Фæдзæхстытæ, фæндиæгтæ æмæ арфæтæ ног сæвзæрст Парламенты депутаттæн

Сæрысуангæй арфæйы ныхас зæгъӕм РХИ-йы ног, VIII æрсидты          Парламенты депутаттæн. Егъау фыдæбæтты фæстæ уæ бæллиц сæххæст. Æвзарджытæй та чи куыд æмбæрста депутаты куысты нысан æмæ хæс, афтæ сæ алкæцы дæр йæ фæндон нæ бахæлæг кодта нæ рухс сомбоныл хъуыдыгæнджытæн æмæ уын зæрдиагæй зæгъæм – фæндараст!

Хистæр фæлтæр æй хорз хъуыды кæны, 1990 азтæм депутатæй суæвыны бар кæй уыдис ахуыргондæй хъугдуцæгмæ дæр, уымæн æмæ махæн, Автономон областæн, нæ уыдис нæхи сæрмагонд Конституци. Куыстам Гуырдзыстоны Конституцион закъæттæй, æмæ уæд депутатæй æвзæрстой куысты раззагондæрты. Депутатты номхыгъдтæ дæр арæзтой разамонджыты уынаффæйæ!

Абон та РХИ-йы Парламенты депутаттæй домдæуы, хæдбар паддзахады Конституцион закъæттæ исгæйæ, хъуамæ лæмбынæгæй зоной паддзахады уæвæг проблемæтæ, æнкъарой дуджы тæфаг, æхсæнады цæугæ ивындзинæдтæ æмæ сæ раст фæндагмæ здахгæ закъæттыл кусой, уой ахуыр æмæ дзырдарæхст дыууӕ паддзахадон ӕвзагыл дӕр. Абон дæр адæмыл дис æфтауы депутат суæвынмæ тырнджыты нымæц. Æмæ кæд, мыййаг, иуæй-иу кандидаттæн сæ бæллиц уыдис стыр мызд исын, уынаффæтыл фæндонмæ гæсгæ хъæлæс кæнын, æмæ-ма депутатмæ агайæн кæй нæй нæ Конституцимæ гæсгæ, уыцы хъуыды дæр! Афтӕ-ма, депутаттӕм цӕуӕг кандидат фыццаджыдӕр йӕхицӕн хъуамӕ зӕгъа – ӕз мӕ Ирыстонӕн сарӕзтон мӕнӕ ахӕм ӕмӕ ахӕм ахсджиаг хъуыддӕгтӕ.

РХИ-йы Парламенты I-аг æрсидты депутаттæ тох кодтой, уынаффæтæ хастой, закъæттыл куыстой æнæ мыздæй, уазалы, стонгæй, æхсæвыгæтты цырагъы рухсмæ, афтæ-ма æвзонг депутаттæ æхсæвыгæтты акъоппыты знаджы ныхмæ хотыхджынæй лæууыдысты, бон та-иу сесситæм æрбацыдысты.

Къам ПТРК “Ир”-ы архивæй

РХИ-йы Парламенты депутаттæ нæ, фæлæ ма паддзахады алкæцы цæрæг дæр хъуамæ зона I-аг æрсид ты депутаттæ, кæд сæ активондæрты номхыгъд г. Тбилисы метроты ныхæст уыдис, уæддæр æдасæй, хъæбатырæй сарæзтой:

– 1991 азы декабры мæйы 21-æм боны райстой РХИ-йы хæдбардзинады сæраппонд Деклараци;

– 1992 азы январы 19-æм боны ауагътам РХИ-йы паддзахадон хæдбардзинады сæраппонд референдум;

– 1992 азы майы 29-æм боны райстой хъысмæт скъуыддзаггæнæг Акт хæдбардзинады сæраппонд, æппæтадæмон бартæ бахынцгæйæ, хӕдбар паддзахад Республикæ Хуссар Ирыстон саразыны тых-хæй;

