Дзомагъгомы рагондæр цæрджытæй сæ иутæ уыдысты Медойты мыггаг, уымæн та æвдисæн сты ахæм таурæгътæ:

Фыццаг таурæгъ: Джыккайты рагфыдæл Тоти Дзомагъгоммæ куы æрæфтыд, уæд дзы æрæййæфта Медойты мыггаджы. Медойтæй бар ракуырдта цæмæй Дзомагъы доны был фæзы æрцардаид. Уæды рæстæджы ацы комы Медойты йедтæмæ цæрæг нæ уыдис. Стæй, уæд, Тоти ардæм æркодта йæ бинонты æмæ æфсымæрты дæр. Рацыд сын кæстæртæ æмæ æнæхъæн хъæу баисты, самадтой галуантæ дæр. Джыккайтæ Медойтæм хæларзæрдæ дардтой, суанг ма сын алы аз дæр Рагъыдзуары куывды галы агъд æмæ бæгæныйы аг кадæн лæвæрдтой.  Медойтæ куы федтой, Джыккайтæ кæййас галуантæ самадтой, уæд сæхи Дзомагъгомæй айстой æмæ æрцардысты Стыр Леуахийы Дзриайы бæсты иу ран, ныры Медойты хъæуы. Сæ фыццаг хъæуы та ма баззадысты сæ галуанты бынтæ æмæ сæ зæппадз, хонгæ дæр æй “Медойты бын” кæнынц.

Дыккаг таурæгъ: Медойтæ цардысты Дзомагъгомы Медойты хъæуы, 40-50 хæдзары бæрц уыдысты. Уæд сæм фæсхохæй Джыккайтæ æрцыдысты æмæ сæм бахатыдысты, уæ фарсмæ нын зæгъгæ цæрыны бар радтут иу æртæ хæдзарæй, зæххъуаг стæм, зæгъгæ.  Медойтæ дæр сын бар радтой. Джыккайтæ ам куы æрцардысты, уæд сæ байзæттаг ныкъабазджын сты æмæ ног цæрæнбынæтты хъæутæ скодтой. Ахæм хуызы Медойтæ дæр ныббирæ сты æмæ æндæр рæттæм цæуын байдыдтой, чи цæгатмæ, чи та хуссарæрдæм. Цæгатæрдыгæй хицæн хъæу скодтой Захъхъагомы дæр, стæй Уæладжыры комыл сæ иннæ хай ахызт Дыгургоммæ, афтыд дзы Мæздæгмæ дæр. Иумæйагæй сисгæйæ Медойтæ иууыл-дæр хуссарæй ацæугæ сты. Дыгуры цæргæйæ, æвæццæгæн сæ уавæртæ уадиссаг нæ уыдысты æмæ иу цалдæрæй фæстæмæ раздæхтысты сæ фыдæлты уæзæгмæ – Дзомагъгоммæ. Медойты мыггаг Захъхъагомы Хъорхъорайы хъæуы цардфæразон уыдысты æмæ стыр хæдзæрттæ сарæзтой. 1930-æм азты скъолатæ аразын куы райдыдтой, уæд иу стыр хæдзары Медойтæ скъолайæн радтой, ныр дæр ма йæ хонынц Медойты скъола.

Æртыккаг таурæгъ: Жриайы цы Медойтæ цардис, уыдонæн сæ иу хай Дзомагъгомæй рацыдысты, сæ иннæ хай та Дыгургомæй.

