Хъорнисы хъæууон администрацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы кусджытæ Цхуырбаты В., Икъаты Ю., Пухаты И. æмæ Знауыры районы мидхъуыддæгты управленийы кусджытæ Чилæхсаты А. æмæ Пухаты А.  фембæлдысты Знауыры районы Арчънеты, Сихиаты, Бехъмары æмæ Хъорнисы хъæуты цæрджытимæ. Уый тыххæй ИА «Рес»-æн фехъусын кодтой республикæйы Генералон прокуратурæйы пресс-службæйы.

Хъæууон администрацийы сæргълæууæг Дзæгъиаты Е. æмæ ацы хъæуты цæрджытæ радзырдтой, се ‘рвылбонон царды кæуыл æмбæлынц, уыцы проблемæты тыххæй. Цæвиттон, хъæууон цæрджыты номæй Дзæгъиаты Е. бахатыд, цæмæй сын баххуыс кæной хъæууон клубы арæзтады æмæ дзы уадзой æхсæнадон мадзæлттæ, афтæ ма донифтонгады хæххытæ æрбæстон кæныны, бирæгътыл цуан кæныны, кæцытæ боныгон дæр разиан кæнынц хæдзарон фосæн. Афтæ ма фарст æрæвæрдтой, цæмæй ивд æрцæуой, раууатмæ чи æрцыдысты, уыцы электрохæххытæ. Уый фæдыл районы электрохызæджы хистæр Джиоты Нугзар загъта, зæгъгæ, электрохæххытæ Дæллаг Малдайы æмæ Ганиты хъæумæ, æцæгæйдæр, тынг базæронд сты æмæ сæ хъæуы сæндидзын кæнын. Уый ма бамбарын кодта, зæгъгæ, банысангонд электрохæххытæ сæндидзын кæнын хаст æрцыд 2017 азмæ. Уый ма ноджыдæр куыд фехъусын кодта, афтæмæй фæрæзтæ самал кæндзæн уæлæмхас трансформаторон дæлстанц Бехъмары хъæуы сæвæрынæн.

Бехъмары хъæуы цæрæг Шавердаты Виктор банысан кодта, зæгъгæ, иуæй-иу арендатортæ нæ бакусынц, цы зæххы фадгуытæ сын рахицæн кодтой, уыдоны, уымæ гæсгæ хуым кæнынæн бæзгæ зæххытæ къутæрты бын кæнынц. Хуым кæнынæн бæзгæ зæххыты бакусынæн хъæуы калмдзалх техникæ, уымæн æмæ цæлхджын техникæйæн йæ бон нæу, куыст чи нал цæуынц,  уыцы хуым-зæххыты хуымгæнæн куыстытæ æххæст кæнын. Хъæууон администрацийы сæргълæууæг бахатыд, цæмæй сын рахицæн æрцæуа трактор «Беларусь» хуымзæххытæ кусынæн. Афтæ ма Шавердайы фырт банысан кодта, зæгъгæ, хуымзæххыты дих кæнын хъæуы категоритыл æмæ арендон фиддонты фидын хъæуы категоритæм гæсгæ. Арендатортæн тауинæгтæ рæстæгыл лæвæрд нæ цæуынц, уыимæ сæ æргътæ вæййынц фылдæр,  бынæттон базæртты æркæнгæ хъæууонхæдзарадон продукцийы нæй æлхæнæг, афтæ ма сын фадат нæй се ‘фснайынæн дæр. Шавердаты Виктор ма уæлдай тыхстдзинад равдыста уый тыххæй, зæгъгæ, цæрджытæй 30-50 азмæ кары адæймæгтæй бирæтæ ныххæцыдысты нозткæныныл, куыстмæ сæ къух нал тасы æмæ уыимæ та хъæуы тох кæнын, алкоголон нуазинæгты уæй кæныны хъуыддаг фæкъаддæр хъæуы.

Фæсивæды номæй Хъотайты Димитр бахатыд, цæмæй сæндидза интернеты бастдзинад æмæ арæзт æрцæуа фæсивæдæн спортивон зал президентон программæмæ гæсгæ.

Банысангонд проблемæтимæ иумæ ма бузныджы ныхæстæ загъта Хъорнисы хъæууон амбулаторийы сæргълæууæг Дудайты Г. Медсанхайы бæстыхай кæй сцалцæг чындæуыд, уый тыххæй æмæ ма уыцыиу рæстæджы бахатыд, цæмæй фæрæзтæ ссардæуа медсанхайы территори схæрзарæзт кæныны тыххæй.

Цæрджытæй бирæтæ бахатыдысты ахæм куырдиатимæ, цæмæй баххуыс кæной æвæрæз бинонтæ Медойты Миридæ æмæ Томайты Дунийæн зымæгмæ сугтæ самал кæныны, афтæ ма материалон æххуыс бачындæуа Чехойты Юрийы бирæсывæллонджын бинонтæн.

Фембæлды Знауыры районы сæргълæууæджы хæдивæг Гатыгкоты В.  байхъуыста фембæлды раныхасгæнджытæм æмæ Хъорнисы хъæууон администрацийы хъæуты цæрджытæн ныфс бавæрдта, 2017 азы районы администраци æппæт хъæуæг мадзæлттæ дæр кæй райсдзæн банысангонд проблемæтæ  аскъуыддзаг кæныны фæдыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.