– бакуыстой æмæ райстой РХИ-йы арæнты тыххæй Меморандум æмæ æмбæлон фæткыл бахатыдысты УФ Уæлдæр Советмæ, цæмæй Ирыстоны дыууæ хайы ʻхсæн арæн æвæрд ма ʻрцæуа (сæрæй уыдис афтæ!);

– бакуыстой æмæ райстой РХИ-йы 1-аг Конституци, цыран ирон æвзагæн лæвæрд æрцыдис паддзахадон статус;

– бакуыстой æмæ райстой бæстæйы геральдикон символтæ – герб æмæ тырыса (фæстæдæр уыцы герб, хъыгагæн, ивд æрцыдис);

– сарæзтой РХИ-йы паддзахады хицауиуæгады æнæмæнгхъæуæг органтæ;

– хайад райстой РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады сырæзты;

– хайад райстой РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзты;

– активон хайад истой Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийы ныхмæ тохты;

– фæсивæд активон хайад райстой Абхазы ссæрибар кæныны тохты, афтæ-ма Мæхъæлы агрессийы Цæгат Ирыстоны ныхмæ тохты;

– активон хайад райстой Гуырдзыстоны регионтæй ралидзгæ лигъдæттæн цæрæнуæттæ æмæ цæрыны фадæттæ (дзаумайы онг) скæныны хъуыддаджы;

– активонæй архайдтой сывæллæтты, æнахъомты эвакуацийы Цхинвалæй Цæгат Ирыстонмæ, Кавказы æндæр регионтæм;

– Гуырдзыстоны хотыхджын лæбурджыты ныхмæ тохты, афтæ-ма Абхазы ссæрибар кæныны тохты, мæхъæлы агресси Цæгат Ирыстон-Аланийы ныхмæ тохты чи фæсахъат, уыдон Уæрæсейы централон клиникæтæм акæнын хос кæнынмæ (76 адæймаджы, 4 адæймагæн та сарæзтой протезтæ);

– уыцы сахъат адæймæгтæн 1991 азæй – 1993 азмæ гуманитарон æххуыс цыдис куыд хæлцадæй, афтæ-ма стæм хатт дарæсæй дæр (бакодтой сын сæрмагонд магазин дæр);

– Гуырдзыстонимæ информацион хæсты цыды арæзтой эффективон мадзæлттæ: æппæтадæмон æхсæнадыл парахат кодтой РХИ-йы хæдбарады политикон-барадон бындуртæ æппæтадæмон барады цæстæнгасæй; æдзухдæр хатыдысты æппæт паддзахæдты разамонджытæм, цæмæй æруромын кæной Гуырдзыстоны фашизмы архайд; арæзтам мингай адæймæгты скондæй митингтæ, гуырдзиаг тугцъирты, марджыты ныхмæ пикеттæ; бахатыдысты ИНО-мæ, Гуырдзыстон III-аг хатт кæй аразы ирон адæмæн геноцид; куыстой дзыллон информацийы бирæнымæц фæрæзтимæ, диаспоратимæ, Европæ æмæ Америкæйы Иугонд Штаттимæ.

Бафæрсдзыстут, 3 азмæ куыд æмæ цæмæн бантыст æппæт æрхæсгæ хъуыддæгтæ саразын. Уымæн æмæ:    1. Нӕ Парламенты депутаттӕ уы-дысты æвзонг, ахуыр ӕмӕ барон, быхсгӕ ахастыты кӕрӕдзиимӕ. 2. Цух уыдысты ахæм æппæрццаг миниуджытæй: мæнæй лæгдæр нæй, хæлæфдзинадæй, хæлæгдзинадæй, хионизмæй æмæ æндæр ахæм ницæйаг миниуджытæй.

Ацы æппæт æрхæсгæ æппæрццаг миниуджытæ абон та не ʼхсæнады царды сты сæ тæккæ дидинкалды.