Цыппæрæм таурæгъ: Медойты рагфыдæл цардис Ирыстоны цæгат хайы æмæ йæ ном хуындис Медой. Медой æвзонг лæппу уыдис, усгур кары æмæ йын  сыхаг хъæуы уыдис уарзон чызг. Йæ уарзон цы хъæуы цардис, уым иу рæстæджы уыдис бæрæгбон æмæ фæсивæд хъæугæрон хъазт самадтой. Иу уазæг лæппу Медойы уарзоны хъазтмæ рахуыдта æмæ сын быцæу кафт бацайдагъ. Кафт цас ахаста, уый зын зæгъæн у, фæлæ чызг йæ кафынæй нал лæууыд æмæ лæппу та уæдмæ фæллайгæ бакодта, йæ бон нал уыд кафын. Фæлæ йæм худинаг кастис йæ фæллад куыд равдиса, – фæхудинаг уыдзæн, æмæ дын, кафгæ-кафын чызджы размæ йæ къах бадардта æмæ чызг, уый нæ бафиппайгæйæ, лæппуйы къахыл фæлæууыд æмæ зæххыл сæмбæлд. Медой уый фенгæйæ, артау цæхæртæ акалдта, зæгъгæ, мын мæ уарзоны куыд фæхудинаг кодта, бауад æмæ кардæй уыцы лæппуйы цалдæр рæхуысты бакодта. Лæппуйæн йæ тæнгтæ акалдысты æмæ уæлгоммæ ахауд æмæ йæ уд систа. Уæды рæстæг тыхы рæстæг  уыд æмæ йæ маст ничи уагъта. Лæппуйæн бамбарын кодтой, зæгъгæ дæуæн ам цæргæйæ нал у, фæлæ дæ сæрæн исты хос скæн. Медой дæр æрæджийау йе ‘намонд базыдта, йæ      туджджынтæ йæ удыгасæй кæй нæ ныууадздзысты æмæ фæлыгъдис йæ хъæубæстæй. Бирæ рахау-бахауы фæстæ æрæфтыдис Рукъмæ æмæ уым йæхи Томайты уазæг бакодта. Медой тынг æвзыгъд лæппу уыдис æмæ Томайтæм иу дзæвгар фæцардис, уыдон та йæ, хи æфсымæрау рæвдыдтой, цух æй ницæмæй уагътой. Иу рæстæджы йæ йæ туджджынтæ ссардтой æмæ Рукъмæ æрцыдысты. Уый фенгæйæ та Медой Рукъæй дæр фæлыгъдис æмæ æрыфтыдис Къодибыны  Магкоты мыггагмæ. Ам дæр та иудзæвгар ацардис æмæ та дын æй ам дæр йæ туджынтæ ссардтой. Уыдон чи уыдысты. Барвыстой Магкотæм, зæгъгæ, нын нæ туджджыны радтут, фæлæ Магкотæ ууыл не сразы сты. Зæгъгæ Медой махæн хи æфсымæрау лæггад кæны æмæ нæ чи фехъуса, уазæджы йæ туджджынтæн радтам, уыдон нын нæ къух нал райсдзысты, адæмы æхсæнмæ ма цы цæсгомæй хиздзыстæм. Медойы та чи бахъыгдара, уый та уыдзæнис нæ туджджын зæгъгæ. Магкотæ уæды рæстæджы хъаруджын мыггаг уыдысты æмæ Медойы туджджынтæ сæ ныфс нæ бахастой æмæ, уый адыл фæстæмæ аздæхтысты. Магкотæ Медойæн афтæ аргъ кодтой æмæ йын сæ чызджы дæр ма бинонтæн радтой. Медой æмæ йæ усæн Магкотæ сæ фарсмæ цæрæнбынат радтой, фæлæ сын кæстæртæ куыд фæзынд, афтæ сæ авналæнтæ къуындæгдæр кодтой. Уæд Медой Магкотæй бар ракуырдта цæмæй æндæр ранмæ ацæуа цæрынмæ. Магкотæ дæр æй æмбæрстой æмæ йын цæрынæн хицæнæй зæхх радтой, ныры Медойты хъæу кæм ис, уым. Ахæм хуызы Медой æрцард йæ ног бынаты. Фæстæдæр йæ кæстæртæ ныббирæ сты æмæ æнæхъæн хъæу баисты. Сæ иутæ фæлыгъдысты æндæр рæттæм цæрынмæ, ам сын зæхх кæй нал фаг кодта, уый аххосагæн.

Фæндзæм таурæгъ:  Дыгургомæй цы Медойтæ æрцыдис, уыдон уым æлдары амардтой æмæ уый фæстиуæгæн ралыгъдысты Жриамæ æмæ сæ ам Къуылыхтæ суазæг кодтой. Уæд сæ сæ туджджынтæ агурын райдыдтой, сæ фæдыл зылдысты æмæ сæ цыдæр хуызы ссардтой ссæдз азы фæстæ Жриайы. Уыдон æрбацыдысты Къуылыхтæм, зæгъгæ,  нын сæ радтут, фæлæ Медойтæ Къуылыхтимæ афтæ адджынæй цардысты æмæ сæ раттыныл не сразы сты. Æрцæуджытæ та сæ ныфс нæ бахастой Къуылыхтимæ хæст самайыныл æмæ фæстæмæ аздæхтысты.

Æхсæзæм таурæгъ: Раджы заманы Дзауы комы, Жриайы хъæуы цардысты дыууæ æфсымæры: Медо æмæ Бедо. Медо йæ цæуæтимæ цæргæйæ баззад Жриайы æмæ йæ цæуæт мыггаг райстой Медойтæ – сæ фыд Медойы номæй. Бедо алыгъд Цæгат Ирмæ æмæ уым йæ цæуæт мыггаг скодта йæхи номæй – Бедойтæ. Медойтæ æмæ Бедойтæ æрвадæл мыггæгтæ сты.

