Цхинвалы уагъд æрцæудзысты Беслæны трагедийы амæттæгты номарæн акци. Ахуырады министрады минæвар Буджиты Замирæ ИА-«Рес»-æн куыд радзырдта, афтæмæй фыдохы акцийы хайад райсдзысты республикæйы хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ, ахуыргæнджытæ,  æхсæнады минæвæрттæ.

«3-æм сентябры Мады Майрæмы аргъуаны цур фæзуаты уыдзæн фыдохы митинг нырыккон историйы иууыл æгъатырдæр трагедийы – Беслæны теракты амæттæгты ном арыны тыххæй. Митинджы фæлгæтты мадзалы хайадисджытæ, иу минут æмырæй алæугæйæ, ссардзысты  фæмардуæвджыты рухс нæмттæ, «Хъынцъымгæнæг зæд»-ы цырты раз сæвæрдзысты дидинджытæ», – загъта Буджиты Замирæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, мысæн акцийы фæлгæтты арвмæ суадздзысты  урс резинæ къоритæ Беслæны скъолайы фæмардуæвæг скъоладзауты мысынæн.

Мысæн акци райдайдзæн 9.15 сахатыл.

Æрвылаз дæр Хуссар Ирыстон æрымысы Беслæны трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ. Алы аз дæр 3-æм сентябры Мады Майрæмы аргъуанмæ скъоладзаутæ æрбахæссынц дидинджытæ æмæ арвмæ суадзынц, теракты амæттæгтæ цал уыдысты, уал – 334 урс къорийы.

Ног ахуыры аз  райдайдзæн 5-æм сентябры. Ахуыры райдайæн цалдæр боны фæфæстæ кæнын у Беслæны трагедийы амæттæгтæ æмæ сæ хæстæджытимæ æмзæрдæдзинады символы нысан.

Зæрдыл æрлæууын кæнынæн 2004 азы 1-æм сентябры Цæгат Ирыстоны горæт Беслæны фыццаг астæуккаг скъолайы террористтæ кæй бацахстой, уый фæстиуæгæн амынæтты нымæц уыд иу мин дыууæсæдæ  адæймаджы. 3-æм сентябры террористты къухæй фæмард 334 адæймаджы, уыдонæй 186 уыдысты сывæллæттæ. Фæсахъатджын сты 126 адæймаджы, уыцы нымæцы 70 сывæллоны.

Ирыстоны 2005 азæй фæстæмæ фыццаг сентябры райдайынц, Беслæны скъолайы теракты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты ном арынæн æртæбонон траурон мадзæлттæ. Фыдохы мадзæлтты бонты адæм скъолайы пырхæнтæм æмæ, фæмардуæвджыты фылдæр хай ныгæд кæм сты, уыцы мемориалон уæлмæрд «Зæдты горæт»-мæ хæссынц дидинджытæ. 2005 азы уыцы уæлмæрды бакондæуыд цырт «Хъынцъымгæнæг бæлас», 2006 азы та амынæттæ сæрибар кæнгæйæ Æдасдзинады федералон службæйы спецназы службæгæнджытæ æмæ Уæлвæткон уавæрты министрады ирвæзынгæнджытæй чи фæмард, уыдонæн мемориал.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.