-сырхид еугæф цæстыфæныкъуылдмæ Алыксийы разæй фæтары…

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.