Дебатты рæстæджы депутаттæм кандидатæй цæуджытæй иу лæппулæг афтæ загъта: 1-аг æрсидты депутаттæн, æвæццæгæн, исты уæлбартæ (льготатæ) ис, фæлæ сын уæддæр уæлдай бузныг хъæуы зæгъын. Уыцы раст хъуыдыгæнæгæн зæгъæм – уæлбартæ нæ, фæлæ цымӕ искæмæй аргъуц, гъе та тӕрсгӕ кодтой (ацы азы онг!), афтæ-иу 1-аг æрсидты депутатты ӕнтыстытыл нæ фæдзырдтой, фæлæ Уæлдæр Советы депутаттæ, зæгъгæ. Раст у, 1996 азмæ хуындис Уæлдæр Совет, фæлæ мах цы сарæзтам (хъыг макæмæ кæсæд!), уый цыма… Мах куыстам 1993 азмæ. Стæй II æрсидты æвзæрстыты рæстæджы зæронд гварди – коммунисттæ сæ фæнд сæххæст кодтой æмæ 1-аг æрсидты депутаттæй 8 йеддæмæ нал æрцыд æвзæрст (нымæцæй та уыдысты 49!). (Махӕй иуы бӕсты ӕвзӕрст ӕрцыдис Санахъоты Дмитри, ӕмӕ кӕм ис абон? – Тбилисы.) Боныфæстагмæ ма 2022 азы РХИ-йы Парламентыл 32 азы сæххæсты бон махæн ничи раарфæ кодта, фæлæ Уæрæсейы коммунисттæн, ам декабры 9-æм боны – цыт æмæ кад! Æмæ хуыздæр нæ уыдаид, мах дæр семæ куы баиу уыдаиккам, уымæн æмæ уыцы бон уыдис РХИ-йы Парламенты райгуырды бон.

1-аг æрсидты депутаттæн сæ 70 проценты уыдысты национ-сæрибаргæнæн тохы «Адæмон Ныхас»-ы активондæр уæнгтæ. «АН» адарддæр кодта ирон адæмы 1920 азты тох Гуырдзыстоны политикон бандитизмы ныхмæ. «АН»-ы тохы хъæр адæммæ цы бæстыхайæ хъуыст, уым бакæнын хъæуы национ-сæрибаргæнæн тохы Музей. Музейы хъуамæ ӕвдыст ӕрцӕуа, суанг 1749 азæй 2008-æм азмæ, ирон адӕм цы хъизæмар фæндæгтыл рацыдысты, ӕппӕт уыцы ӕрмӕг.

«АН» йæ тох райдыдта ирон мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны нысан æмæ хæсæй. «АН»-ы активон архайдæй хицауад сарæзта ирон æвзаджы райрæзты къамис. Арæзт æрцыд Программæ дæр. Уыцы Программӕйӕ чысыл æрмæг, ома чингуытӕ, мыхуыр дæр æрцыдис. Фæстæдæр, кæд хистæр кары ахуыртæ æртæ æвзагæн дæр домдтой паддзахадон статус радтын (кæс газет «Советон Ирыстон»-ы сентябры 11-æм бон, 1989 аз), уæд 1-аг æрсидты депутаттæ та паддзахадон статусы хицау бакодтой мадӕлон  (ирон) æвзаджы, гуырдзиаг æвзаг – анклавтæн, уырыссаг æвзаг та – æхсæннацион æвзаг (2011 азæй та – паддзахадон!).

Æвзаг у адæмыхатты интеллектуалон рæзты амонæг, нацийы дунеæмбарынад æмæ культурæ æвдисæг, афтæ-ма уыцы адæмыхатты социалон уавæр æмæ психофизиологон здæхт амонæг дæр. Æвзаджы ацы арф æмбарынадӕй нæ фæстæ æрсидтыты депутаттæй æрмæстдæр V-æм æрсидты депутаттæ бакуыстой æртæ ахсджиаг проблемæйыл:

  1. Ирон æвзаджы закъон.

Закъон кусы? – Нæ.

