Сентябры фыццæгæм бон – цин æмæ хъæлдзæгдзинады бæрæгбон. Уый цинæвдылдæй йедзаг бон у æмæ йыл фæцин кæны алчи дæр. Ацы бонмæ хорз зæрдæйы равгимæ сæхи фæрæвдз кæнынц скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ, æхсæнад.

Зонындзинæдты бон – 1 сентябрь банысан кодтой Цхинвалы районы Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы дæр Бæрæгбонвæлыст у скъолайы актон зал, хъуысынц музыкæйы æхцон зæлтæ, ахуыргæнджыты арфæйы ныхæстæ, скъоладзауты хъæлдзæг цæстæнгас æмæ хъæлæба. Уæдмæ райдыдта мадзал, йæ амонджытæ – хистæркъласонтæ Бæззаты Аланæ æмæ Тегкаты Дауыт бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ загътой, мадзалмæ чи æрбацыд, уыдонæн. Ацы райдзаст райсом у бæрæгбонгъуыз æрмæст зæрин хуры тынты рæвдаугæ æнгасæй нæ, фæлæ кæстæр фæлтæры худгæ цæстæнгасæй дæр. Зæлы зарæг «Æгас цу, скъола»-йы хъæлдзæг мелоди. Уый фæстæ мадзалы хайадисджытæ иу уысм æдзæмæй алæууынæй ссардтой, Беслæны скъолайы теракты фæстиуæгæн чи бабын, уыдоны рухс нæмттæ.

Астæуккаг скъолайы директор Тыбылты Алекси 1 сентябры æрбалæуды тыххæй арфæйы ныхæстæ загъта ахуыргæн-джытæ, сæ скъоладзаутæ æмæ ныййарджытæн. Бафæндыд æй, цæмæй сæ алчи дæр йæ хæстæ æххæст кæна зæрдиагæй. Зонад æмæ ахуырад размæ тынг цæуынц, уымæ гæсгæ нæ кæс-тæртæ хъуамæ кæной царды æмдзу, ма зайой фæстийæ. Уыцы хъуыддаджы стыр хæстæ сæ разы лæууы канд ахуырæн-джытæн нæ, фæлæ ныййарджытæн сæхиуыл дæр æмæ иу-миаг хъарутæй æвналын хъæуы кæстæрты ахуыр-хъомыладон фарстамæ.

Зонындзинæдты боны цытæн ма арфæйы ныхæстæ загътой Таможнæйон комитеты хистæр Цхуырбаты Мурат æмæ скъолайы ахуыры хайы сæргъ-лæууæг Мæргъиты Нелли. Дарддæр хъуысынц зарджыты зæлтæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, ахуыргæнинæгтæ дзурынц скъолайон царды тыххæй æмдзæвгæтæ, ирон кафты цагъдмæ æххæст æрцыд «Хонгæ кафт», азарыдысты зарджытæ «Мæ уарзон ахуыргæнæг», «Нæ ахуыргæнджытæн» æмæ æндæртæ. Сæхи уæлдай активонæй равдыстой Джиоты Миланæ, Альмæ, Бæззаты Альмæ, зарæггæнджыты къорд.

Скъолайы къæсæрæй ацы аз фыццаг хатт чи æрбакъахдзæф кодта, уыцы æртæ ахуыргæнинагæн Парламенты депутат Лохты Мендик балæвар кодта скъолайон хызынтæ æмæ сын сæ радта скъолайы директор Тыбылты Алекси.

Кæронбæттæны хъуысы Гуырдзыбеты Георгийы «Ирон вальс»-ы зæрдæ-мæхъаргæ мелоди, иттæг аив æй сæххæст кодтой ахуыргæнинæгтæ. Хъусыс ын йæ зæлтæм, кæсыс сын се уæнгты айстмæ æмæ циндзинадæй ныррухс адæймаджы зæрдæ, цыма фидæны фæлтæры хоны царды рухс æмæ амондджын тыгъдадмæ.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.