Уый та уæлдай хатт мæ удæй банкъардтон Беслæны, историйы чи баззад, уыцы фыццæгæм сыгъд скъолайы кæрты лæугæйæ. Ахæм уавæры уыдысты, цæст кæуыл не ‘ххæссыд, уыцы адæм дæр. Нæ дзы уыд трибунæтæй уæлвонг ныхæстæ, ныфсæвæрæнтæ… Уымæн æмæ ахæм дудгæбоны фæстæ уыдон иууылдæр уæлдай уыдысты, зæрдæты уыцы хъæдгæмттæ ницыхуызон ныхæстæй сдзæбæх уыдзысты.

Фыдохы мадзæлтты размæ бон республикæйы Сæргълæууæг фæсидт адæммæ:

 «Ацы аз мах æмбæлæм уæззау цауыл – 20 азы рацыд Беслæны фыдбæллæхæй. Ныр 20 азы дæргъы, сентябры фыццаг æртæ боны Ирыстон хъынцъым кæны, мысæм фæмардуæвджыты. Ацы бонты ардæм æрцæуынц бирæ адæмтæ. Фæнды сæ террористон амæттæгты хиуæтты цур æрлæууын, сæ хъыг сын сæхимæ райсын. Беслæн иунæг нæу…

Нæ сæртæ ныллæг уадзæм амынæты бахауæг, фæмардуæвæг сывæллæттæ, хистæртæ, сæрмагонд нысаниуæджы къорды уæнгты, сæ кæстæртæ æнустæм 1-æм скъолайы кæмæн баззадысты, уыцы ныййарджыты раз. Трагедийы амæттæгтæ, рухсаг ут!»

Азфысты фæлмы аныгъуылдысты ссæдз азы. Историйы тугæрхæмæй баззадысты, дунейы адæмты зæрдæтæ чи нынкъуысын кодта, уыцы æртæ боны. Уæд, фыццæгæм сентябры, теракты амæттаг баисты 334 адæймаджы, уыдонæй 186 сывæллæттæ. Æрмæст райдиан кълæстæй  фæмард 100 æввахс, уымæн æмæ сæхи бахъахъхъæнынхъом не сты. 66 бинонтæй фæхъуыд 2 – 6 адæймаджы онг, 17 сабийы баззадысты бынтон сидзæртæй. Фæндзай адæймаджы бæрцы абоны онг дæр æдзух хъæуы дохтырты æххуыс. Историйы æрфыты бирæ дудгæбæттæ æмбæхст ис, фæлæ дзы, æвæццæгæн, дунейыл ацы трагедийæн æмбал нæй.

Фыццæгæм сентябры райсомы фараст сахатыл райдыдтой фыдохы мадзæлттæ. Скъолайæ хъуыст зæрдæхалæн хъарæг æмæ æнкъард музыкæ. Уæд, скъолайы амынæты уæвгæйæ, удæгасæй чи аирвæзт, уыдон рахастой, чи фæмард, уыдоны къамтæ. Уый фæстæ адæм цæуын райдыдтой скъолайы сыгъд залмæ, сæ разæй республикæйы разамынад: Сергей Меняйло, раздæры Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, Рахисфарсы районы сæргълæууæг Фрайты Сослан, УФ-йы Федералон æмбырды федерацийы уынаффæдоны уæнг Мамсыраты Таймураз, Паддзахадон Думæ, дины æмæ æхсæнады минæвæрттæ… Ацы æртæ уæззау боны нæ фарсмæ æрбалæууыдысты сыхаг республикæты разамынад, æрцыдысты Уæрæсейы алы горæттæй, фæсарæнтæй…  Алы бæстæтæй æмæ регионтæй цы журналисттæ æрцыд, уыдонæн се ‘ппæты риутыл дæр, æмзæрдæдзинады охыл, конд уыд табличкæтæ «Беслан, мы с тобой», зæгъгæ. Залы уыцы æдзард сывæллæтты къамтæм кæсгæйæ, йæ цæссыг ничи урæдта. Аргъуаны кусджытæ уагътой дины ракуывд.

Ам федзæрæг дуне, ам нал хъуысы зард…

Мæнæ æрлæууыдтæн Созанаты Мæдинæйы къамы раз. Иуæндæсаздзыд Мæдинæ йе ‘намонды зондджын уыд. Беслæны фыццæгæм скъола хуыздæрыл нымад кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ йæ ныййарджытæ æндæр скъолайæ уырдæм раивтой. Хъуамæ фыццаг хатт бахыздтаид ног скъолайы фæндзæм къласы къæсæрæй. Уыцы райсом æй йæ фыд скъоламæ куы фæцæй кодта, уæд ын сывæллон йæ фын радзырдта, цыма, дам, мæ Людæ (йæ фыды ус) скъоламæ æрбакодта. Уæд, дам, мæ мад (мард уыд) кæцæйдæр фæзынд, мæ къухыл мын фæхæцыд, æмæ мæ мидæмæ бакодта. Фыдæн уыцы ныхæстæй йæ зæрдæ бамæгуыр, фæлæ йын ныфсытæ авæрдта, фынтæ ницы сты, зæгъгæ. Фæлæ йæ теракты рæстæджы уайтагъд бамбæрста, йæ хъæбул кæм агургæ у, уый… Цалдæр боны йын йæ мæрдон буар дæр нал ардта.

