Адæймагад бирæ хъизæмæрттæ, фыдбылызтæ æмæ хæсты цæхæртæ бавзæрста æмæ абон дæр æвзары. Рæстагон адæймагæн æгъатыр фыдгæнæг æбуалгъ æмæ æнæраст фыдбылызтæ куы бакæны, уæд ын фенцон вæййы, уæд йæ маргæйдзаг хъуыддæгтæй йæ зæрдæ байрайы.

Æгъатыр у ахæм фыдызнаг, нæ тæлфы йæ буары рæстагон адæймаджы туг, уый хъæстæ æмæ маргæйдзаг у. Нæ, фæсмон не ‘ркæны йæ митыл, дарддæр дæр йæ хъавд æмæ тырнындзинад свæййы ахæм хъуыддæгтæ сфæлхатт кæнын.

2004 азы 1 сентябры Беслæны фыццæгæм скъолайы æбуалгъ трагедийы рæзинаг кæстæртæ хъазгæ æмæ мидбылхудгæйæ, хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ згъордтой сæ уарзон скъоламæ, цыдысты, цæмæй та бацин кæной се ‘мбæлттыл. Цыдысты хъæлдзæгæй, æгæрон цины æнкъарæнтимæ, цæмæй фембæлой, ацы аз сын фыццаг хатт ахуыры бæрзæндтæм фæндаг чи хъуамæ байгом кæна, уыцы нырма æнæзонгæ ахуыргæнджытæ-хъомылгæнджытимæ. Нырма абон бакъахдзæф кодтой скъоламæ, фыццаг хатт æрбаддзысты партæтыл, фыццаг хатт кæсдзысты æмæ хъусдзысты сæ фыццаг ахуыргæнæджы рæвдаугæ дзыхыныхасмæ.

Хистæркъласонтæ цалдæр азы ахуыр кæнынц сæ уарзон скъолайы, зонынц сæ ахуыргæнджыты æмæ сты уæндондæр, сæ хъæлдзæг худтмæ æндæрты зæрдæ дæр райы æмæ рухс кæны. Къад-дæр нæу, уыцы бон скъолайы къæсæрæй чи бахызт, сомбоны стыр ныфсытæ кæмæй æвæрынц, адæмон хæдзарады хицæн æмæ хицæн къабæзты намысджынæй чи хъуамæ фæллой кодтаид, уыцы ахуыргæнинæгты ныййарджытæн дæр. Худтысты, цин кодтой сæ хъæбулты аив æмæ æнæхин цæсгæмттæм кæсгæйæ, æвæрдтой сæ стыр ныфс сæхицæн дæр æмæ уарзон Ирыстоны хæрзиуæгæн дæр.

Фæлæ уыцы циндзинад бакæнын нал баци сæ бон. Уый знаджы, фыдгулы сау фæнд нал бауагъта ауадзын. Æвиппайд сау мигътæ æрбатыгуыр сты, амбæрзтой цъæх арв æмæ æрцыд, дунейы истори кæй нæма зыдта, ахæм æбуалгъ трагеди. Æгæрон фыдракæнд æрцыд Ирыстоны зæххыл.

Кæуы æмæ марой кæны Ирыстон йе сæфт хъæбултыл. Кæуы æмæ æрдиаг кæны ныййарæджы зæр-дæ. Дурзæрдæйæ ныхъхъуыста фыды уарзæгой уд сау зæхмæ, не ‘ппары цæссыг, уымæн æмæ уый фырмæстæй басур уæнгты. Бес-лæн, æгæрон у дæ хъизæмар, дæ утæхсæн, дæ рыст. Сау цæссыг дыл калы æгас Ирыстон, риссы дыл дунейы рæстагон дзыллæ. Нæ, макуыуал фен ахæм æгæрон маст, макуыуал басудз ахæм фыдбылызы цæхæры. Дæ фарсмæ ис Ирыс-тон, дæ рис дын æмбары рæстагон дзыллæ. Беслæн, ахæм фыдракæндæй нырæй фæстæмæ хызт у. Хызт дзы уæнт сабыруарзаг дзыллæтæ дæр.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.