Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали уыдысты Кировы скъолайы. Сабыр арвы бын цæрыны æмæ ахуыры æнтыстыты фæндиæгтæ æмæ арфæйы ныхæстæ скъола-дзаутæн загъта паддзахады Сæргълæууæг.

«Абон у бæрæгбон, Хуссар Ирыстоны скъолатæ сæ дуæрттæ гом кæнынц кæстæр фæлтæрæн. Фæнды мæ зæгъон сын, цæмæй сæ ахуырæй барухс кæной сæ ныййарджыты æмæ сæ ахуыргæнджыты зæрдæтæ. Ахуыргæнджытæн та мæ фæнды бузныг зæгъын, сæ рæстæг, сæ удтæ æмæ сæ зонындзинæдтæ кæй не ‘вгъау кæнынц сывæллæттæн, уый тыххæй», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй адæм ма хъуамæ рох кæной, абоны бон ма уæззау цау –  Беслæны трагедиимæ баст кæй у, уый дæр.

«Уыцы бон нæ сывæллæттæ  рæсугъдæй, хæрзкондæй, хъæлдзæгæй, дидинджытимæ цыдысты, цæмæй ахуыр райдыдтаиккой, уый тыххæй. Фæлæ сын нæ бантыст. Знæгтæ нын нæ зæрдæтæм æрхастой маст», – йæ ныхасмæ ма бафтыдта Бибылты Анатоли.

Иу минут æмырæй алæугæйæ ссардтой Бæслæны  1-аг астæуккаг скъолайы фæмардуæвæг сывæл-лæтты рухс нæмттæ.

Дзауы районы администрацийы ахуырады хайады хистæр Битеты Мария ахуыргæнджытæ æмæ ахуыр-дзаутæм дзургæйæ, хъусдард аздæхта, Кировы скъолайы номдзыд фыссæг æмæ ахуыргонд Джусойты Нафи кæй ахуыр кодта, уымæ.

«Уадз, сымах дæр рацæут Нафийы хуызæн зындгонд гоймæгтæ. Абон мах цæрæм ахæм дунейы, цыран æнæ ахуырæй къухы нæ бафтдзысты бæрзонд æнтыстытæ. Ахуыр кæнут хæрзтыл, аргъ æмæ цыт кæнут ахуыргæнджытæн, цæмæй нæ республикæйæн уат фидар ныфс», – банысан кодта Битеты Мария.

Скъоладзаутæн ма раарфæ кодта горæт Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Гæззаты Роберт дæр æмæ сын загъта, хæрзтыл ахуыр кæныны фæндиæгтæ.

Республикæйы Президент скъолайæн балæвар кодта компьютер.

Кировы скъолайы ахуыр кæны 14 ахуыргæнинаджы. Ацы аз сæм нæй фыццагкъласонтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали уыдысты Кировы скъолайы. Сабыр арвы бын цæрыны æмæ ахуыры æнтыстыты фæндиæгтæ æмæ арфæйы ныхæстæ скъоладзаутæн загъта паддзахады Сæргълæууæг.

«Абон у бæрæгбон, Хуссар Ирыс-тоны скъолатæ сæ дуæрттæ гом кæнынц кæстæр фæлтæрæн. Фæнды мæ зæгъон сын, цæмæй сæ ахуырæй барухс кæной сæ ныййарджыты æмæ сæ ахуыргæнджыты зæрдæтæ. Ахуыргæнджытæн та мæ фæнды бузныг зæгъын, сæ рæстæг, сæ удтæ æмæ сæ зонындзинæдтæ кæй не ‘вгъау кæнынц сывæллæттæн, уый тыххæй», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй адæм ма хъуамæ рох кæной, абоны бон ма уæззау цау –  Беслæны трагедиимæ баст кæй у, уый дæр.

«Уыцы бон нæ сывæллæттæ  рæсугъдæй, хæрзкондæй, хъæлдзæгæй, дидинджытимæ цыдысты, цæмæй ахуыр райдыдтаиккой, уый тыххæй. Фæлæ сын нæ бантыст. Знæгтæ нын нæ зæрдæтæм æрхастой маст», – йæ ныхасмæ ма бафтыдта Бибылты Анатоли.

Иу минут æмырæй алæугæйæ ссардтой Бæслæны  1-аг астæуккаг скъолайы фæмардуæвæг сывæл-лæтты рухс нæмттæ.

Дзауы районы администрацийы ахуырады хайады хистæр Битеты Мария ахуыргæнджытæ æмæ ахуыр-дзаутæм дзургæйæ, хъусдард аздæхта, Кировы скъолайы номдзыд фыссæг æмæ ахуыргонд Джусойты Нафи кæй ахуыр кодта, уымæ.

«Уадз, сымах дæр рацæут Нафийы хуызæн зындгонд гоймæгтæ. Абон мах цæрæм ахæм дунейы, цыран æнæ ахуырæй къухы нæ бафтдзысты бæрзонд æнтыстытæ. Ахуыр кæнут хæрзтыл, аргъ æмæ цыт кæнут ахуыргæнджытæн, цæмæй нæ рес-публикæйæн уат фидар ныфс», – банысан кодта Битеты Мария.

Скъоладзаутæн ма раарфæ кодта горæт Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Гæззаты Роберт дæр æмæ сын загъта, хæрзтыл ахуыр кæныны фæндиæгтæ.

Республикæйы Президент скъолайæн балæвар кодта компьютер.

Кировы скъолайы ахуыр кæны 14 ахуыргæнинаджы. Ацы аз сæм нæй фыццагкъласонтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.