  1. Ахуыртимæ иумæ бакуыстой ирон мыггæгтыл. Æртымбыл сæ кодтой, радтой сын раст формæтæ æртæ вариантæй: ирон – уырыссаг – англисагау. Архайы нæ царды? – Нæ.
  2. Сразæнгард кодтой фæлварæн ирон æвзагæй фæсивæдæн. Равзæрстой 3 чызджы Парламенты документаци тæлмацгæнджытæй. Уыдон райдыдтой кусын, фæлæ VI-æм æрсидты депутаттæ (профессионалтæ!) æрæхгæдтой тæлмацгæнджыты куыст. Мах хъуыды у ахæм: VIII æрсидты депутаттæ РХИ-йы Конституцимæ хъуамæ бахæссой фæлварæн дыууæ паддзахадон æвзагæй дæр (фысгæйæ, дзургæйæ) куыд депутаттæм цæуӕг кандидаттæн, афтæ Министрадты министртæн æмæ æппæт уыцы сферæты кусджытæн дæр, афтӕ ма паддзахады ӕппӕт барадон уагдӕттӕм цӕуӕг кусджытӕн дӕр.

90-ӕм азты ӕнӕрхъуыдыйӕ РХИ-йы ӕппӕт гуманитарон секторы центры арӕзт ӕрцыдис ӕвзӕнгты къахпуртийы фӕзуат (Хуссар Ирыстоны НИИ, №3 аст.скъ., массон информацион уагдӕттӕ ӕ.а.д.). Мах хъуыдымӕ гӕсгӕ, къахпуртийы фӕзуат ахӕссын хъӕуы стадионмӕ. Ацы тыгъдады та саразын хъӕуы Хуссар Ирыстоны цыты, кады интеллигенцийы минӕвӕрттӕн, Джуссойты Нафийы номыл литературон-аивадон музей.

2010 азы РХИ-йы Ахуырады министрад æрыздæхт 1989 азы «Ирон æвзаджы райрæзты» Программæ сног кæнынмæ. Афтæмæй сабидæтты фыццаг хатт райдыдта архайын билингвалон Программæ «Малусæг». «Ирон æвзаджы бахъахъхъæнын æмæ райрæзты» Программæ иттæг активонæй архайдта 2010 азæй 2016 азмæ. Егъау финансон хæрдзты руаджы рухс федтой æхсæнадӕн æнæмæнгхъæуæг 125 чиныджы (Президенттæ Кокойты Эдуард Джабейы фырт, фылдæр Тыбылты Леониды æххуысæй). Программæ 2016 азæй абоны бонмæ нал куыста, фæлæ 2019 азы программæ «Ног фæлтæр»-ы фæлгæтты астæуккаг скъолатæн цæттæ æмæ уагъд æрцыд 25 ахуыргæнæн чиныджы (Президент Бибылты Анатолийы сæрмагонд æххуысæй).

Ныртæккæ Ахуырады министрад Программæмæ ногæй æркаст æмæ нæ ныфс ис нæ Президент Гаглойты Алан фæстæ кæй нæ фæлæудзæн æмæ тагъд рæстæджы хорз æрмæгæй нæ сабидæттæ, не скъолатæ кæй фæхъæздыгдæр уыдзысты.

