Хъыгагæн истори фæлхатт кæнын зоны, уымæй дæр-иу хорз хъуыддæгтæ куы фæлхатт кæниккой, фæлæ… Гуырдзыстоны æрдыгæй хуссайраг ирæтты геноциды фазæтæй (Историон зонæдты кандидат Цхуырбаты Иван сæ фазæтæ хуыдта) кæд сæ иуыл сæдæ цыппар азы сæххæст, уæддæр, стыр хъыгагæн, абоны онг дæр дунеон æмæхсæнады æрдыгæй нымад нæма у. Уый та у нæхи аххос, уымæн æмæ не ‘хсæнад дæр æмæ нæ хицауиуæгад дæр ныхъхъус сты, æрмæстдæр ма базмæлæм æвзæрстыты рæстæджы. Æниу уæд дæр геноциды проблемæ нæ иувæрсты ауадзæм. Афтæмæй та президентон æвзæрстыты рæстæджы дæр æмæ парламентон æвзæрстыты рæстæджы дæр кандидаттæн сæ программæйы фыццаг пункт хъуамæ геноцид банымайыны фарст уаид, фæлæ уый сæ хъуыдыйы дæр нæ вæййы, æрмæст ма фæхъуыды кæ-нынц, сæ бæллиццаг къæлæтджынмæ баивæрзыныл… Дарддæры плæнттыл нал дзурдзынæн.

Кæд 2008 азы 26 августмæ нæ национ идея уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыныл кусын, уæд абон та нæ национ идея хъуамæ уаит хуссайраг ирæтты геноциды банымад. Нæ политиктæн дæр сæ ныхасы сæр фыццаг нæ геноциды банымадыл хъуамæ уаит. Алы ран дæр алы фембæды рæстæджы дæр хъуамæ размæ кæниккам ацы проблемон фарст, фæлæ, хъыгагæн, алы хатт афтæ нæ вæййы. Афтæмæй, мæнмæ гæсгæ, уыцы фарст у иууыл ахсджиагдæр, уымæн æмæ нын нæ адæмы геноцид дунеон æмæхсæнад куы банымайой, уæд банымайдзысты нæ паддзахадон хæдбардзинад дæр. Уымæн æмæ уæд дунеон æмæхсæнадмæ бахъардзысты нæ рагон æмæ æрыгон хъизæмæрттæ, бамбардзысты йæ, цæрæнбонты фыдызнагимæ иумæ цæрæн кæй нæй.

Кæд бирæ азтæ рацыд уыцы æнæадæймагон трагедийыл, уæддæр Зары, Ереды, Цъинагары трагикон цауты æмрæнхъ 13 коммунары фехст дæр уæззау уаргъæй æвæрд ис нæ адæмы зæрдæты. Уыдонæн нæй рохгæнæн! Уыцы трагикон цаутæ сты Гуырдзыстоны æрдыгæй ирон адæмы геноциды æвдисæнтæ.

Хуссар Ирыстоны историйы сыфтыл цæст ахæсгæйæ, зæгъæн ис, уыцы трагикон цаутæ иууылдæр баст кæй сты ирæтты сæрыстырдзинадимæ, уымæн æмæ Гуырдзыстон кæддæриддæр тырныдта ирæтты сæ зонгуытыл æрлæууын кæнынмæ, фæлæ-иу алы хатт дæр райста аккаг ныхкъуырд. Афтæ уыд раджы дæр æмæ æрæджы дæр.