Мæнæ мæм къамтæй æнкъардæй ныджджих сты, цæрæнбонты фарастаздзыдæй чи баззад, Тохъмайты уыцы дыууæ фаззоны – Аслан æмæ Сослан. Æз сæ зыдтон сæ удæгасæй. Афтæ æмхуызон уыдысты, æмæ дзы иуы иннæмæй нæ рахицæн кодтаис. Махмæ уый худæг каст, цин сыл кодтам, рæвдыдтам сæ. Фæлæ сæ уыцы дудгæбоны фæстæ сæхи ныййарæг мад дæр нал базыдта. Сæ дзаумæтты бызгъуыртæй сæ ссардтой…

Дарддæр цыдысты фыдохы мадзæлттæ. Ацы бон скъолайы кæрты байгом, цалдæр азы размæ италиаг горæт Сан-Маринойы чи байгом, «Лæппуйы фæдисхъæр», зæгъгæ, уыцы скульптурæйы халдих. Беслæнмæ æрцыд йæ автор, стæй, цырт кæй номыл арæзт æрцыд, уыцы раздæры амынæт Георгий Ильин дæр.

Скъолайы кæрты алфæмбылай æвæрд æрцыдысты, амынæты чи фæмард, уыдоны къамтæм гæсгæ зынгонд нывгæнæг Михаил Чернов цы портреттæ скодта, уыдон.

Скъолайы агъуысты байгом терроризмы профилактикæйы центр «Беслан. Школа № 1». Арæзт дзы æрцыд цалдæр равдысты, уыдоны æхсæн нывгæнæг Цæлыккаты Вадимы куыстытæ, проект «Цветы Беслана». Уым дидинæгджын быдыры «сагъд» ис, цал уды фæхъуыд, уал дидинæджы. Уымæй дарддæр дзы фенæн ис амынæты æмæ сæ ирвæзынгæнджыты дзаумæттæ, сæ къамтæ.

Уыцы бон ма «Беслæны мæдтæ»-йы комитет æмæ журналисттæн уыд пресс-конференци. Изæры та скъолайы кæрты ссыгътой мыдадзын цырæгътæ.

2 æмæ 3 сентябры дарддæр цæудзысты фыдохы мадзæлттæ æрмæст Беслæны нæ, фæлæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй дунейы бирæ рæтты. 3-æм сентябры скъолайы кæртæй «Зæдты уæлмæрдмæ» дины кусджытæ фæмардуæвджыты къамтимæ скæндзысты Дзуары цыд. Уым ракувыны фæстæ фыццаг сахат æмæ фынддæс минутыл арвмæ суадздзысты 334 тымбылæджы. Цæгат Ирыстоны бынмæ æруагътой паддзахадон тырысатæ, ивд æрцыдысты æппæт хиирхæфсæн мадзæлттæ. Скъолаты ахуыр райдайдзæн 4 сентябры. Уый æрмæст æнæаххосæй фæмардуæвæг сывæллæтты æрымысынæн нæу, фæлæ арф хъыг æмæ сын сæ нæмттæ зæрдыл дарынæн. Уыдон æнустæм хаст æрцыдысты дунейы историмæ.

ДЖУСОЙТЫ Нинæ

 

 

 

Джыккайты Шамил

 

ИРЫ  СТЫР  ХЪАРÆГ

(Скъуыддзаг)

Фæцис мæ Ир фыдазарæй фыдвæззæг,

Бындурзылд æмæ царæфтыд фæцис.

Хъæрзы цæфтæй мæ зæрдæйау нæ уæзæг

Йæ удæй ма йын чи сласдзæн æрхъис?

 

Сæркъулæй сисæм, хорз адæм, нæ худтæ, –

Нæ кæнынц арвыл урс цъиутæ пæр-пæр:

Тæхынц дзæнæтмæ сабитæн сæ удтæ,

Кæнынц ма «дон-дон!» артсыгъдæй уæддæр.

 

Нæ гыццыл хуртæ, ныр уыдзæн уæ хъазæн

Дзæнæты цъæх нæуу – ирд æмæ фæлмæн.

Уыдзæн уын фаг йæ сау суадонæй нуазæн,

Йæ дыргъдонæй уын хæрыны бар уыдзæн…

 

Уыраугæ хъуысы дунетыл нæ хъарæг,

Кæнæм сæркъулæй додой æмæ сар,

Уæддæр та зæлдзæн иу афон нæ зарæг,

Нæ хуымты суадздзæн фарны хор æвзар.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.