Чингуыты аразынмæ æмæ рауадзынмæ тырнгæ кæнæм, фæлæ ирон гуманитаримæ цы дисциплинæтæ хауынц, уыдон (Ирыстоны истори, Ирыстоны географи, национ традицитæ, алфæмбылай, технологи æмæ æндæр ахæмтæ) ахуырдзаутæ иронау куы нæ сахуыр кæной, уæд ирон æвзаджы уавæр сомбон мæгуыраудæр уыдзæн. Æппæт ацы дисциплинæтæ ирон нормативон æвзагыл чи амона, уыцы ахуыргæнджытæн та, сæ ахуырдзаутæ æрмæг куыд зоной, уымæ гæсгæ сын саргъ кæнын хъæуы финансон фæрæзтæй бӕлвырд къӕпхӕн (разряд) ратгӕйӕ, ӕмӕ-ма схӕцын хъæуы финансон фӕрӕзтӕй ирон филологийы факультеты студентты стипендитыл. Цæттæдæр абитуриенттæ куы æрбацæуид факультетмæ, уӕд æмбæлон æмвæзадыл сомбоны ахуыргæнджыты, тæлмацгæнджыты, зонадон кусджыты  кадртæ бацӕттӕ кӕниккам. Ӕмӕ уæд алчи дæр йæхи куыд фæнды, афтæ нӕ дзурид, афтæ нӕ фыссид, афтæ нӕ зарид. Цыбырдзырдӕй, бафиппайдзыстӕм уый дӕр, ӕмӕ азы рауагъдӕтты лентӕтыл фыст хъуамӕ цӕуа дыууӕ ӕвзагыл (2024 рауагъдон-выпускник!).

Не ʼвзаг ахӕм уӕззау уавӕры кӕй ис, ууыл фылдæр бандæвта 1990-æм азты Соросы фонды иноагентты архайд. Уæдæ абон махæй алкæйдæр стыр куыст хъæуы, цæмæй Къостайы хуызæг-æвзаг ныккæндæй сисæм æмæ 1924–1927 азты цы æвзаг равзæрстой æмæ æрбиноныг кодтой нæ «сыгъзæрин интеллигенци», уый йæ бынат æрцахса фæстæмæ. Ӕхсӕнад цы конституцион закъӕттӕй архайы, уыдон, царды ауадзыны тыххӕй хъӕуы аразын нӕхи уавӕрты домынӕдтӕм гӕсгӕ. Программӕтӕ нӕхи конституцион закъӕтты бындурыл хъуамӕ цӕуой ист. Уыдон ӕхсӕнады куыд архайдзысты, цавӕр фӕстиуджытӕ сын уа, уыдон тыххӕй та депутат хӕсджын у афӕдз 2 хатты ӕвзарджыты размӕ рахиза хыгъдимӕ.

Ахуыртæ иууылдæр хорз зонынц, зонад кæй у æрдз, æхсæнад æмæ хъуыдыкæнынады райрæзты фæткты тыххæй зонынæдты системæ.

Абон Республикæ Хуссар Ирыстоны зонадмæ тырнæг фæсивæд сты иттæг зын уавæры. Нæй финансон фæрæзтæ, цæмæй арвитæм магистратурæ, аспирантурæ æмæ-ма стажировкæмæ дæр. Афтæмæй, депутаттæм кандидаттæй æрмæстдæр дыууæйæ (Джусойты А.А., Тадтаты Т.В.) уæлæнгай ской кодтой зонадон кадрты тыххӕй.

Парламенты партитæн паддзахад æрвылаз дæр хицæн кæны 12.000.000 сомы. Махмæ гæсгæ партитæ сæ программæтæ цæмæй царды акæной, уый тыххæй сын иу афæдз фæйнæ 1.000.000 сомы дæр у фаг (5 азы та – 5.000.000 сомы). Паддзахад иннæ финансон фæрæзтæ аздахæд ахуырадмæ, зонадмæ,  хъомыладмӕ, телеуынынадмӕ æ.а.д. Зæгъæм, сабидæтты сабитæ дон нуазынц ведратæй. Уыдонӕн алкæцы къорды дæр сæвæрын хъæуы кулертæ. Балхæнын сын хъæуы онгзмæлды (физкультурæйы) ахуырты æрмæджытæ. (Иуæй-иу сабидæттæ та, куыд, зæгъæм, Цъинагары сабидон ӕмæ ма ӕндæртæ дӕр, цалцæг кæнинаг сты). Нæ сомбоныл дзургæйæ, махæй рохуаты зайынц нæ сабитæ, сывæллæттæ, æнахъомтæ сæрибар рæстæг цы хъуамæ аразой, уый. Уæлдайдæр бирæуæладзыгон корпусты цæрæг сывæллæттæ. Уыдонæн сæ хъазæн фæзтæ (корпусы тыргътæ систы гаражтæ!). Сывæллæттæ фылдæр хатт фæхъазынц тротуартыл. Уый та æвзарын кæны тæссагдзинад.