1917-1921 азты раздæры Уæрæсейы империйы территорийыл æрцыд кардиналон æхсæнадон-политикон æмæ барадон ивындзинæдтæ, фæуæлахиз Октябры революци, Уæрæсейы империйы сконды уæвæг националон баиугæндтæй бирæтæ, уыцы нымæцы Фæскавказы республикæтæ – Гуырдзыстон, Азербайджан æмæ Сомихстон, спайда кодтой Уæрæсейы Советон Федеративон Республикæйы большевикты националон политикæйы бындурæвæрæг – националон хæдравзæрсты барты принципæй æмæ рахызтысты Советон Уæрæсейы скондæй. Уыдон Уæрæсейы æрдыгæй райстой хæдбардзинад æмæ систы суверенон паддзахадтæ – æхсæнадæмон барады субъекттæ. Уæрæсейы Советон Федеративон Социалистон Республикæйы уыцы принцип хауд алы нацимæ дæр, фæлæ Гуырдзыстоны меньшевикон къухдариуæгадæн чысыл империон амбицитæ кæй уыд, уый тыххæй Хуссар Ирыстонæй хæдбар советон паддзахад саразыны фарст уыд актуалон. Æмæ ирæттæ дæр Уæрæсейы фæстæ Хуссар Ирыстоны территорийыл советон хицауад куы расидтысты, уæд уый, кæй зæгъын æй хъæуы, Гуырдзыстоны меньшевикты зæрдæмæ нæ фæцыд. Уый фæстиуæгæн Жорданияйы меньшевикон хицауад сфæнд кодта ирæтты скуынæг кæнын, удæгасæй ма дзы чи баззайа, уыдон та сæ фыдæлты зæххытæй фæсурын.

«Иухатт скъуыддзаг æрцæуæд ирæтты фарст … иууылдæр сæ скуынæг кæныны фæстиуæгæн… Ис Гуырдзыстон, фæлæ нæй Хуссар Ирыстон», – йæ хæстонты Хуссар Ирыстонмæ æрвитгæйæ дзырдта тугмондаг Жордания.

Развæлгъау бацæттæгонд планмæ гæсгæ, 1920 азы 12 июны меньшевикты гвардионтæ Валикъо Джугъелийы сæргълæудæй æрбабырстой Цхинвалмæ æртæ ‘рдыгæй – Тъбет, Ергнет æмæ Никозы æрдыгæй.  Хуссарирыстойнаг бархионты къордтæ æрлæууыдысты сæ разы. Тъбет æмæ Никозы æрдыгæй æрбабырсджыты ныхмæ фидар фæлæууыдысты æмæ сæ æрурæдтой. Цхинвалмæ скæсæнæр-дыгæй бырсджыты ныхмæ дæр бæргæ лæууыдысты, фæлæ Джугъели йæ артиллери уырдæм бакалдта, йе ‘фсæддонтæн та бардзырд радта, цæмæй арт бандзарой Прис, Еред æмæ Дменисы хъæутыл. Хъæутæ судзын куы райдыдтой, уæд ныхмæлæуджытæй уыцы хъæуккæгтæ чи уыдысты, уыдон сæ бынæттæ ныууагътой æмæ сæ бинонты аирвæзын кæнынмæ афæдис сты. Ныхмæлæуджытæ куы сцъус сты, уæд знаг æрбатыдта Цхинвалмæ æмæ райдыдтой куынæг кæнын ирæтты, пырх кодтой, сыгътой сын сæ хæдзæртты. Сæ ныхмæ чи фæлæууыд, уыдонæй дарддæр ма не ‘взæрстой нæдæр сылгоймаг, нæдæр нæлгоймаг, нæ дæр саби, нæдæр зæронды, сæ разы кæуыл хæст кодтой, уыдон мардтой.

Гуырдзыстоны меньшевикон хицауады æфсæддонтæ бырстой алы хæдзармæ дæр æмæ сæ афтæмæй куынæг кодтой. Удæгасæй ма баззадысты, чи бамбæхст кæнæ хæхты ‘рдæм чи алыгъд, уыдон.

Уынгты тохты рæстæджы меньшевиктæ уацары систой 13 ныхмæлæууæджы. Кæд уыцы 13 адæймаджы коммунартæм ницы бар дардтой, уæддæр историйы баззадысты коммунартæй. Коммунарты ‘хсæн уыд 16 аздзыд æнахъом лæппу дæр. Уыдон уыдысты Уалыты Данел Никъалайы фырт, Уалыты Никъала Арчилы фырт, Цхуырбаты Гыдзыл (Кишил?) Зурабы фырт, Котолиты Никъала Дауыты фырт, Джиоты Андрей Гæбийы фырт, Ходты Пашка Дауыты фырт, Гобозты Соскъо Леуаны фырт, Тедеты Иван Раждены фырт, Цхуырбаты Тотыр Дурийы фырт, Дзеранты Бута Гаврилы фырт, Джиголаты Резо Дауыты фырт, Джиголаты Саша Никъалайы фырт æмæ Куымæридтаты Гиго Алыксандры фырт.