Æвдæм таурæгъ: Медойты фæлыгъды аххосаг Дзомагъгомæй уыдис ахæм: кæддæр куывд уыдис Джыккайтæм æмæ Медойты дæр æрхуыдтой. Медойты хистæртæ Джыккайты кæстæрты змæлдмæ куы кастытсты, куыд тæлтæг æмæ рæвдз сты, уæд уый фæстæ аскъуыддзаг кодтой, зæгъгæ нын абоны хæлардзинад Джыккайтимæ бирæ нæ ахæсдзæн, æмæ исты фыдбылызмæ расайдзæн. Ацы комы цæрджытæ тынг сбирæ сты, зæхх та сын къуындæгдæр кæны. Цæмæй уый ма æрцæуа, уый тыххæй сыстадысты æмæ фæлыгъдысты Жриайы хъæумæ æмæ хъæуы сæрмæ къуылдымыл æрцардысты.

Уæлдæр таурæгътæм гæсгæ, мæ хъуыды у афтæ: Медойтæ уыдысты Дзомагъгомы рагондæр цæрджытæй сæ иутæ. Рæстæг куыд цыд, афтæ комы цæрджыты нымæц фылдæр кодта, зæхх та кадавардæр, æмæ уый фæстиуæгæн, мыггаджы хицæн минæвæрттæ сæхицæн агуырдтой ног цæрæн бынæттæ. Сæ иутæ раздæр афтыдысты Дыгургоммæ æмæ æрцардысты Гæлиаты хъæуы. Дыккæгтæ алыгъдысты Захъхъагоммæ æмæ æрцардысты Хъорхъорайы хъæуы. Æртыккæгтæ та Уæладжыры комы Дагомы хъæуы æрцардысты. Фæстагмæ ма Дзомагъгомы чи баззад Медойтæй, уыдон нымæцæй цъус уыдысты æмæ Джыккайтимæ цæмæй ма сызнæгтæ уыдаиккой, уый сæ зæрдыл даргæйæ, сæхи райстой быдырбæстæм. Ома, Дзомагъгомæй Медойтæ бынтондæр рацыдысты 19-æм æнусты дыккаг æмбисы.

Дыгургомы Медойтæн фаг зæххытæ кæй нæ уыд, уый фæстиуæгæн сæ иутæ алыгъдысты Мæздæгмæ. Дыгургомы цæргæйæ, Медойтæй иу лæппу кæимæдæр фæтуджджын æмæ ралыгъд хуссармæ æмæ Дзриайы хъæуы фыццаг дæр уый æрцард, стæй йæм Дзомагъæй æрцыдысты йе ‘рвадæлтæ. Захъхъайы та кæцы Медойтæ цардысты, уыдон фæлыгъдысты Цæгат Ирыстоны быдырбæстæм, Дагомы Медойтæ та уыдысты бындурæвæрджытæ быдыры  Урсдоны хъæуæн.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ Медойты лæппу Жриамæ куы æрæфтыд, уæд Къуылыхтæн нæ, фæлæ Магкотæн бафæдзæхста йæхи. Уымæн æмæ уыцы дуджы Къуылыхтæ стыр мыггаг нæ уыдаиккой, фæлæ Магкготæ стыр æмæ тыхджын мыггагыл цыдысты нымад, стæй сын къабазджын æрвадæлтæ дæр уыд сæ алыварс. Медойты лæппуйы фæдыл йæ тугисджытæ куы æрцыдысты, уæд Магкоты мыггагмæ сæ ныфс уымæн нæ бахастой балæбурын дæр.

Медойтæй ма фæстаг цæрджытæ кæд уыд Дзомагъгомы, уый зын зæгъæн у,  фæлæ историон зонæнтæм гæсгæ 1850-æм азты Леуахидоны райдайæнты цæрджытæй иу уыдис Медойты Пиркаоз.

Дзриайы хъæуы (Ногхъæуы) цæрджыты номхыгъды 1884 азы  фыст зонæнтæм гæсгæ уыд Медойты Алеки æмæ 1885 азы зонæнтæм гæсгæ та Медойты Мошка.