Горæтæн чысыл авналæнтæ кæй ис, уый махæй алчи дæр уыны æмæ æмбары. Рахицæнгæнæн ис иу 10 бынаты. Радтын сæ хъæуы фæрæзджынтæн арендæйы. Уыдон уыцы бынæтты хъуамæ саразой бирæуæладзыг паркингтæ. Алкæцы паркинджы цур та – хӕдтулгӕты санитарон æмæ цалцæггæнæн бынæттæ. Хæдтулгæйы хицау хъуамæ фида паркинджы хицауæн, хицау та – Паддзахадæн. Сывæллæттæн та – хъазæн бынæттæ, паддзахад сын цы хъазæн фæзуæттæ балæвар кодта, уыдон. Афтæмæй сабийы йæ тилифонимæ архайын дæр рӕстӕгмӕ байрох уыдзæн, рæздзæн æнæнизæй, уæнгтæрогæй. Гъе, фæлæ сывæллон æнæ тыргъæй, æдзæллаг бацæуæнты куы цæуа дæлæмæ-уæлæмæ, уæд чи уыдзæнис сомбон? Уæхæдæг фестут дзуаппгæнæг.

Культурæйы фадыджы, телеуынынады куысты уынæм тырнындзинад, фæлæ цы куыст кæнынц, уый æргъад цæмæй кæсæг æмæ хъусæг бамбара, уый тыххæй æрмæгæн хъæуы миниуæгджын анализ. Ахæм кадртæ махмæ нæй. Уæдæ культурæйы министрад ахуырдзауты ʻхсæнæй хъуамæ равзара æмæ сразæнгард кæна аивадиртасджытæ æмæ æндæр ахæм здæхтыты дæснытæ суæвынмæ иу 6 æвзонджы уæддæр. Куыд æмæ кæдæм арвитæм, уыцы фæндæгтæ зынагурæн не сты абоны бон.

РХИ-йы зӕххытӕн сӕ хицау у Паддзахад ӕмӕ интернаты фарсмӕ цы сӕрибар тыгъдад ис, уый та культурӕйы министрады бӕрны бакӕнын хъӕуы (чи фӕнды ма уа йӕ хицау!), цӕмӕй дзы культурон-ахуырадон центр арӕзт ӕрцӕуа.

Арæх фехъусæн ис: дохтыр хос кæны адæймаджы буарæн, зӕрдӕйӕн, хъомылгæнæг, ахуыргæнæг та нацийы удварныл тыхсы ӕмӕ йыл ауды. Уӕдӕ хъус ӕрдарын хъӕуы нæ медицинæйы кусджытæм дӕр. Уыдон 1990 азтæй – 2008 азмæ кусгæйæ цы зындзинæдтæ бавзæрстой, уымæн абон аргъгæнæн дæр нæй. Æрмæстдæр бузныг, бузныг æмæ ноджыдæр бузныг уæ ног курдиатджын министр – Джыккайты Томасимæ.

Кæронбæттæны ма уын ноджыдæр иу хатт арфæ кæнæм, нæ ног æрсидты депутаттæ. Бантысæнт уын нæ ахуырады, зонады, культурæйы, медицинӕйы æмæ æппæт иннæ уагдæтты кусджытæн æмбæлон лæггад бакæнын 5 азы дæргъы. Уый та уæ къухы бафтдзæн æрмæстдæр уӕд ӕмӕ уын куы уа хъæрмуд æмæ æмбаргæ ахастытæ кæрæдзимæ, Ирыстоны рухс сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ, архайгæйæ.

РХИ-йы Парламенты I-аг æрсидты депутаттæ:

Битарти Зойæ,

Уалыты Розæ,

Плиты Беллæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.