Уацайраг коммунарты бакодтой зæронд хиды цур хæдзæрттæй иуы ныккæнды. 20 июны æхсæвы æртæ сахатыл сæ ракодтой уырдыгæй æмæ сæ куы фæцæйкодтой, уæд сæ коммунартæй сæ иу афарста, кæдæм сæ кæнынц, уымæй, уæд гвардионты дзуапп уыд, зæгъгæ, Гуры ахæстонмæ. Уацайрæгты Гурмæ нæ, фæлæ скодтой Цхинвалы сæрмæ Згъудеры къуылдыммæ. Уым сæм æнхъæлмæ кастысты дохтыр Вацлав Херш æмæ сауджын Алекси Къванчъахадзе. Уым коммунартæн фехъусын кодтой, æхсты тæрхон сын кæй рахастой, уый. Гуырдзиаг гвардионтæ уацайрæгтæн сæхицæн хъуамæ скъахын кодтаиккой ингæнтæ, фæлæ уыдон ницы хуызы разы кодтой. Хæцæнгæрзты хъæдтæй сæ надтой, фæлæ уæддæр куынæ сразы сты, уæд Цхинвалмæ арвыстой æмæ уырдыгæй стардтой бынæтон цæрджытæй  цалдæры. Цалынмæ уыдон иумиаг ингæн къахтой, уæдмæ сбон.  Коммунарты слæууын кодтой дыууæ рæнхъæй. Гвардионтæ æмæ коммунарты ‘хсæн уыд 25 къахдзæфы. Иуæй-иу азфысджытæ куыд фыссынц, афтæмæй коммунарты фехсыныл нал разы кодтой гвардионтæ, тбилисаг кусæг адæмæй кæй уыдысты, уый сæраппонд. Фæлæ ууыл хъуыддаг нæ банцад, Къасрадзе Гогия, Майсурадзе Ила, бынæттон меньшевиктæй цалдæр сæхи раразмæ кодтой лæгмартæй. Уыдонимæ уыд Лохты Артем дæр, кæцыйы ном ирон адæмы ‘хсæн абон дæр у æлгъыстаг, афтæ ма у националон уæйгæнæджы символ.

Сауджын уацайрæгтæн æфсонæн загъта, цæмæй сæ «фыдракæндыл» æрфæсмон кæной. Уый фæстæ Джиоты Андрей сæ марджытæм бадзырдта, зæгъгæ, «мах куы амарат, уæддæр уын нæ бантысдзæн ирæтты скуынæг кæнын». Уæд лæгмартæй иу, æхсты командæмæ дæр нал банхъæлмæ каст, афтæмæй фехста Андрейы. Афтæмæй коммунартæй фыццаг фæмард Андрей. Уый фенгæйæ, коммунартæй 16 азы йедтæмæ кæуыл нæма цыд, уый йæхи аппæрста хъæды ‘рдæм, алидзынмæ бæргæ хъавыд, фæлæ йæ бæхджын гвардион басырдта æмæ йæ амардта. Уый фæстæ фехстой иннæ коммунарты дæр. 1920 азы геноциды историйы уыцы цау уыд иууыл æрхæндæгдæр æмæ тугæйдзагдæр.

Куы сæ æхстой, уæд Майсурадзе Ила хъæр кодта, зæгъгæ, ирæтты куы ныццæгъда, уæд та сомихæгтæм æрæвналдзæн, сауджын Къванчъахадзе та хъæр кодта: «марут коммунистты æмæ ирæтты!». Уый дзурæг у ууыл, æмæ гуырдзиæгтæн сæ дины кусджытæ, раджы дæр æмæ ныр дæр, иууылдæр иу зондыл хæст сты, иууылдæр сты фысы цармы тыхт тугмондаг бирæгътæ.