Дзриайы хъæуы дæр Медойтæ куыд бирæ кодтой, афтæ ивылдысты цадæггай хуыздæр бæстæ агурæг æндæр рæттæм. Фыст зонæнтæм гæсгæ 1808 азы Марандалеты (Гуырдзыстоны) цæрæг уыд Медойты Ходжриа. Зиулеты (Знауыры р-ны) хъæуы 1899 азы цард  Медойты Аржеван. Уелиты хъæумæ (Знауыры районы) Медойтæ æрцыдысты Жриайæ, сæ номыл абон дæр ма Уелиты хъæуы ис хицæн сыхы ном – Медойты сых, зæгъгæ æмæ Медойты хуымтæ. Æрцардысты ма Цъунары хъæумæ хæстæг – Медойты хъæуы. Цъолды хъæуы – Надабуры сыхы дæр цардысты, æмæ Ленингоры районы Монастъеры хъæуы Самыхайы сыхы. Сæ номыл баззад бынаты ном Медойты хуымтæ, цæры дзы Ленингоры дæр. Цалдæр хæдзарæй Медойтæ æрынцадысты Гуырдзыстоны Карелы районы Згъудеры хъæуы æмæ Карелы сахары.

Медойты æрвадæлтæ сты Бедойтæ, фæлæ ууыл Бедойты мыггагæй кæцыдæртæ разы не сты. Æмæ уымæн дæр ис йæхи аххосаг: таурæгътæм гæсгæ Бедойты мыггаг сæвзæрд Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Сапершеты хъæуы, æндæр зонæнтæм гæсгæ та сæ иутæ сæвзæрдысты Джимарайы æмæ дыккæгтæ та Дзимыргомы Сапершеты хъæуы. Ома, Джимарайы æмæ Сапершеты Бедойтæ кæрæдзимæ ницы бар дарынц. Джимарайы сæвзæргæ Бедойты æрвадæлтæ сты – Галазтæ, Цопанатæ, Течитæ æмæ Хъуыдахътæ. Æмæ Сапершеты Бедойтæн та –  Медойтæ.

Ис ма ахæм хъуыды, цыма Бедойтæ дæр фыццаг Медойтæй уыдысты, фæлæ дзы кæмæндæр йæ фырт Бедо хуынд æмæ уый номæй мыггаджы ном – Бедойтæ равзæрдис.

Дыгургомы цы Медойтæ ис, уыдонæй та кæцыдæртæ æрвадæлтыл нымайынц Хъаирты (Къаирты-Каировты). Таурæгъмæ гæсгæ Медо æмæ Къаир уыдысты æфсымæртæ, куы байрæзтысты, бинонтæ куы æркодтой, уæд сæ байзæттаг фыды нæмттæй мыггæгтæ рахастой, Медойы байзæттаг – Медойтæй, Къаиры байзæттаг та – Къаиртæй.

19-æм æнусы фæуды, 20-æм æнусы райдайæнты Уæладжыры комы Дагомы зылды зындгонд Тæрхоны лæг уыд Медойты Сабе. Сабе ма уыд диссаджы кадæггæнæг дæр. Дæсны зарæггæнджытæ æмæ таурæгъгæнджытæ ма уыдысты йæ фырттæ Баззе æмæ Уырысхан.

Дзриайы хъæуы цæрæг Медойты мыггаг фылдæр кодтой куырдадзы куыст, уыдысты зындгонд æрмдæснытæ, кодтой æфсæйнаг, æрхуы æмæ сызгъæрины куыст дæр. Кусæн æрмæгæн æрзæт къахтой сæхæдæг кæмдæр сæ хъæумæ хæстæг ран, фæлæ йын йæ бынат никæмæн хъæр кодтой. Абон дæр ма йæ бирæтæ зæрдæаивæй фæагурынц, фæлæ бынат дуджы фæлмы бамбæхстис. Ныр дæр  ма Медойты куырдтæн сæ ном баззадис адæмы æхсæн Пеша, Бенза æмæ Дианоз.

Медойты мыггагæй рацыд ахæм зындгонд адæм:

Дударыхъойы фырт Даукуй – Георгийы цыппар дзуарæй æрцыд хорзæхджын. Цорайы фырт Георги – геолог, профессор, СССР-ы Паддзахадон æмæ Ленины премийы лауреат.

Башеры  фырт Игорь – УФ Хъæбатыр, инæлар-майор, дунейы спорты мастер, нæмыг æхсынæй СССР чемпион. Георгийы чызг Боболка – РХИ зонады сгуыхт кусæг, профессор. Никъалайы фырт Дмитри – Политикон зонæдты кандидат, РХИ зынгæ æхсæнадон æмæ паддзахадон архайæг. Барисы чызг Светланæ – УФ-йы  сгуыхт зарæггæнæг.

Ныртæккæ  Медойты мыггаджы минæвæрттæ Ирыстоны цæгат æмæ хуссары хæйтты, стæй ма УФ-йы æмæ фæсарæнты сты 200 хæдзары бæрц.

 

МÆРГЪИТЫ И.Т.,

ХИЗИИ зонадон кусæг

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.