Фæстæдæр Хуссар Ирыстоны территорийæ сырд æрцыдысты меньшевиктæ. Лохты Артемы амардтой фæмардуæвæг коммунарты хæстæджытæ.  Коммунарты чи фехста, уыдонæй бирæтæ фæмард сты тохты, кæйдæрты дзы æрцахстой æмæ хæстон трибуналы тæрхонмæ гæсгæ мард æрцыдысты. 13 коммунары цырт та абон махæн æвдисæн у дыууынæм æнусы 20-æм азты хуссарирыстойнаг адæмы геноцидæн.

Дæс боны дæргъы гуырдзиаг гвардионтæ Хуссар Ирыстоны арты хай фæкодтой, басыгътой æмæ ныппырх кодтой хъæуты, фæмард сты мингай адæймæгтæ, дæсгай минтæ та фæлыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ.

Бæлвырддæр зæгъгæйæ, уыцы геноциды рæстæджы фæмард 5279 адæймаджы, уыцы нымæцы сылгоймæгтæ – 1375, сывæллæттæ – 1844. Фæмардуæвджытæй алы æртыккаг уыд сывæллон. Знаджы къухæй чи фæмард, лыгъды рæстæджы фæндæгтыл æнамонд цаутæй кæнæ низтæй чи фæмард, уыдон æдæппæт уыдысты 15 мин адæймаджы, уый та у Хуссар Ирыстоны уæды цæрджыты 20 проценты. Уыдон нымæцмæ нæ бахаудысты, лигъдæттæ кæм æрцардысты, уым сæ тифæй æмæ æндæр низтæй чи фæмард, уыдон. Хуссар Ирыстонæн гуырдзиаг меньшевикон къухдариуæгад разиан кодта 3 милуан 317 мин сыгъзæрин сомы аргъ.

Блиты Марк куыд фыссы, афтæмæй 1920 азы хуссайраг ирæтты геноцид у раздæры Уæрæсейы империйы территорийыл масштабон æхсæнадæмон фыдракæнд, кæцы Гуырдзыстоны Демократон Республикæйы меньшевикон хицауад сарæзта хуссайраг ирæтты скуынæг кæныны нысанæн.

Фыццаг хатт геноциды факт паддзахадон æмвæзадыл нымад æрцыд 1990 азы «Хуссар Ирыстоны 1920 азы геноциды тыххæй деклараци» райсгæйæ. 2006 азы Хуссар Ирыстоны Парламент райста уынаффæ «1918-1920 азты цаутæн политикон аргъ скæныны тыххæй».

Абон дунейы бæстæтæй бирæтæ банымадтой, 1915 азы Турк сомихæгтæн цы геноцид сарæзта, уый. Фæлæ ирæтты геноциды хъуыды дæр æмæ йæ кой дæр æппындæр ничи кæны ирæттæн сæхи йедтæмæ. О, фæлæ ма йæ ноджыдæр зæгъдзынæн, уый фаг нæу. Ма ферох кæнын – уый нæ комкоммæ хæс у, фæлæ ма нæ хæс у уыцы фыдракæнд дунеон æхсæнадмæ фæхæццæ кæнын, сæ зæрдыл сын æй æрлæууын кæнын дæр. Уый сæраппонд алы бæстæтæм   официалон æмæ æнæ официалон балцыты рæстæджы дзурын хъæуы уый тыххæй.

Сомихæгты геноцид цæмæй банымадтаиккой фæсарæйнаг паддзахадтæ, уый тыххæй стыр куыст бакодтой æмæ абон дæр кусынц уыцы бæстæты цæрæг сомихаг диаспорæтæ. Ирон диаспорæтæ дæр уыдоны куы бафæзмиккой, уæд ирæтты геноцид дæр нымад æрцæуид.

ОСИАТЫ Индирæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.